Исай 18:1—7

18  Додой йӕ къона, цъырцъырӕгтӕ кӕм ис, Ефиопийы цӕугӕдӕтты алыварс чи ис, уыцы зӕххӕн!+  Уый денджызыл ӕрвиты минӕвӕрттӕ+, ӕрвиты сӕ доныл папирусӕй конд наутыл ӕмӕ сын зӕгъы: «Ацӕут, цӕрдӕг минӕвӕрттӕ, бӕрзонд чи сты ӕмӕ сӕ буӕрттӕ лӕгъз кӕмӕн сты, уыцы адӕммӕ, алы ран дӕр кӕмӕй тӕрсынц, фидар чи сты ӕмӕ ӕппӕт дӕр къӕхты бын чи кӕны, сӕ зӕхх цӕугӕдӕттӕ кӕмӕн фӕластой, уыцы адӕмыхатмӕ»+.  Зӕххыл цӕрӕг адӕм+, зӕххы цӕрджытӕ иууылдӕр, сымах фендзыстут, хӕхтыл амонӕн цӕджындз куы сӕвӕрынц, уӕд адӕм цы фенынц, ахӕм цыдӕр+, ӕмӕ фехъусдзыстут, сыкъайӕ куы ныууасынц, уӕд адӕм цы уаст фехъусынц, ахӕм уаст+.  Йегъовӕ мын загъта: «Ӕз уыдзынӕн сабыр ӕмӕ мӕ бынатмӕ кӕсдзынӕн+. Афтӕ кӕй кӕндзынӕн, уый уыдзӕн хъарм ӕмӕ рухсы хуызӕн+, хуымгӕрдӕнты тӕвд рӕстӕг ӕртӕх куыд ӕрбады, уый хуызӕн+.  Цалынмӕ тыллӕг ӕфснайыны афон ӕрхӕццӕ уа, уӕдмӕ,– сӕнӕфсир дидинӕг куы акала ӕмӕ дзы уый фӕстӕ гагатӕ куы фӕзына ӕмӕ рӕгъӕд кӕнын куы райдайой, уӕд,– ӕхсӕдӕн хӕсгардӕй сӕнӕфсирӕн хъӕудзӕн йӕ таутӕ бахсӕдын ӕмӕ йын йӕ рихитӕ ралыг кӕнын+.  Уыдон иууылдӕр баззайдзысты хӕххон тугдзых маргъӕн ӕмӕ зӕххон хъӕддаг сырдӕн+. Тугдзых маргъ сӕ хӕрдзӕн сӕрды, алы хъӕддаг сырд сӕ хӕрдзӕн тыллӕг ӕфснайыны афон+.  Уыцы рӕстӕг, бӕрзонд чи сты ӕмӕ сӕ буӕрттӕ лӕгъз кӕмӕн сты, уыцы адӕмыхатт+, алы ран дӕр кӕмӕй тӕрсынц, фидар чи сты ӕмӕ ӕппӕт дӕр къӕхты бын чи кӕны, сӕ зӕхх цӕугӕдӕттӕ кӕмӕн фӕластой, уыцы адӕм ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн+ ӕрбахӕсдзысты лӕвар – ӕрбахӕсдзысты йӕ, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ном кӕм ис, уыцы бынатмӕ, Сионы хохмӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ