Исай 50:1—11
50 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Уӕ мады уын куы арвыстон+, уӕд ын, кӕй дзы ахицӕн дӕн, уый тыххӕй гӕххӕтт радтон?+ Кӕнӕ мын ӕфстау чи радта, уыдонӕй уӕ кӕмӕн ауӕй кодтон?+ Сымах уӕй ӕрцыдыстут уӕ тӕригъӕдты тыххӕй+, уӕ фыдракӕндты тыххӕй ӕрцыд ӕрвыст уӕ мад+.
2 Цӕмӕн рауад афтӕ, ӕмӕ, куы ’рцыдтӕн, уӕд дзы ничи уыд?+ Куы уӕм дзырдтон, уӕд мын дзуапп цӕуылнӕ исчи радта?+ Ау, мӕ къух цыбыр сси, цӕмӕй йӕ бон фервӕзын кӕнын ма уа?+ Ӕви мӕм уыйбӕрц тых нӕй, цӕмӕй уӕ ссӕрибар кӕнон? Ӕз мӕ уайдзӕфӕй+ денджыз бахус кӕнын+, цӕугӕдӕттӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнын+. Ӕмӕ дзы цы кӕсӕгтӕ вӕййы, уыдон стӕф кӕнынц, дон дзы кӕй нал вӕййы, уый тыххӕй, ӕнӕ донӕй амӕлынц+.
3 Ӕз арвыл уӕлӕдарӕсау ӕрбакӕнын талынг+, хъисынӕй йӕ ӕрбамбӕрзын»+.
4 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ мын радта ахуыргӕнинӕгты ӕвзаг+, цӕмӕй зонон, фӕллад адӕймаджы ныхасӕй куыд барӕвдауон, уый+. Уый мӕ алы райсом дӕр райхъал кӕны, мӕ хъустӕ мын байгом кӕны, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтау хъусон+.
5 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ мын мӕ хъус байгом кодта, ӕмӕ ӕгоммӕгӕс нӕ уыдтӕн+. Мӕхи цы фӕндыд, уый нӕ кодтон+.
6 Чи мӕ цавта, уыдонмӕ мӕ фӕсонтӕ бадардтон, мӕ рустӕ+ – мӕ боцъо мын чи тыдта, уыдонмӕ. Ӕфхӕрӕн митӕй ӕмӕ тутӕй мӕ цӕсгом не ’мбӕхстон+.
7 Фӕлӕ мын Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн+, ӕмӕ мӕхимӕ ӕгад нӕ кӕсдзынӕн. Уый тыххӕй мӕ цӕсгом ӕхсондурау ныхъхъӕбӕр кодтон ӕмӕ йӕ зонын, худинаг мӕм кӕй нӕ кӕсдзӕн+.
8 Рӕстгӕнӕг мӕ чи хоны, уый ӕввахс у+. Кӕй бон у мемӕ быцӕу кӕнын? Цӕй, кӕрӕдзи ныхмӕ ӕрлӕууӕм+. Тӕрхоны мӕ ныхмӕ чи ’рлӕудзӕн?+ Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕуӕд+.
9 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ мын баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ мӕ чи схондзӕн фыдгӕнӕг?+ Уыдон иууылдӕр уӕлӕдарӕсау баихсидзысты+, рӕмпӕг сӕ бахӕрдзӕн+.
10 Йегъовӕйӕ уӕ чи тӕрсы+ ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ чи хъусы?+ Сымахӕй ӕдзух талынджы чи цыд+ ӕмӕ рухс чи нӕ уыдта? Уый йӕ зӕрдӕ дарӕд Йегъовӕйы номыл+ ӕмӕ ӕххуыс агурӕд йӕ Хуыцауӕй+.
11 «Сымах, арт чи скӕны ӕмӕ цӕхӕртӕ чи ссудзы, уыдон, сымах иууылдӕр рацу-бацу кӕнут уӕ арты рухсмӕ ӕмӕ, цы цӕхӕртӕ ссудзут, уыдоны ’хсӕн. Мӕ къух уын мӕнӕ цы бакӕндзӕн: сымах хуысдзыстут ӕмӕ удхар кӕндзыстут+.