Иов 4:1—21

4  Уӕд дзурын райдыдта феманаг Елифаз+ ӕмӕ загъта:   «Исчи дын исты зӕгъын куы бауӕнда, уӕд дӕм хъыг фӕкӕсдзӕн?Фӕлӕ чи бауромдзӕн йӕхи, ӕнӕсдзургӕ чи фӕлӕудзӕн?   Ды бирӕтӕн амыдтай зонд+,Йӕ къухты хъару кӕмӕн нал уыд, уыдоны-иу хъарутӕ бауагътай+.   Чи фӕцудыдта, уыдоны-иу ныхасӕй сӕ къахыл слӕууын кодтай+,Йӕ уӕрджытӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ сты, уыдоны-иу бафидар кодтай+.   Фӕлӕ ныр уыдӕттӕ дӕхӕдӕг ӕвзарыс, ӕмӕ дӕ бон нал у,Дӕхи сӕр сӕ баййӕфта, ӕмӕ ӕнцой нал арыс.   Хуыцауӕй кӕй тӕрсыс, уымӕй хъуамӕ ма уай ныфсджын?Рӕстӕй кӕй цӕрыс*+, дӕ ныфс уый хъуамӕ ма уа?   Дӕ хорзӕхӕй, ахъуыды-ма кӕн: искуы уыд афтӕ, ӕмӕ ӕнаххос адӕймаг фесӕфа?Искуы уыд афтӕ, ӕмӕ рӕстзӕрдӕ+ адӕм фӕцагъды уой?   Ӕз цы федтон, уымӕ гӕсгӕ, фыдвӕндтӕ чи кӕныӔмӕ фыдбылыз чи тауы, уыдон, цы байтауынц, уый ӕркӕрдынц+.   Хуыцауы улӕфтӕй фесӕфынц,Йӕ судзгӕ мастӕй сӕ кӕрон ӕрцӕуы. 10  Домбай ныббогъ кӕны, домбайы лӕппынӕн йӕ хъӕлӕс райхъуысы,Фӕлӕ ӕвзонг домбӕйттӕн дӕр асӕттынц сӕ дӕндӕгтӕ. 11  Домбайӕн, цы ӕрцахса, уый куы нӕ вӕййы, уӕд йӕ мӕлӕт ӕрцӕуы,Ӕмӕ домбайы лӕппынтӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн вӕййынц. 12  Ӕз сусӕгӕй фехъуыстон ныхас,Мӕ хъус ацахста йӕ сыбар-сыбур+, 13  Ӕхсӕвы цӕстылуайӕнты тыххӕй мын мӕ хъуыдытӕ ӕнцой куы нӕ лӕвӕрдтой,Адӕм тарф фынӕй куы бавӕййынц, уӕд. 14  Тас мӕ бацыд, иууылдӕр барызтӕн,Ме стджытӕ иууылдӕр фыртӕссӕй адон сты. 15  Мӕ рӕзты цыдӕр* ахызт,Ӕмӕ мӕ хъуын арц слӕууыд. 16  Уый ӕрлӕууыд,Фӕлӕ, чи у, уый нӕ базыдтон.Мӕ разы кӕйдӕр уыдтон.Бӕстӕ уыд сабыр, ӕмӕ уӕд фехъуыстон хъӕлӕс: 17  „Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ сыджытӕй конд адӕймаг Хуыцауӕй растдӕр уа,Зӕххон адӕймаг – йе Скӕнӕгӕй сыгъдӕгдӕр?“ 18  Уый йӕ лӕггадгӕнджытыл дӕр куы не ’ууӕнды,Йӕ минӕвӕрттӕм* дӕр фаутӕ куы ’рхӕссы. 19  Ӕмӕ уӕд, ӕлыг хӕдзӕртты чи цӕры, уыдонмӕ фау куыд не ’рхӕсдзӕн,Сӕ бындур сыджыт кӕмӕн у, уыдонмӕ!+Рӕмпӕг куыд ныцъцъӕл кӕнай, уымӕй тагъддӕр сӕ ис ныцъцъӕл кӕнӕн. 20  Райсомӕй изӕрмӕ ныппырх вӕййынц,Ӕнустӕм куыд фесӕфынц, уый хъуыды дӕр ничи ’ркӕны. 21  Цатырӕн йӕ бӕттӕн куыд раласай, афтӕ сӕ бӕттӕн ласт ӕрцӕуы.Зонд сӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй фесӕфынц.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. тексты цы дзырд ис (том), уый нысан кӕны хӕрзӕгъдау, ӕфсармджын, ӕнаипп, зӕрдӕйӕ ӕнӕхъӕн.
Кӕнӕ «ӕнӕуынгӕ тых»; дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «йӕ зӕдтӕм».