Иов 7:1—21
7 Адӕймагмӕ зӕххыл уӕззау фыдӕбон* не ’нхъӕлмӕ кӕсы?+Йӕ царды бонтӕ ӕххуырст кусӕджы царды бонты хуызӕн не сты?+
2 Цагъарау бӕллы аууонмӕ+,Ӕххуырст кусӕгау ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ мыздмӕ+.
3 Мӕ хай баисты ӕнӕпайда мӕйтӕ+,Ӕрхауди мӕм фыдӕхсӕвтӕ+.
4 Куы схуыссын, уӕд фӕзӕгъын: «Кӕд та сбон уыдзӕн ӕмӕ кӕд сыстдзынӕн?»+Ӕхсӕв куы ныддаргъ вӕййы, уӕд суанг боныцъӕхтӕм мӕхицӕн ӕнцой нал фӕарын.
5 Мӕ буар нал зыны лыстӕг кӕлмытӕй+ ӕмӕ цъыфы къуыбӕрттӕй+.Мӕ царм схӕлмӕгтӕ ӕмӕ ӕмбийы+.
6 Тынуафӕг куыд тагъд фӕкусы, уымӕй тагъддӕр тӕхынц мӕ бонтӕ+,Сӕ кӕрон ӕрцӕуы ӕмӕ ныфсы цъыртт никӕцӕй зыны+.
7 О Хуыцау, ӕрхъуыды-ма кӕн, мӕ цард дымгӕйӕ уӕлдай кӕй нӕу+,Мӕ цӕст хорзӕй кӕй никуыуал ницы фендзӕн.
8 Чи мӕ уыны, уый цӕст мӕ нал фендзӕн,Ӕрбакӕсдзынӕ мӕм, фӕлӕ ӕз нал уыдзынӕн+.
9 Мигъы къуымбил апырх вӕййы ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы,Афтӕ, ингӕнмӕ* чи ныххиза, уый уырдыгӕй нал рацӕудзӕн+.
10 Уый йӕ хӕдзармӕ нал ӕрбаздӕхдзӕн,Йӕ райгуырӕн бӕстӕйы йӕ адӕм ферох кӕндзысты+.
11 Уӕдӕ ӕз ӕнӕдзургӕйӕ нӕ лӕудзынӕн,Мӕ фыртыхстӕй дзурдзынӕн,Мӕ рыстзӕрдӕйӕ мӕ сагъӕстӕ кӕндзынӕн!+
12 Ау, денджыз кӕнӕ стыр денджызон цӕрӕгой дӕн,Цӕмӕй мын хъахъхъӕнӕг сӕвӕрай?+
13 Афтӕ куы фӕзӕгъын, мӕ хуыссӕн мӕ ӕрсабыр кӕндзӕн,Мӕ сынтӕг мын мӕ маст фӕрогдӕр кӕндзӕн, зӕгъгӕ,
14 Уӕд мӕ алыхуызон фынтӕй стӕрсын кӕныс,Цӕстылуайӕнтӕй мӕ тас бауадзыс.
15 Ӕмӕ уӕд фӕзӕгъын, фӕлтау фӕхуыдуг у,Ме стджытӕм кӕсыны бӕсты мӕлӕт+ хуыздӕр.
16 Цард мын сӕнад+, ӕнустӕм цӕрын дӕр мӕ нӕ фӕнды.Ныууадз мӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ царды бонтӕ комулӕфтӕй уӕлдай не сты+.
17 Цы у зӕххон адӕймаг+, ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнайӔмӕ йӕм де ’ргом здахай,
18 Алы райсом ӕм дӕ хъус дарайӔмӕ йӕ алы къахдзӕфыл дӕр фӕлварай?+
19 Дӕ цӕстӕнгас мӕ иуварс цӕуылнӕ аздахыс?+Мӕ ту аныхъуырын мӕ уӕддӕр бауадз.
20 Кӕд тӕригъӕд ракодтон, уӕддӕр ӕвзӕрӕй цы сарӕзтон дӕуӕн – адӕммӕ йӕ цӕст Чи дары, уымӕн?+Мӕнмӕ цӕмӕн ныхъхъавыдтӕ, цӕмӕн дын сдӕн уаргъ?
21 Мӕ фыдракӕнд мын цӕуылнӕ ныххатыр кӕныс+,Мӕ рӕдыд мын цӕуылнӕ ферох кӕныс?Ӕз тагъд мӕ сыджыты+ хайыл сӕмбӕлдзынӕн.Ӕмӕ ма мӕ агурдзынӕ, фӕлӕ ӕз нал уыдзынӕн».