Исай 19:1—25

19  Тӕрхон Египетӕн+. Йегъовӕ мигъыл фӕтӕхы+ Египетмӕ. Йӕ разы Египеты ницӕйаг хуыцӕуттӕ базыр-зыр кӕндзысты+ ӕмӕ египетӕгты зӕрдӕты тас бацӕудзӕн+.  «Ӕз египетӕгты скӕндзынӕн египетӕгты ныхмӕ, ӕмӕ уыдонӕй алчидӕр тох кӕндзӕн йе ’фсымӕримӕ, алчидӕр йе ’мбалимӕ, горӕт горӕтимӕ, паддзахад паддзахадимӕ+.  Ӕмӕ египетӕгтӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн+, ӕмӕ сын ӕз сӕ фӕнд фехалдзынӕн+. Уыдон ӕххуысмӕ цӕудзысты ницӕйаг хуыцӕуттӕм+, кӕлӕнгӕнджытӕм, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+.  Ӕз Египет ратдзынӕн ӕгъатыр хицауы къухтӕм, йӕ сӕргъы уыдзӕн тыхджын паддзах»+,– зӕгъы ӕцӕг Хицау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.  Денджызы дон байсысдзӕн, цӕугӕдон байсысдзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн+.  Цӕугӕдӕттӕ стӕф кӕндзысты. Египеты, Нилы къанӕуттӕн сӕ дон ныггыццыл уыдзӕн ӕмӕ байсысдзысты+. Хъӕз+ ӕмӕ хъамыл* бамбийдзысты.  Нилы цӕугӕдоны цур ӕмӕ, Нил денджызмӕ кӕм бакӕлы, уый алыварс цы быдыртӕ ис, стӕй, Нилы цӕугӕдоны былгӕрӕтты цы хуымтӕ ис, уыдон бахус уыдзысты+. Дымгӕ сӕ ахӕсдзӕн, ӕмӕ нал уыдзысты.  Кӕсагахсджытӕ кӕудзысты, Нилы цӕугӕдонмӕ йе ’нгуыр чи баппары, уыдон иууылдӕр хъыг кӕндзысты, кӕсагахсӕн хыз доны чи баппары, суанг уыдонмӕ дӕр хъару нал уыдзӕн+.  Пырд чи у, ахӕм гӕнимӕ чи кусы+, уыдон фӕхудинаг уыдзысты, урс хъуымац чи уафы, уыдон дӕр афтӕ. 10  Йӕ уафджыты+ ныфс асӕтдзӕн, йе ’ххуырст кусджытӕ иууылдӕр маст кӕндзысты. 11  Цоаны+ кънйӕзтӕ сты ӕнӕзонд. Фараонӕн йӕ зондджындӕр уынаффӕгӕнджытӕн сӕ уынаффӕ зондджын схонӕн нӕй+. Ӕмӕ уӕд фараонӕн афтӕ куыд хъуамӕ зӕгъат: «Мӕнӕн мӕ фыдӕлтӕ уыдысты зондджын адӕм, мӕ фыдӕлтӕ раджы заманты уыдысты паддзӕхтӕ»? 12  Уӕд дын кӕм сты, кӕм сты дӕ зондджынтӕ?+ Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ Египеты тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый базонӕнт ӕмӕ дын ӕй зӕгъӕнт+. 13  Цоаны кънйӕзтӕ ӕнӕзонд ми бакодтой+, Нофы*+ кънйӕзтыл сайд ӕрцыд, египетӕгтӕн сӕ мыггӕгты хистӕрты+ аххосӕй адӕм рахау-бахау кӕнынц. 14  Йегъовӕ Египетӕн афтӕ бакодта, ӕмӕ катайы бацыд+. Хицӕутты аххосӕй египетӕгтӕ се ’ппӕт хъуыддӕгты дӕр ныдздзӕгъӕлтӕ сты, рахау-бахау кӕнынц, расыг лӕг йӕ омдзӕгыл куыд рахау-бахау кӕна, афтӕ+. 15  Египетӕн йӕ бон ницыуал уыдзӕн, ницыуал бакӕндзысты сӕр кӕнӕ къӕдзил дӕр, тау кӕнӕ хъӕз дӕр+. 16  Уыцы бон египетӕгтӕ суыдзысты сылгоймӕгты хуызӕн. Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ сӕм йӕ къух ӕртхъирӕнгӕнӕгау куы батила, уӕд фыртӕссӕй бариздзысты+, тас сӕ бацӕудзӕн+. 17  Иудӕйы зӕхх Египеты стыр тас бауадздзӕн+. Йӕ кой кӕмӕндӕриддӕр скӕной, уыцы адӕймаджы тас бацӕудзӕн, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ Египеты тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый куы фехъуса, уӕд+. 18  Уыцы бон Египеты зӕххыл уыдзӕн, ханаайнӕгты ӕвзагыл чи дзурдзӕн+ ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн чи сомы кӕндзӕн+, ахӕм фондз горӕты+. Уыцы горӕттӕй иу хуындзӕн Пырхгӕнӕг горӕт. 19  Уыцы бон Египеты зӕххы астӕу+ лӕудзӕн нывондхӕссӕн Йегъовӕйӕн, йӕ арӕнты раз та – цӕджындз Йегъовӕйы номыл. 20  Уый Египеты зӕххы уыдзӕн нысан ӕмӕ ӕвдисӕн ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы тыххӕй+. Уыдон Йегъовӕмӕ сдзыназдзысты, не ’фхӕрджытӕй нӕ фервӕзын кӕн+, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕм рарвитдзӕн ирвӕзынгӕнӕджы, домбай ирвӕзынгӕнӕджы, ӕмӕ сӕ уый фервӕзын кӕндзӕн+. 21  Ӕмӕ Йегъовӕ египетӕгты ’хсӕн суыдзӕн зындгонд+, ӕмӕ уыцы бон египетӕгтӕ базондзысты Йегъовӕйы. Уыдон ын ӕрхӕсдзысты нывӕндтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ+, Йегъовӕйӕн дзырд ратдзысты ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзысты+. 22  Йегъовӕ египетӕгты ӕрцӕвдзӕн+. Уый сӕ ӕрцӕвдзӕн ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн+. Уыдон фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхдзысты+, уый сын сӕ лӕгъстӕтӕ фехъусдзӕн ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн+. 23  Уыцы бон Египетӕй Ассиримӕ конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг+. Ӕмӕ ассириӕгтӕ ӕрцӕудзысты Египетмӕ, египетӕгтӕ та – Ассиримӕ, ӕмӕ Египет ӕмӕ Ассири Хуыцауӕн лӕггад кӕндзысты. 24  Уыцы бон Израил баиу уыдзӕн Египет ӕмӕ Ассириимӕ+, суыдзӕн арфӕдзинад зӕххы астӕу+, 25  уымӕн ӕмӕ сын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн+ ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Арфӕгонд уӕд Египет – мӕ адӕм, Ассири+ – мӕ къухты фыдӕбон, ӕмӕ Израил – мӕ бынтӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Уырыс. «камыш».
Кӕнӕ «Мемфисы».