Иов 42:1—17
42 Уӕд Иов Йегъовӕйӕн загъта:
2 «Ныр ӕй зонын, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр кӕй у+,Ӕмӕ ахӕмӕй ницы ис, дӕу цы бафӕнда ӕмӕ дӕ бон цы нӕ уа саразын+.
3 Ды загътай: „Уый мын чи зыгъуыммӕ кӕны мӕ фӕнд ӕнӕмбаргӕ ныхӕстӕй?“+Ӕз дзырдтон, фӕлӕ не ’мбӕрстон,Мӕ зонд кӕуыл не ’ххӕссы, кӕй нӕ зонын, уыцы диссаджы хъуыддӕгтӕ+.
4 Ды загътай: „Дӕ хорзӕхӕй, байхъус, цы дзурдзынӕн, уымӕ.Ӕз дӕ фӕрсдзынӕн, ды та мын дзуапп дӕтт“+.
5 Ӕз дын дӕ кой хъуыстон,Фӕлӕ дӕ ныр уынын мӕхи цӕстӕй.
6 Ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ фӕстӕмӕ исын,Фӕсмон кӕнын+, рыг ӕмӕ фӕнычы бадын».
7 Йегъовӕ Иовимӕ йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Йегъовӕ феманаг Елифазӕн загъта:«Дӕумӕ ӕмӕ дӕ дыууӕ ӕмбалмӕ+ мӕ маст ссыгъд, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн тыххӕй мӕ лӕггадгӕнӕг Иовау, раст цы у, уый нӕ дзырдтат+.
8 Ӕмӕ ныр ракӕнут авд галы ӕмӕ авд фыры+, ацӕут мӕ лӕггадгӕнӕг Иовмӕ+ ӕмӕ уӕхи тыххӕй судзинаг нывонд ӕрхӕссут. Ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Иов сымах тыххӕй скувдзӕн+. Ӕрмӕстдӕр уый куывд фехъусдзынӕн, цӕмӕй уӕ уе ’нӕзонддзинады тыххӕй ма фӕхудинаг кӕнон, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн тыххӕй мӕ лӕггадгӕнӕг Иовау, раст цы у, уый нӕ дзырдтат»+.
9 Уӕд феманаг Елифаз, шуахаг Вилдад ӕмӕ наамитаг Софар ацыдысты ӕмӕ бакодтой, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ Иовы куывд фехъуыста.
10 Ӕмӕ Иов йе ’мбӕлтты тыххӕй куы скуывта+, уӕд ӕй Йегъовӕ йӕ бӕллӕхтӕй фервӕзын кодта+, ӕмӕ йын Йегъовӕ, уый размӕ йӕм цы уыд, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр радта+.
11 Ӕмӕ йӕм йе ’ппӕт ӕфсымӕртӕ, йе ’ппӕт хотӕ, стӕй йӕ чи зыдта, уыдон иууылдӕр цӕуын байдыдтой+. Йӕ хӕдзары иумӕ минас кодтой+, ныфсытӕ йын ӕвӕрдтой ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ сабыр кодтой, Йегъовӕ йыл цы бӕллӕхтӕ бауагъта ӕрцӕуын, уыдоны фӕстӕ. Ӕмӕ йын дзы алчидӕр балӕвар кодта ӕхца ӕмӕ сызгъӕрин хъусцӕг.
12 Йегъовӕ Иовӕн фӕстагмӕ йӕ раздӕры бонтӕй+ ноджы тынгдӕр раарфӕ кодта+, ӕмӕ йӕм фӕзынд цыппӕрдӕс мин фысы, ӕхсӕз мин теуайы, дыууӕ мин* галы ӕмӕ иу мин сыл хӕрӕджы.
13 Стӕй йын райгуырд авд фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы+.
14 Хистӕр чызджы схуыдта Емимӕ, астӕуккаджы – Кассийӕ, кӕстӕры та – Керенгаппух.
15 Ӕнӕхъӕн бӕстӕйы Иовы чызджытӕй рӕсугъддӕр сылгоймӕгтӕ нӕ уыди. Ӕмӕ сын сӕ фыд се ’фсымӕртимӕ иумӕ радта бынтӕ+.
16 Иов ма уый фӕстӕ фӕцард сӕдӕ цыппор азы+ ӕмӕ федта йӕ фыртты ӕмӕ йӕ фыртты фыртты+ суанг цыппӕрӕм фӕлтӕры онг.
17 Ӕмӕ амард Иов зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «иу мин цӕды».