Исай 25:1—12

25  О Йегъовӕ, ды дӕ мӕ Хуыцау+. Ӕз дӕ кадджын кӕнын+, бӕрзонд дын кӕнын дӕ ном+, уымӕн ӕмӕ ды сарӕзтай диссаджы хъуыддӕгтӕ+, рагзамантӕй фӕстӕмӕ хӕссыс уынаффӕтӕ+, архайыс иузӕрдионӕй+ ӕмӕ ӕууӕнкджынӕй+.  Ды горӕт дурты цӕнд фестын кодтай, фидаргонд горӕт – хӕлддзӕгтӕ. Ӕцӕгӕлӕтты цӕрӕн мӕсыг нал ис, ӕмӕ уыцы горӕт ӕнустӕм дӕр нал сараздзысты+.  Уый тыххӕй дӕ тыхджын адӕм кадджын кӕндзысты, ӕгъатыр адӕмты горӕт дӕ тӕрсдзӕн+.  Ды сдӕ фидар мӕсыг хуымӕтӕг адӕймагӕн, фидар мӕсыг мӕгуыр адӕймагӕн йӕ зын сахат+, ӕмбӕхсӕн бынат тӕрккъӕвдайӕ, аууон+ – судзгӕ хурӕй. Ӕгъатыр адӕймаджы улӕфт, тӕрккъӕвда йӕхи къулыл куыд хойа, афтӕ куы вӕййы, уӕд ды адӕймаджы фӕхъахъхъӕныс.  Ӕнӕдон бӕстӕйы судзгӕ хуры тӕвд мигъы аууонӕй куыд фӕсӕттыс, афтӕ басабыр кӕныс ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕба+. Ӕгъатыр адӕмы зарын ныссабыр вӕййы+.  Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ ацы хохыл+ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр скӕндзӕн куывд+. Ӕмӕ дзы уыдзӕн дзаджджын хӕринӕгтӕ+ ӕмӕ бадт сӕн, дзаджджын хӕринӕгтӕ стджыты магъзимӕ+ ӕмӕ бадт фӕрсыгъд+ сӕн+.  Ацы хохыл уый фесафдзӕн*, ӕппӕт адӕмыхӕттыты дӕр чи ӕрбатыхта, уыцы ӕмбӕрзӕн+, ӕппӕт адӕмтыл дӕр ӕмбӕрзт чи у, уыцы уӕфт хъуымац.  Уый фесафдзӕн* мӕлӕт ӕнустӕм+, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн+. Ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр йӕ адӕмы худинагӕй фервӕзын кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ уый загъта Йегъовӕ.  Уыцы бон адӕймаг зӕгъдзӕн: «Ай у нӕ Хуыцау!+ Мах ыл нӕ ныфс дардтам+, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта+. Ай у Йегъовӕ!+ Мах ыл нӕ ныфс дардтам. Цӕй ӕмӕ фырцинӕй зарӕм ӕмӕ цин кӕнӕм, цы ирвӕзындзинад дӕтты, ууыл»+. 10  Йегъовӕ ацы хохыл йӕ къух ӕруадздзӕн+, ӕмӕ Моав йӕ бынаты ныннӕмдзысты+, хъӕмп фаджысы куыд ныннӕмынц, афтӕ+. 11  Йе ’хсӕн* йӕ къухтӕ сисдзӕн, адӕймаг ленк кӕнгӕйӕ йӕ къухтӕ куыд фӕисы, афтӕ, ӕмӕ йын йӕ сӕрбӕрзонддзинад+ йӕ къухты рӕвдз змӕлдӕй къӕхты бынмӕ ӕрӕппардзӕн. 12  Уый ныппырх кӕндзӕн фидаргонд горӕт дӕ* бӕрзонд фидар къултимӕ, фегад ӕй кӕндзӕн, ӕрӕппардзӕн ӕй зӕхмӕ, рыгмӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «аныхъуырдзӕн».
Комк. «аныхъуырдзӕн».
Ома Моавы ’хсӕн.
Ӕвӕц., дзуры Моавӕн.