Исай 16:1—14

16  Уыцы зӕххы хицауӕн Селӕйӕ Сионы чызджы+ хохмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл арвитут фыр+.  Моавы чызджытӕ Арноны донӕн йӕ ахизӕнты цур уыдзысты+, йӕ ахстонӕй кӕй асырдтой ӕмӕ йӕ бынатӕй чи фӕтӕхы, ахӕм маргъы хуызӕн+.  «Уынаффӕ раттут. Лыггонд цы ’рцыд, уый сӕххӕст кӕнут+. Ӕмбисбон дӕ аууон ӕхсӕвы тары хуызӕн скӕн+. Алырдӕмты чи ныппырх, уыдоны бамбӕхс+, чи ралыгъд, уыдоны ма схъӕр кӕн+.  О Моав, мӕ адӕмӕй алырдӕмты чи ныппырх, уыдон уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггӕгтӕй цӕрӕнт+. Чи сӕ стигъы, уыдонӕй сӕ бамбӕхс+. Чи сӕ ӕфхӕры, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцыд, адӕмы ничиуал стигъы. Чи сӕ ссӕнды, уыдон зӕххӕй фесӕфтысты+.  Ӕнувыд уарзты фӕрцы паддзахбадӕн ӕрфидар уыдзӕн+. Ӕмӕ йыл паддзах ӕрбаддзӕн Давиды цатыры ӕмӕ уыдзӕн иузӕрдион+. Уый кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ тырндзӕн рӕстдзинадмӕ, раст цы у, уый аразыныл фӕстиат нӕ кӕндзӕн»+.  Мах фехъуыстам Моавы сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй, тынг сӕрбӕрзонд кӕй у+. Уый у хъал, сӕрбӕрзонд ӕмӕ фырмӕстӕй цӕхӕртӕ калы+, фӕлӕ йӕ афтид ныхӕстӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты+.  Уый тыххӕй Моав йӕхиуыл богъ-богъӕй кӕудзӕн, Моавы алчидӕр богъ-богъӕй кӕудзӕн+. Састы бынаты чи баззад, уыдон кӕудзысты, мысдзысты Кир-Харешеты+ чисмис гуылтӕ,  уымӕн ӕмӕ Есевоны сӕнӕфсирдӕттӕ бахус сты+. Адӕмты хицӕуттӕ ныццагътой Сивмӕйы+ сӕнӕфсирбӕласы зад къалиутӕ. Уыцы къалиутӕ аххӕссыдысты суанг Иазеры+ онг, ахӕлиу сты ӕдзӕрӕг быдырыл. Йӕ таутӕ йын ныууагътой, цӕмӕй сӕ къабӕзтӕ фӕйнӕрдӕм айвӕзтаиккой, ӕмӕ денджызы онг аххӕссыдысты.  Ӕмӕ ӕз уый тыххӕй кӕудзынӕн Сивмӕйы сӕнӕфсирбӕласыл, Иазерыл куыд кӕуын, афтӕ+. Мӕ цӕссыгӕй уӕ ӕхсдзынӕн, Есевон+ ӕмӕ Елеале+, уымӕн ӕмӕ уӕм сӕрды ӕмӕ тыллӕг ӕфснайыны афон хъуысы хъӕртӕ+. 10  Дыргъдоны циндзинад ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад нал ис. Сӕнӕфсирдӕттӕй цины хъӕлӕба ӕмӕ цины хъӕр нал хъуысы+. Сӕндуцӕнты сӕнӕфсир ничиуал цъӕл кӕны+. Ӕз сын сӕ цины хъӕртӕн кӕрон скодтон+. 11  Ӕмӕ уымӕн бадыз-дыз кодта мӕ хуылф дыууадӕстӕнон фӕндыры тӕнтау Моавы+ тыххӕй, мӕ зӕрдӕ – Кир-Харешеты+ тыххӕй. 12  Бӕрӕг уыди, Моав кувӕн бынаты* кӕй бафӕллад+. Уый йӕ кувӕндонмӕ кувынмӕ ӕрбацыд+, фӕлӕ йӕ куывдтытӕ уыдысты дзӕгъӕлы+. 13  Моавы тыххӕй ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ раздӕр загъта. 14  Ныр та Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕртӕ азы дӕр нӕма рацӕудзӕн, ӕххуырст кусӕджы азтӕй нымайгӕйӕ+, афтӕ Моавӕн йӕ кад+ дӕлӕмӕ ӕрхаудзӕн, алыхуызон мӕстыты хай бауыдзӕн, ӕмӕ ма чи баззайа, уыдон уыдзысты тынг гыццыл ӕмӕ сӕ бон ницыуал уыдзӕн»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «бӕрзонд бынаты». Уый уыд, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынат.