Исай 36:1—22
36 Езеки цыппӕрдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Ассирийы паддзах+ Сеннахирим+ схӕцыд Иудӕйы фидаргонд горӕттимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр ӕмӕ сӕ бацахста+.
2 Уӕд Ассирийы паддзах Лахисӕй+ Иерусалиммӕ+ паддзах Езекимӕ арвыста рабсакы*+ стыр ӕфсадимӕ. Рабсак ӕрлӕууыд, уӕллаг цадӕй+ цы къанау+ цӕуы, уый раз – гӕрзтӕхсӕджы зӕхмӕ цы стыр фӕндаг цӕуы, уый раз+.
3 Ӕмӕ йӕ размӕ рацыдысты паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Елиаким+, Хелкийы фырт, писыр Севнӕ+ ӕмӕ азфыссӕг+ Иоах+, Асафы фырт+.
4 Рабсак сын загъта: «Езекийӕн афтӕ зӕгъут: „Афтӕ зӕгъы цытджын паддзах+, Ассирийы паддзах+: „Цымӕ дӕ зӕрдӕ цӕуыл дарыс, ныфсджын цӕмӕй дӕ?+
5 Ды зӕгъыс: „Мӕнмӕ ис пълан ӕмӕ хӕстмӕ цӕттӕ дӕн“+. Фӕлӕ уыдон ныхӕстӕ йеддӕмӕ ницы сты. Кӕуыл дарыс дӕ зӕрдӕ, кӕй ныфсӕй рацыдтӕ мӕ ныхмӕ?+
6 Дӕ зӕрдӕ уыцы цъӕл хъӕзыл+, Египетыл+, дарыс? Адӕймаг ыл куы ӕрӕнцой кӕна, уӕд йӕ къухы сныхсдзӕн ӕмӕ дзы иннӕрдӕм ахиздзӕн. Ахӕм у фараон+, Египеты паддзах, йӕ зӕрдӕ йыл чидӕриддӕр дары, уыдонӕн+.
7 Афтӕ мын куы зӕгъай: „Мах нӕ зӕрдӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйыл дарӕм“, уӕд-ма зӕгъ, Езеки уый кувӕн бынӕттӕ+ ӕмӕ уый нывондхӕссӕнтӕ нӕ ныппырх кодта?+ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимӕн афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ацы нывондхӕссӕны раз куват+.
8 Уӕдӕ-ма мӕ буц хицауимӕ, Ассирийы паддзахимӕ+, схӕснаг кӕн+: ратдзынӕн дын дыууӕ мин бӕхы, ӕмӕ фендзыстӕм, кӕддӕра дӕм уыйбӕрц барджытӕ разынид+.
9 Дӕхӕдӕг Египеты бӕхуӕрдӕттыл ӕмӕ сӕ барджытыл куы дарыс дӕ зӕрдӕ+, уӕд дӕ бон куыд бауыдзӕн, мӕ буц хицауы ӕппӕты къаддӕр лӕггадгӕнджыты ’хсӕн чи ис, уыцы хицӕуттӕй иуӕн дӕр ныхкъуырд раттын?+
10 Стӕй ӕз ацы бӕстӕ ныппырх кӕнынмӕ Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ нӕ рацыдтӕн? Йегъовӕ мын йӕхӕдӕг загъта+: „Уыцы бӕстӕйы ныхмӕ рацу ӕмӕ йӕ ныппырх кӕн“»+.
11 Уӕд Елиаким+, Севнӕ+ ӕмӕ Иоах+ рабсакӕн+ загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ лӕггадгӕнджытимӕ сириагау дзур+, уымӕн ӕмӕ мах сириагау ӕмбарӕм. Къулыл чи лӕууы, уыцы адӕмы раз+ немӕ дзуттагау ма дзур»+.
12 Фӕлӕ рабсак загъта: «Мӕ буц хицау мӕ ацы ныхӕстимӕ ӕрмӕстдӕр уӕ хицаумӕ ӕмӕ сымахмӕ рарвыста? Къулыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ нӕ рарвыста? Уыдон хӕрдзысты сӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзысты сӕ мизынцъаг, ӕмӕ сымах дӕр афтӕ»+.
13 Ӕмӕ уӕд рабсак дзуттагау хъӕрӕй загъта+: «Байхъусут цытджын паддзахы, Ассирийы паддзахы, ныхӕстӕм+.
14 Паддзах афтӕ зӕгъы: „Уӕхи Езекийӕн сайын ма бауадзут+, уымӕн ӕмӕ уымӕн йӕ бон нӕу сымах фервӕзын кӕнын+.
15 Ма хъусут Езекимӕ, афтӕ уын чи дзуры, уӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарут+, Йегъовӕ нӕ ӕнӕмӕнгӕй фервӕзын кӕндзӕн+ ӕмӕ ацы горӕт Ассирийы паддзахы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн+, зӕгъгӕ“.
16 Ма хъусут Езекимӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах афтӕ зӕгъы: „Уӕхи мӕ къухмӕ раттут+, мӕнмӕ рацӕут! Ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕрдзӕн дыргътӕ йӕ сӕнӕфсирӕй, йӕ легъуибӕласӕй+ ӕмӕ дон нуаздзӕн йӕхи доны дзыхъхъӕй+,
17 цалынмӕ не ’рцӕуон ӕмӕ уӕ нӕ акӕнон, уӕхи зӕххы хуызӕн чи у, уыцы зӕхмӕ+, хор, ног сӕн, дзул ӕмӕ сӕнӕфсирдӕттӕ кӕм ис, уыцы зӕхмӕ.
18 Ма уӕ сайӕд Езеки+ йӕ ныхӕстӕй: „Йегъовӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн“. Иннӕ адӕмты хуыцӕуттӕ сӕ бӕстӕтӕ Ассирийы паддзахы къухӕй фервӕзын кодтой?+
19 Кӕм сты Хаматы+ ӕмӕ Арпады хуыцӕуттӕ?+ Кӕм сты Сепарваимы хуыцӕуттӕ?+ Уыдон Самари мӕ къухӕй фервӕзын кодтой?+
20 Уыцы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй искӕцы йӕ бӕстӕ мӕ къухӕй фервӕзын кодта?+ Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Иерусалим мӕ къухӕй фервӕзын кӕндзӕн?“»+
21 Уыдон та хъусӕй лӕууыдысты, ӕппындӕр ӕм ницы сдзырдтой+, уымӕн ӕмӕ паддзах ахӕм бардзырд радта: «Мацы-иу ӕм сдзурут»+.
22 Ӕмӕ паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг+ Елиаким+, Хелкийы фырт, писыр Севнӕ+ ӕмӕ азфыссӕг Иоах+, Асафы фырт, ӕрбацыдысты Езекимӕ, сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+, афтӕмӕй, ӕмӕ йын рабсакы ныхӕстӕ ракодтой+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «сӕйраг сӕндары».