Исай 45:1—25
45 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕг+ Кирӕн,– йӕ рахиз къухыл кӕмӕн хӕцын+, цӕмӕй йын адӕмты йӕ дӕлбар бакӕнон+ ӕмӕ паддзӕхтӕн сӕ астӕутӕй сӕ рӕттӕ раласон, цӕмӕй йын йӕ размӕ дуӕрттӕ бакӕнон ӕмӕ цӕмӕй горӕты кулдуар ӕхгӕд ма ’рцӕуа:
2 «Ӕз мӕхӕдӕг дӕ разӕй цӕудзынӕн+ ӕмӕ къуыбыртӕ слӕгъз кӕндзынӕн+. Ныппырх кӕндзынӕн ӕрхуы дуӕрттӕ ӕмӕ ныллыг кӕндзынӕн дуарӕхгӕнӕн ӕфсӕйнӕгтӕ+.
3 Ӕмӕ дын ӕз ратдзынӕн, талынг ран чи ис, уыцы хъӕздыгдзинӕдтӕ+, арф ӕмбӕхст чи у, уыцы хӕзнатӕ, цӕмӕй йӕ базонай, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, дӕ номӕй дӕм чи дзуры+, уыцы Хуыцау, Израилы Хуыцау.
4 Мӕ лӕггадгӕнӕг Иаковы, ме ’взӕрст+ Израилы тыххӕй дӕм бадзырдтон дӕ номӕй. Ӕз дын радтон кадджын ном, кӕд мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр+.
5 Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+. Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+. Ӕз дын дӕ астӕу ӕнгом ӕрбалвасдзынӕн, кӕд мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр,
6 цӕмӕй хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ адӕм зоной, мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+.
7 Ӕз скӕнын рухс+ ӕмӕ сфӕлдисын талынг+, ӕрхӕссын фарн+ ӕмӕ ӕруадзын бӕллӕх+ – ӕппӕт адӕттӕ аразын ӕз, Йегъовӕ+.
8 О арв, къӕвда рауадз+, ӕмӕ мигътӕй ӕмбӕрзт арвӕй рӕстдзинад+ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр къӕвдайау уарӕд. Зӕхх райхъал уӕд ӕмӕ йыл ирвӕзындзинад тыллӕг ӕрхӕссӕд, рӕстдзинад ыл сзайӕд+. Уый аразын ӕз, Йегъовӕ»+.
9 Додой йӕ къона, йе Скӕнӕгимӕ чи быцӕу кӕны+, ӕлыг мигӕнӕны иу къӕртт иннӕ къӕрттытимӕ куыд быцӕу кӕна, афтӕ! Дурынгӕнӕгӕн ӕлыг+ афтӕ зӕгъдзӕн: «Уый цы аразыс?» Ӕмӕ, дӕ къухтӕ цы скодтой, уый дӕуӕй зӕгъдзӕн, къухтӕ йын нӕй, зӕгъгӕ?
10 Додой йӕ къона, йӕ фыдӕн афтӕ чи дзуры: «Цард мын цӕмӕн радтай?» Кӕнӕ йӕ мадӕн чи зӕгъы: «Цӕмӕн мӕ ныййардтай?»+
11 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау+ ӕмӕ йе Скӕнӕг+: «Мӕ фырттӕм+ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй мӕ бафӕрсут+, зӕгъут мын, цӕмӕй мӕ къухты фыдӕбоны+ тыххӕй дзуапп раттон.
12 Ӕз скодтон зӕхх+ ӕмӕ йыл сфӕлдыстон адӕймаджы+. Ӕз мӕхи къухтӕй айтыгътон арв+, ӕмӕ йыл цы ’фсад ис, уымӕн ӕгасӕй дӕр ӕз дӕттын разамынд»+.
13 «Ӕз рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ фӕсидтӕн уыцы лӕгмӕ+, ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сраст кӕндзынӕн+. Уый мын мӕ горӕт сараздзӕн+. Ӕмӕ, мӕ адӕмӕй уацары чи ис, уыдоны рауадздзӕн+, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ райсдзӕн нӕдӕр ӕхца+, нӕдӕр – гӕртам»,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.
14 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Лӕвар кусджытӕ Египетӕй+, сӕудӕджертӕ Ефиопийӕ ӕмӕ савейӕгтӕ+, бӕрзонд адӕм+, дӕумӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕу бауыдзысты+. Уыдон дӕ фӕстӕ ацӕудзысты, ӕрбацӕудзысты дӕм хъадаманты+ ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрлӕудзысты+. Уыдон дын лӕгъстӕ кӕндзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Хуыцау ӕцӕгдӕр демӕ ис+, ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй. Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй“»+.
15 Ды дӕ, йӕхи чи ӕмбӕхсы, уыцы Хуыцау+, Израилы Хуыцау, Ирвӕзынгӕнӕг+.
16 Уыдон иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты ӕмӕ фегад уыдзысты. Мӕнгхуыцӕуттӕ чи аразы, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдзысты ӕгады бынаты+.
17 Израил та фервӕздзӕн, Йегъовӕимӕ кӕй ис+, уый тыххӕй, фервӕздзӕн ӕнустӕм+. Сымах нӕ фӕхудинаг уыдзыстут+ ӕмӕ ӕнусты дӕр ӕгады бынатмӕ+ никуы ӕрхаудзыстут.
18 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, арв чи сфӕлдыста+, уыцы Хуыцау,– уый у ӕцӕг Хуыцау+, уый скодта зӕхх, сфӕлдыста йӕ+ ӕмӕ йӕ фидар сӕвӕрдта+, дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн+: „Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+.
19 Ӕз никуы дзырдтон ӕмбӕхст ран+, зӕххы талынг ран. Иаковы байзӕддӕгтӕн никуы загътон: „Агурут мӕ, фӕлӕ уый уыдзӕн дзӕгъӕлы“+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ сты раст, цы дзурын, уый у ӕцӕг+.
20 Ӕрӕмбырд ут ӕмӕ ӕрбацӕут+. Хӕстӕг ӕрбацӕут, адӕмтӕм уацары чи уыд ӕмӕ чи ссӕрибар, уыдон+. Хъӕдӕйконд хуыцауы чи хаста, уыдон ницы бамбӕрстой. Ницы бамбӕрстой, йӕ бон фервӕзын кӕнын кӕмӕн нӕу, уыцы хуыцаумӕ чи кувы, уыдон дӕр+.
21 Дзурут, ӕрхӕссут уӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ+. Уадз ӕмӕ уыдон кӕрӕдзиимӕ бауынаффӕ кӕной. Раджы замантӕй уый тыххӕй чи дзырдта?+ Суанг ӕй уӕдӕй фӕстӕмӕ чи хъусын кодта?+ Уый ӕз, Йегъовӕ, нӕ уыдтӕн? Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+. Ӕз дӕн рӕстаг Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг+, ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+.
22 Зӕххы кӕрӕттӕ, иууылдӕр мӕм раздӕхут, ӕмӕ фервӕзат+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Хуыцау, ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+.
23 Ӕз мӕхицӕй расомы кодтон+,– мӕ дзыхӕй цы ныхас рацыд+, уый та у раст ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ нал ӕрбаздӕхдзӕн+,– алы адӕймаг дӕр мӕ разы йӕ зонгуытыл кӕй ӕрхаудзӕн+, алы адӕймаг дӕр кӕй сомы кӕндзӕн+
24 ӕмӕ кӕй дзурдзӕн: „Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ тых+. Чи йӕм мӕсты кӕны, уыдон ӕм иууылдӕр ӕрбацӕудзысты ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты+.
25 Израилы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр+ Йегъовӕйы фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕудзысты+ ӕмӕ дзы уыдзысты сӕрыстыр“»+.