Иов 40:1—24
40 Йегъовӕ Иовимӕ дарддӕр ныхас кодта ӕмӕ загъта:
2 «Ау, адӕймаг Ӕппӕтхъомысджын Хуыцаумӕ+ хъуамӕ фаутӕ хӕсса ӕмӕ йемӕ быцӕу кӕна?Хуыцауӕн уайдзӕфтӕ чи кӕны, уый йӕхӕдӕг дзуапп раттӕд»+.
3 Уӕд Иов Йегъовӕйӕн загъта:
4 «Ӕз ницы дӕн.Цы дын хъуамӕ зӕгъон?+Мӕ къух мӕ дзыхыл ӕвӕрын+.
5 Иу хатт загътон, ӕмӕ ма цы дзуапп раттон?Дыууӕ хатты цы загътон, уымӕ ма цы бафтауон?»
6 Ӕмӕ Йегъовӕ Иовӕн тыхдымгӕйы+ астӕуӕй загъта:
7 «Тыхджын лӕгау-ма дӕ астӕу ӕрбалвас+.Ӕз дӕ фӕрсдзынӕн, ды та мын дзуапп дӕтт+.
8 Ау, мӕ рӕстдзинад дӕ цӕсты ницы у?Мӕн аххосджыныл банымайдзынӕ, цӕмӕй дӕхӕдӕг раст разынай?+
9 Ӕви дӕ цонг ӕцӕг Хуыцауы цонджы хуызӕн у?+Уымӕн йӕ хъӕлӕс куыд ныннӕры, дӕ хъӕлӕс дӕр афтӕ ныннӕрдзӕн?+
10 Уӕд дӕхи срӕсугъд кӕн хъомыс+ ӕмӕ цытӕй+,Дӕхи сфӕлынд кад+ ӕмӕ намысы+.
11 Дӕ масты судзгӕ цӕхӕртӕ фӕйнӕрдӕм тӕхӕнт+.Сӕрбӕрзонд чи у, уыдонмӕ де ’ргом раздах ӕмӕ сӕ ӕгады бынатмӕ ӕрӕппар.
12 Сӕрбӕрзонд чи у, уыдонмӕ де ’ргом раздах ӕмӕ сӕ фӕхудинаг кӕн+,Фыдгӕнджыты сӕ бынӕтты ныссӕнд.
13 Се ’ппӕты дӕр зӕххы бамбӕхс+,Талынг ран сын сӕ цӕсгӕмттӕ бамбӕрз.
14 Ӕмӕ дӕ уӕд ӕз мӕхӕдӕг раппӕлдзынӕн,Уымӕн ӕмӕ дӕ рахиз къухӕн йӕ бон у, ӕмӕ дӕ ирвӕзын кӕна.
15 Бегемоты дӕр ӕз сфӕлдыстон, дӕу куыд сфӕлдыстон, афтӕ.Уый дӕр галау хӕры цъӕх кӕрдӕг+.
16 Уымӕн йӕ тых ис йӕ синты,Йе стыр хъару+ – йӕ гуыбыны нуӕртты.
17 Йӕ къӕдзил кедрау ӕркъӕдз кӕны.Йӕ синты нуӕрттӕ сты кӕрӕдзийыл быд.
18 Йе стджытӕ сты ӕрхуы хӕтӕлтӕ,Йӕ фидар стджытӕ – ӕфсӕйнаг лӕдзджытӕ.
19 Хуыцау фыццаг уый сфӕлдыста,Ӕрмӕстдӕр ӕм йе Сфӕлдисӕджы+ бон у йӕ хъамаимӕ хӕстӕг бацӕуын.
20 Хӕхтӕ йӕм ӕрбахӕссынц сӕ тыллӕг+Ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ иууылдӕр уым фӕхъазынц.
21 Уый ӕрхуыссы сындзкъутӕры* бын,Ӕмбӕхст ран хъӕзты+ ’хсӕн, цъымарайы+.
22 Сындзкъутӕртӕ йӕ сӕ аууоны ӕмбӕхсынц,Дӕлвӕзы гӕдыбӕлӕстӕ йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты.
23 Цӕугӕдон куы сызнӕт вӕййы, уӕд фыртӕссӕй лидзынмӕ нӕ фӕвӕййы.Иорданы+ дон раивылӕд ӕмӕ йыл йӕхи ныццӕвӕд – уӕддӕр уыдзӕн сабыр.
24 Кӕй бон у, ӕмӕ йӕм комкоммӕ бацӕуа ӕмӕ йӕ ӕрцахса?Кӕй бон у, ӕмӕ йӕ ӕрцахса ӕмӕ йын йӕ фындз ахуынкъ кӕна?
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «лотосбӕласы». Кӕс 22 ст. дӕр.