Исай 11:1—16

11  Йессейы+ бындзӕфхадӕй рацӕудзӕн къалиу+, йӕ уидӕгтӕй ссӕудзӕн тау+ ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн бирӕ дыргъ+.  Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых*+ – схайджын уыдзӕн зонд+ ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй+, уынаффӕ, хъомыс+ ӕмӕ зонындзинӕдтӕй+ ӕмӕ тӕрсдзӕн Йегъовӕйӕ+.  Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад+. Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф+.  Уый мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон+, зӕххыл цы сабыр* адӕм ис, уыдоны пайдайӕн уайдзӕф кӕндзӕн рӕстӕй. Йӕ дзыхӕй цы лӕдзӕг цӕудзӕн+, уымӕй зӕхх ӕрцӕвдзӕн ӕмӕ йӕ комытӕфӕй фыдгӕнӕджы амардзӕн+.  Йӕ астӕу ӕлвӕст уыдзӕн рӕстдзинадӕй+, йӕ астӕуыл ронау баст уыдзӕн иузӕрдиондзинад+.  Бирӕгъ ӕмӕ-иу уӕрыкк иуцасдӕр уыдзысты иумӕ+, фыранк хуысдзӕн сӕныччы фарсмӕ. Род, ӕвзонг домбай+ ӕмӕ хӕрзхаст фос уыдзысты иумӕ+ ӕмӕ сӕ гыццыл лӕппу ракӕн-бакӕн кӕндзӕн.  Хъуг ӕмӕ арс иумӕ хиздзысты, ӕмӕ сӕ лӕппынтӕ кӕрӕдзи фарсмӕ хуысдзысты. Ӕмӕ домбай дӕр галау хӕрдзӕн хъӕмп+.  Дзидзидай сывӕллон хъаздзӕн кобрӕйы+ хуынчъы сӕрмӕ, дзидзийӕ кӕй фӕхицӕн кодтой, ахӕм сывӕллон йӕ къух ӕрӕвӕрдзӕн маргджын калмы хуынкъыл.  Уыдон мӕ сыгъдӕг хохыл+ иу ран дӕр ницы зиан хӕсдзысты+ ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ+. 10  Уыцы бон+ Йессейы+ уидаг адӕмыхӕттытӕн лӕудзӕн амонӕн цӕджындзау+. Адӕмтӕ дзы разамынд агурдзысты+, ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынат скадджын уыдзӕн+. 11  Уыцы бон та Йегъовӕ ногӕй, дыккаг хатт+, йӕ къух бадӕтдзӕн, цӕмӕй, йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны ӕрӕмбырд кӕна Ассирийӕ+, Египетӕй+, Пафросӕй+, Кушӕй*+, Еламӕй+, Сеннаарӕй+, Хаматӕй ӕмӕ денджызы сакъадӕхтӕй+. 12  Уый адӕмтӕн сӕвӕрдзӕн амонӕн цӕджындз ӕмӕ, Израилы адӕмӕй алырдӕмты чи ныппырх, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзӕн+. Иудӕйы адӕмӕй чи ныххӕлиу, уыдоны ӕрбамбырд кӕндзӕн зӕххы цыппар кӕронӕй+. 13  Уӕд Ефрем хӕлӕг нал кӕндзӕн+, ӕмӕ, Иудӕмӕ знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдон фесӕфдзысты. Ефрем Иудӕмӕ нал хӕлӕг кӕндзӕн, ӕмӕ Иудӕ дӕр Ефреммӕ знаджы цӕстӕй нал кӕсдзӕн+. 14  Уыдон сӕхи ныццӕвдзысты филистимӕгты къуылдымыл ныгуылӕнырдыгӕй+, иумӕ бастигъдзысты Скӕсӕны цӕрӕг адӕмы+. Сӕ къух сисдзысты+ Едом ӕмӕ Моавмӕ ӕмӕ Аммоны фырттӕ уыдзысты сӕ дӕлбар+. 15  Йегъовӕ Египеты денджызӕн+ йӕ нарӕг бакӕлӕн алыг кӕндзӕн, йӕ тӕвд комытӕф цӕудзӕн ӕмӕ афтӕмӕй Стыр цӕугӕдонмӕ+ йӕ къух ӕртхъирӕнгӕнӕгау батилдзӕн. Ӕрцӕвдзӕн ын йӕ авд цӕугӕдоны ӕмӕ сыл адӕм ахиздзысты гом дзабырты+. 16  Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа+, уыдонӕн Ассирийӕ конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг+, Израилы адӕм Египеты зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд куыд уыди, афтӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «фӕлмӕн».
Кӕнӕ Ефиопийӕ.