Исай 47:1—15

47  Вавилоны чызг+, дӕ бынатӕй ӕрхиз ӕмӕ рыджы сбад+. Халдейты чызг+, сбад зӕххыл, паддзахбадӕн кӕм нӕй, уым+. Адӕм дӕ нал хондзысты фыруӕздан ӕмӕ буцахуыр+.  Райс ӕрмгуырой+ ӕмӕ ссад ӕрысс. Дӕ кӕлмӕрзӕн сис+, дӕ даргъ уӕрӕх къаба ралас+, дӕ зӕнгтӕ байгом кӕн+ ӕмӕ цӕугӕдӕтты сӕрты ахиз.  Дӕ буар байгом кӕн+. Уадз ӕмӕ дын уыной дӕ худинаг+. Ӕз мӕ маст райсдзынӕн+ ӕмӕ мӕ ничи бахъыгдардзӕн*.  «Ис, чи нӕ ӕлхӕны, Уый+. Йӕ ном у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау»+.  Хъусӕй бад+, халдейты чызг+, талынг ранмӕ бацу+. Адӕм дӕ нал хондзысты паддзахӕдты+ Хицау+.  Мӕ маст мӕ адӕммӕ ссыгъд+. Ӕз мӕ бынтӕ фегад кодтон+ ӕмӕ сӕ дӕ къухмӕ радтон+. Ды сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдыстай+. Зӕронд лӕгыл тынг уӕззау уаргъ сӕвӕрдтай+.  Ды дзырдтай: «Ӕз Хицау+ уыдзынӕн ӕнустӕм, мыггагмӕ». Ды уыдӕттӕ дӕ зӕрдӕмӕ нӕ айстай, хъуыддагӕн йӕ кӕрон цы уыдзӕн, ууыл хъуыды дӕр нӕ акодтай+.  Ӕмӕ ныр байхъус, адджын цард чи уарзы, ӕдас бынаты чи бады+ ӕмӕ йӕхицӕн афтӕ чи дзуры: «Ӕз дӕн се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр, ӕндӕр ничи+. Ӕз идӕдзӕй никуы баззайдзынӕн ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕй никуы ничи амӕлдзӕн»+.  Фӕлӕ дӕ ацы дыууӕ бӕллӕхы баййафдзысты ӕвиппайды, иу бонмӕ+: дӕ сывӕллӕттӕ нал уыдзысты ӕмӕ идӕдзӕй аззайдзынӕ. Уыдӕттӕ дыл ӕрцӕудзысты, иуӕй дӕр дзы нӕ аирвӕздзынӕ+, кӕлӕнты кӕй аныгъуылдтӕ ӕмӕ амӕй-ай фыддӕр хинтӕй ӕфсис кӕй нӕ зыдтай, уый тыххӕй+. 10  Ды дӕ зӕрдӕ дардтай дӕ фыдхъуыддӕгтыл+ ӕмӕ дзырдтай: «Ничи мӕ уыны»+. Дӕу фӕсайдтой дӕ зонд ӕмӕ дӕ зонындзинӕдтӕ+. Ӕмӕ ды дӕхицӕн дзурыс: «Ӕз дӕн се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр, ӕндӕр ничи». 11  Бӕллӕх дӕ баййафдзӕн – ницавӕр кӕлӕнтӕ дын баххуыс кӕндзысты. Фыдбылыз дыл ӕрцӕудзӕн+ – дӕ бон ӕй бауромын нӕ бауыдзӕн. Зонгӕ дӕр кӕй тыххӕй нӕ кӕныс, ахӕм бӕллӕх дыл ӕвиппайды ӕрцӕудзӕн+. 12  Уӕдӕ лӕуу дӕ хинтимӕ ӕмӕ дӕ бирӕ кӕлӕнтимӕ+, де ’рыгонӕй фӕстӕмӕ кӕуыл фыдӕбон кодтай, уыдонимӕ. Кӕд дын баххуыс кӕниккой, кӕд дӕ бон бауид адӕмыл тас бафтауын. 13  Дӕ бирӕ уынаффӕгӕнджытӕй сфӕлмӕцыдтӕ. Цӕй, сыстӕнт ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕнӕнт, арвӕн чи кувы, стъалытӕм чи кӕсы+ ӕмӕ, мӕй куы сног вӕййы, уӕд дын, цы дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ чи фӕдзуры, уыдон. 14  Уыдон систы хъӕмпы хуызӕн+ ӕмӕ сӕ арт асудздзӕн+. Сӕ удтӕ+ пиллон артӕй нӕ фервӕзын кӕндзысты+. Нӕ дзы уыдзӕн, зынгтӕй чи цӕуы, ахӕм хъарм, цӕмӕй йӕм адӕм сӕхи батавой, нӕ дзы уыдзӕн ахӕм арты рухс, йӕ разы абадӕн кӕмӕн уа. 15  Афтӕ уыдзысты дӕуӕн дӕ кӕлӕнгӕнджытӕ+, де ’рыгонӕй фӕстӕмӕ кӕимӕ фыдӕбон кодтай, уыдон. Уыдон иууылдӕр алырдӕмты фӕцӕудзысты. Ӕмӕ нӕ уыдзӕн, чи дӕ фервӕзын кӕна, уый+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «никӕуыл бацин кӕндзынӕн».