Исай 23:1—18
23 Тӕрхон Тирӕн+. Ӕрдиаг кӕнут, Фарсисы наутӕ!+ Ӕрдиаг кӕнут, уымӕн ӕмӕ йӕ ныппырх кодтой, ӕмӕ наулӕууӕн нал у, наутӕ дзы кӕдӕм бацӕуой, уый нал ис+. Уый тыххӕй сын фехъусын кодтой Киттимы зӕххыл+.
2 Хъусӕй лӕуут, донбылгӕрӕтты цӕрджытӕ. Сидоны+ сӕудӕджертӕ, денджызыл чи ленк кӕны, уыдон дӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй байдзаг кодтой.
3 Бирӕ дӕттыл дӕм ласынц хор Сихорӕй+ ӕмӕ тыллӕг Нилӕй – де ’фтиаг, ӕмӕ уый фӕрцы адӕмтӕм ӕфтиаг цӕуы+.
4 Уадз ӕмӕ дӕм худинаг кӕса, Сидон+, уымӕн ӕмӕ, о денджызы фидар мӕсыг, денджыз загъта: «Ӕз арӕг сылгоймаджы тухитӕ нӕ бавзӕрстон, сывӕллон мын никуы райгуырд, лӕппутӕ не схъомыл кодтон, чызджытӕ не схастон»+.
5 Адӕм Египеты тыххӕй куы фехъуыстой+, уӕд сӕ уыцы хабар куыд амардта, афтӕ уыдзӕн, Тиры тыххӕй куы фехъусой, уӕд дӕр+.
6 Лидзгӕ ут Фарсисмӕ, ӕрдиаг кӕнут, донбылгӕрӕтты цӕрджытӕ.
7 Мӕнӕ ай у уӕ горӕт, раджы замантӕй, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цин чи кодта, уый? Йӕ къӕхтӕ-иу ӕй дард ранмӕ ахастой ӕмӕ-иу уым ӕрцӕуӕггагӕй цард.
8 Чи рахаста ахӕм уынаффӕ+ Тиры тыххӕй – кадыхудтӕ чи лӕвар кодта, йӕ сӕудӕджертӕ кънйӕзтӕ кӕмӕн уыдысты, йӕ базаргӕнджытӕ ӕгас зӕххы кадджын лӕгтӕ кӕмӕн уыдысты, уыцы горӕты тыххӕй?+
9 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ рахаста ахӕм уынаффӕ+, цӕмӕй фегад кӕна, хъал кӕмӕй сты, уыцы рӕсугъддзинад+, цӕмӕй сын сӕ зӕххы кадджын лӕгты фӕхудинаг кӕна+.
10 О Фарсисы+ чызг, Нилы цӕугӕдон куыд раивылы, афтӕ дӕ зӕххыл ӕрзил. Нал дзы ис наулӕууӕн+.
11 Хуыцау йӕ къух денджызмӕ адардта, паддзахӕдты базмӕлын кодта+. Йегъовӕ Финикийы тыххӕй бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фидар мӕсгуытӕй дур дурыл ма ныууадзой+.
12 Стӕй афтӕ зӕгъы: «О Сидоны ӕфхӕрд чызг+, ды никуыуал цин кӕндзынӕ+. Сыст, лидзгӕ Киттиммӕ+. Фӕлӕ дын уым дӕр ӕнцой нӕ уыдзӕн».
13 Уӕртӕ, халдейты зӕхх+. Ассири+ нӕ, фӕлӕ дзы ацы адӕм скодтой бынат ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕг сырдтӕн+. Йӕ алыварс ӕртыхстысты, сарӕзтой фидӕрттӕ+, йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ йын ныппырх кодтой+. Фестын ӕй кодтой хӕлддзӕгтӕ+.
14 Ӕрдиаг кӕнут, Фарсисы наутӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕ фидар мӕсыг ныппырх кодтой+.
15 Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Тир уыдзӕн рох ӕвдай азы+ дӕргъы – уыдон уыдзысты иу паддзахы рӕстӕг. Ӕвдай азы куы рацӕуой, уӕд та Тирыл ӕрцӕудзӕн, иу зарӕджы кӕй тыххӕй зарынц, уыцы хӕтаг сылгоймаджы хабар:
16 «Райс дыууадӕстӕнон фӕндыр, горӕтыл ӕрзил, се ’ппӕтӕй дӕр чи ферох, уыцы хӕтаг сылгоймаг+, фӕндыры хъистыл зӕрдиагӕй ӕрцӕгъд. Бирӕ зарджытӕ азар, цӕмӕй дӕ ӕрхъуыды кӕной».
17 Ӕмӕ ӕвдай азы куы фӕуой, уӕд Йегъовӕ йе ’ргом Тирмӕ раздахдзӕн. Ӕмӕ та йын ногӕй мызд фиддзысты+ ӕмӕ, зӕххы цъарыл цы паддзахӕдтӕ ис, уыдонимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр хӕтдзӕни+.
18 Йӕ ӕфтиаг ӕмӕ йӕ мызд+ Йегъовӕйӕн уыдзысты табуйаг. Нӕдӕр сӕ ӕмбырд кӕндзысты, нӕдӕр – ӕвӕргӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ мызд уыдзӕн, Йегъовӕйы раз чи цӕры, уыдонӕн+, цӕмӕй сӕ уды дзӕбӕхӕн хӕрой ӕмӕ рӕсугъд уӕлӕдарӕс дарой+.