Иоил 3:1—21

3  «Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕг+, Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕй уацары чи уыд, уыдоны фӕстӕмӕ куы ’ркӕнон, уӕд+,  ӕппӕт адӕмты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+ ӕмӕ сӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕркӕндзынӕн+. Тӕрхоны сӕ ныхмӕ ӕрлӕудзынӕн мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бынтӕ Израилы тыххӕй+ – адӕмты ’хсӕн сӕ кӕй ныппырх кодтой, уый тыххӕй. Мӕ зӕхх мын сӕ кӕрӕдзийыл байуӕрстой+.  Мӕ адӕмыл мын хӕлттӕ+ ӕппӕрстой, лӕппуты хӕтаг сылгоймӕгтыл ивтой+, чызджыты сӕныл уӕй кодтой, цӕмӕй стӕй нызтаиккой.  Тир, Сидон+ ӕмӕ Филистийы+ бӕстӕ, куыд уӕндут мӕнӕн афтӕтӕ кӕнын? Истӕй тыххӕй мӕ уӕ маст исут? Ӕмӕ мын кӕд афтӕ кӕнут, уӕд уын ӕз дӕр тынг тагъд уӕхи митӕ бакӕндзынӕн+.  Ме ’взист ӕмӕ мын мӕ сызгъӕрин кӕй ахастат+ ӕмӕ мын мӕ хӕзнатӕ уӕ кувӕндӕтты кӕй сӕвӕрдтат+,  Иудӕйы фыртты ӕмӕ Иерусалимы фыртты грекъӕгтӕн+ кӕй ауӕй кодтат+ ӕмӕ сӕ сӕ зӕххӕй хауӕггаг кӕй фӕкодтат+,  уый тыххӕй сӕ ӕз, кӕдӕм сӕ ауӕй кодтат+, уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн. Сымахӕн та афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ фыдмитӕ уӕхиуыл ӕрцӕудзысты+.  Уӕ фыртты ӕмӕ уын уӕ чызджыты Иудӕйы фырттӕн ауӕй кӕндзынӕн+, уыдон та сӕ ауӕй кӕндзысты савӕйӕгтӕн+, дардбӕстаг адӕмӕн+, уымӕн ӕмӕ уый загъта Йегъовӕ.  Фехъусын кӕнут адӕмтӕн+: „Уӕхи хӕстмӕ ӕрцӕттӕ кӕнут! Тыхджынты райхъал кӕнут!+ Хӕстӕг ӕрбацӕуӕнт! Рацӕуӕнт тохы лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр!+ 10  Уӕ гутӕттӕй саразут хъаматӕ, уе ’хсӕдӕн хӕсгӕрдтӕй+ – ӕрцытӕ. Лӕмӕгъ чи у, уый зӕгъӕд: „Ӕз тыхджын дӕн!“+ 11  Сыхаг адӕмтӕ, уе ’ппӕт дӕр ӕрцӕут+ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕнут, иумӕ ӕрӕмбырд ут“»+. О Йегъовӕ, уырдӕм ӕркӕн дӕ тыхджынты+. 12  «Адӕмтӕ райхъал уӕнт ӕмӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕрцӕуӕнт+, уымӕн ӕмӕ уым ӕрбаддзынӕн ӕмӕ тӕрхон кӕндзынӕн хӕстӕг цӕрӕг адӕмтӕн се ’ппӕтӕн дӕр+. 13  Ӕхсырф райсут+, уымӕн ӕмӕ тыллӕг сцӕттӕ+. Ӕрцӕут, уымӕн ӕмӕ сӕндуцӕн байдзаг+. Сӕн кӕдӕм кӕлы, уыцы мигӕнӕнтӕ сӕ былтӕй кӕлынц, уымӕн ӕмӕ бӕстӕ байдзаг уыцы адӕмты фыдхъуыддӕгтӕй+. 14  Дуне адӕм, дуне адӕм тӕрхоны дӕлвӕзы+, уымӕн ӕмӕ хӕстӕг у, Йегъовӕ уыцы дӕлвӕзы цы бон тӕрхон кӕндзӕн, уыцы бон+. 15  Хур ӕмӕ мӕй баталынг уыдзысты, ӕмӕ стъалытӕ нал ӕрттивдзысты+. 16  Йегъовӕ Сионӕй домбайау ныббогъ кӕндзӕн, Иерусалимӕй ныхъхъӕр кӕндзӕн+. Ӕмӕ арв ӕмӕ зӕхх базмӕлдзысты+, фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕн се ’мбӕхсӕн+ ӕмӕ Израилы фырттӕн – сӕ фидар мӕсыг+. 17  Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+, ӕмӕ Сионы хохыл, мӕ сыгъдӕг хохыл, кӕй цӕрын+. Иерусалим суыдзӕн сыгъдӕг бынат+ ӕмӕ дзы ӕцӕгӕлонӕн йӕ къах дӕр нал уыдзӕн+. 18  Ӕмӕ уыцы бон хӕхтӕй тӕдздзӕн адджын сӕн+, къуыбыртыл кӕлдзӕн ӕхсыр ӕмӕ Иудӕйы цӕугӕдӕттӕ донӕй байдзаг уыдзысты. Йегъовӕйы хӕдзарӕй ракӕлдзӕн суадон+ ӕмӕ Акъацибӕлӕсты дӕлвӕз донӕй ӕфсаддзӕн+. 19  Египет та суыдзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ+ ӕмӕ Едом – ӕдзӕрӕг быдыр+, Иудӕйы фырттӕн фыдмитӕ кӕй фӕкодтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос туг кӕй калдтой, уый тыххӕй+. 20  Фӕлӕ Иудӕйы ӕнустӕм уыдзӕн цӕрджытӕ+, ӕмӕ Иерусалимы дӕр – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. 21  Ӕз сӕ* ӕнаххосыл банымайдзынӕн, кӕд сӕ раздӕр нӕ нымадтон ӕнаххосыл, уӕддӕр+. Ӕмӕ Йегъовӕ цӕрдзӕн Сионыл»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «сӕ туг».