Ионӕ 3:1—10

3  Уӕд Йегъовӕ Ионӕйӕн дыккаг хатт загъта+:  «Сыст, ацу стыр горӕт Ниневимӕ ӕмӕ сын фехъусын кӕн+, ӕз дын цы дзурын, уый».  Уӕд Ионӕ сыстад ӕмӕ Ниневимӕ ацыд, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ+. Ниневи та Хуыцауы цӕсты стыр горӕт уыд+, кӕрӕй-кӕронмӕ уыди ӕртӕ боны цыд.  Ӕппынфӕстаг Ионӕ горӕтмӕ бацыд, иу боны фӕндаг дзы рацыд ӕмӕ адӕмӕн хъусын кодта: «Цыппор боны ма, ӕмӕ Ниневи пырх ӕрцӕудзӕн»+.  Ӕмӕ Ниневийы цӕрджытӕ Хуыцауыл баууӕндыдысты+, ӕмӕ хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, стырӕй-чысылӕй ком дарын райдыдтой+ ӕмӕ сӕ уӕлӕ хъисынтӕ скодтой.  Ниневийы паддзах уыцы хабар куы фехъуыста+, уӕд йӕ паддзахбадӕнӕй сыстад, йӕ паддзахы дарӕс раласта, йӕ уӕлӕ хъисын ӕрӕппӕрста ӕмӕ фӕнычы сбадт+.  Стӕй ма бардзырд дӕр радта, цӕмӕй паддзахы номӕй ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджыты номӕй Ниневийы фехъусын кодтаиккой: «Адӕм дӕр, фос дӕр, стуртӕ дӕр ӕмӕ лыстӕг фос дӕр хӕринаджы хъӕстӕ ма фӕуӕнт. Мацы хӕрӕнт. Суанг дон дӕр ма нуазӕнт+.  Сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ фосыл дӕр хъисын ӕркӕнӕнт, ӕмӕ Хуыцауӕн сӕ тых сӕ бонӕй лӕгъстӕ кӕнӕнт ӕмӕ сӕ алчидӕр йе ’взӕр фӕндагӕй раздӕхӕд+ ӕмӕ, цы фыдхъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон ныууадзӕд.  Кӕд ныл ӕцӕг Хуыцау уыцы бӕллӕх не ’руадзид, кӕд нын фӕтӕригъӕд кӕнид+ ӕмӕ йӕ судзгӕ маст бауромид, ӕмӕ нӕ фесӕфиккам»+. 10  Ӕцӕг Хуыцау сын федта сӕ хъуыддӕгтӕ+, федта, се ’взӕр фӕндагӕй кӕй раздӕхтысты, уый+, ӕмӕ фӕфӕсмон кодта+, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыд, ууыл ӕмӕ сыл ӕй нал ӕруагъта+.

Фиппаинӕгтӕ