Исай 39:1—8

39  Уыцы рӕстӕг Вавилоны+ паддзах Меродах-Баладан+, Баладаны фырт, фехъуыста, Езеки рынчын кӕй уыд ӕмӕ кӕй сдзӕбӕх+, ӕмӕ йын арвыста фыстӕджытӕ ӕмӕ лӕвар+.  Езеки ӕрвыст лӕгтыл бацин кодта+ ӕмӕ сын ӕвдисын райдыдта йӕ хӕзнадон+: ӕвзист, сызгъӕрин, бальзамы сой+ ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ сой ӕмӕ йе ’ппӕт хӕцӕнгӕрзтӕ+. Йӕ хӕзнадӕтты цыдӕриддӕр уыд, уыдон сын равдыста. Йӕ хӕдзары ӕмӕ сын йӕ паддзахады цынӕ равдыста+, ахӕмӕй ницыуал баззад+.  Уый фӕстӕ пехуымпар Исай ӕрбацыд паддзах Езекимӕ ӕмӕ йӕ бафарста+: «Уыцы адӕм цы загътой ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?» Уый йын загъта: «Дард бӕстӕйӕ мӕм ӕрцыдысты, Вавилонӕй»+.  Исай йӕ ногӕй бафарста: «Дӕ хӕдзары дын цы федтой?»+ Езеки йын дзуапп радта: «Мӕ хӕдзары цыдӕриддӕр ис, уыдон федтой. Мӕ хӕзнадӕтты сын цынӕ равдыстон, ахӕмӕй ницыуал баззад».  Уӕд Исай Езекийӕн загъта+: «Уӕдӕ байхъус ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ныхасмӕ:  „Ӕрхӕццӕ кӕнынц уыцы бонтӕ, ӕмӕ, дӕ хӕдзары цыдӕриддӕр ис ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ абоны онг цы фембырд кодтой, уыдон иууылдӕр Вавилонмӕ ахӕсдзысты“+. „Ницыуал дын баззайдзӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.–  Чи дын райгуыра, уыцы фырттӕй дӕр дын кӕйдӕрты акӕндзысты+, ӕмӕ уыдон суыдзысты фӕсдзӕуинтӕ+ Вавилоны паддзахы галуаны“»+.  Уӕд Езеки Исайӕн загъта: «Раст у Йегъовӕйы ныхас, кӕй загътай, уый»+. Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уымӕн ӕмӕ мӕ рӕстӕджы уыдзӕн+ фарн ӕмӕ ӕдасдзинад*»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕцӕгдзинад».