Исай 22:1—25
22 Тӕрхон, бирӕ цыдӕртӕ кӕм раргом, уыцы дӕлвӕзӕн*+. Цы дыл ӕрцыд, дӕ адӕм иууылдӕр сӕ хӕдзӕртты сӕртӕм куы схызтысты?+
2 О змӕст горӕт, цин чи кӕны, уыцы горӕт, дӕ мидӕг бӕстӕ хъӕр-хъӕлӕба сси+. Дӕ мӕрдтӕ хъамайӕ мард не сты, тохы быдыры нӕ фӕмард сты+.
3 Дӕ ӕгъатыр хицӕуттӕ+ иууылдӕр фӕлыгъдысты+. Ӕрдын дӕр нӕ бахъуыд, афтӕмӕй сӕ уацары райстой. Дӕ адӕмӕй дын кӕй ӕрцахстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр райстой уацары+, дард бӕргӕ алыгъдысты, фӕлӕ.
4 Ӕмӕ ӕз уый тыххӕй загътон: «Ма мӕм кӕсут. Ӕз хъыг кӕндзынӕн ӕмӕ кӕудзынӕн+. Ма мӕ сабыр кӕнут, ӕз хъыг кӕнын, мӕ адӕмы мын кӕй ныппырх кодтой, ууыл+.
5 Ацы бон, бирӕ цыдӕртӕ кӕм раргом, уыцы дӕлвӕзӕн у катайы бон+, сӕфты бон+ ӕмӕ тыхстдзинады бон+ Дунедарӕг Хуыцауӕй, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ. Къултӕ пырх кӕнынц+ ӕмӕ хохмӕ хъуысы хъӕр+.
6 Елам+ хӕстон бӕхуӕрдоны фатдон райста, Кир+ йӕ уарт ӕрцӕттӕ кодта*.
7 Дӕ хуыздӕр дӕлвӕзтӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕй байдзаг уыдзысты, хӕстон бӕхтӕ дӕ кулдуары раз ӕрлӕудзысты.
8 Иудӕйы цы хъахъхъӕны, уый ныппырх кӕндзысты. Ӕмӕ уыцы бон кӕсдзыстут хӕцӕнгарздонмӕ+, Ливаны хъӕд чи хуыйны, уыцы хӕдзары чи ис, уымӕ+.
9 Сымах фендзыстут, Давиды горӕты къултӕ бирӕ рӕтты кӕй батыдтой+. Ӕмӕ дӕллаг цады ӕмбырд кӕндзыстут дон+.
10 Сымах нымайдзыстут Иерусалимы хӕдзӕрттӕ. Стӕй хӕдзӕрттӕ пырх кӕндзыстут, цӕмӕй къул+ фӕфидардӕр кӕнат.
11 Дыууӕ къулы ’хсӕн зӕронд цады донӕн скӕндзыстут донӕмбырдгӕнӕн+. Уыдӕттӕ чи аразы, уыцы Стыр Хуыцаумӕ та не скӕсдзыстут ӕмӕ, уыдӕттӕ раджы чи скодта, уый нӕ фендзыстут.
12 Уыцы бон Дунедарӕг+ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, зӕгъдзӕн, цӕмӕй кӕуат+ ӕмӕ хъыг кӕнат, уӕ сӕртӕ ныддасат ӕмӕ уӕ уӕлӕ хъисынтӕ скӕнат+.
13 Фӕлӕ сымах стут хъӕлдзӕг ӕмӕ цин кӕнут, стуртӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут, хӕрут дзидза, нуазут сӕн+ ӕмӕ дзурут: „Цӕй, хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм“»+.
14 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ мын раргом кодта+: «„Ацы тӕригъӕдӕй не ссыгъдӕг уыдзыстут+, цалынмӕ нӕ амӕлат, уӕдмӕ“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ».
15 Дунедарӕг Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ загъта: «Цу, бацу уыцы хӕдзармӕгӕсӕгмӕ, Севнӕмӕ+, паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ+, ӕмӕ йын афтӕ зӕгъ:
16 „Ам дӕуӕн чи ис ӕмӕ цы ис, дӕхицӕн дзы зӕппадз цӕмӕн скодтай?“+ Уый йӕхицӕн зӕппадз къахы бӕрзонд бынаты, къӕдзӕхы йӕхицӕн къахы хӕдзар.
17 „Йегъовӕ дӕ ныззыввытт кӕндзӕн ӕмӕ дӕ йӕ тых йӕ бонӕй нылхъивдзӕн.
18 Стымбылтӕ дӕ кӕндзӕн ӕмӕ дӕ батухдзӕн ӕмӕ дӕ пуртийау фехсдзӕн дард зӕхмӕ. Уым амӕлдзынӕ, ӕмӕ дӕ кадджын бӕхуӕрдӕттӕ дӕ хицауы хӕдзарӕн суыдзысты ӕгады хос.
19 Ӕз дӕ дӕ бынатӕй раппардзынӕн, ӕмӕ дын дӕ бартӕ байсдзысты+.
20 Уыцы бон ӕз фӕдзурдзынӕн мӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+ – Хелкийы фырт+ Елиакиммӕ+.
21 Ӕз ыл скӕндзынӕн дӕ даргъ хӕдон, ӕнгом ыл ӕрбабӕтдзынӕн дӕ рон+ ӕмӕ йын йӕ къухмӕ ратдзынӕн дӕ бартӕ, ӕмӕ уый Иерусалимы цӕрджытӕн ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн суыдзӕн сӕ фыд+.
22 Ӕз ын йе уӕхскыл бакӕндзынӕн Давиды хӕдзары дӕгъӕл+. Ӕмӕ уый цы байгом кӕна, уый ничи сӕхгӕндзӕн, ӕмӕ уый цы сӕхгӕна, уый ничи байгом кӕндзӕн+.
23 Ӕз ӕй къӕбӕлау+ ныкъкъуырдзынӕн фидар бынаты, ӕмӕ уый йӕ фыды хӕдзарӕн суыдзӕн кадджын паддзахбадӕн+.
24 Ӕмӕ йыл ӕрцауындздзысты йӕ фыды хӕдзары кад иууылдӕр: йӕ цоты ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты – ӕппӕт гыццыл мигӕнӕнтӕ, къустӕ, стӕй стыр дурынтӕ иууылдӕр.
25 Уыцы бон,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– фидар бынаты къуырд чи у, уыцы къӕбӕл+ раппардзысты+. Акъуырдзысты йӕ, ӕмӕ ӕрхаудзӕн, ӕмӕ йыл ауыгъд цы ис, уыдон ӕрхаудзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уый загъта Йегъовӕ“»+.