Исай 55:1—13
55 Дойны кӕмӕн у, уе ’ппӕт дӕр рацӕут+, дон райсут!+ Ӕмӕ сымах дӕр, ӕхца кӕмӕ нӕй, уыдон, рацӕут, ӕлхӕнут ӕмӕ хӕрут!+ О, рацӕут, исут сӕн+ ӕмӕ ӕхсыр+ ӕнӕ ӕхцайӕ, лӕвар+.
2 Дзул цы нӕу, уымӕн ӕхца цӕмӕн фидут ӕмӕ, уӕ зӕрдӕ цӕмӕй нӕ райы, ууыл цӕмӕн фыдӕбон кӕнут?+ Лӕмбынӕг мӕм хъусут ӕмӕ хӕрут хорз хӕринӕгтӕ+, дзаджджын хӕринӕгтӕй уӕ мондӕгтӕ уадзут+.
3 Уӕ хъус ӕрдарут+ ӕмӕ мӕм ӕрбацӕут+. Байхъусут мӕм, ӕмӕ цӕрат*+, ӕмӕ ӕз уемӕ скӕндзынӕн ӕнусон бадзырд+, Давидӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы ӕцӕг ӕнувыд уарзтимӕ баст чи у, ахӕм бадзырд+.
4 Ӕз ӕй адӕмыхӕттытӕн радтон+, цӕмӕй сын уа ӕвдисӕн+, радтон ӕй+ адӕмыхӕттытӕн, цӕмӕй сын уа хицау+ ӕмӕ разамонӕг+.
5 Ды фӕсиддзынӕ, кӕй нӕ зоныс, уыцы адӕммӕ+ ӕмӕ дӕ чи нӕ зыдта, уыцы адӕм лидздзысты дӕумӕ+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй+ ӕмӕ Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ дӕ уый срӕсугъд кӕндзӕн+.
6 Агурут Йегъовӕйы, цалынмӕ йӕ ссарӕн ис, уӕдмӕ+. Цалынмӕ хӕстӕг у, уӕдмӕ йӕм кувут+.
7 Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг+, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ+. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн+.
8 «Уӕ хъуыдытӕ мӕ хъуыдыты хуызӕн не сты+ ӕмӕ уӕ фӕндӕгтӕ – мӕ фӕндӕгты хуызӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.–
9 Арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у+, афтӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕр уӕлдӕр сты уӕ фӕндӕгтӕй+ ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ – уӕ хъуыдытӕй+.
10 Къӕвда ӕмӕ мит куыд ӕруарынц ӕмӕ фӕстӕмӕ арвмӕ куыд нӕ аздӕхынц, цалынмӕ зӕхх донӕй нӕ бафсадой, цалынмӕ йыл хор не сзайа ӕмӕ тыллӕг нӕ ратта+, цӕмӕй, таугӕ чи кӕны, уымӕн уа тауинаг, хӕргӕ чи кӕны, уымӕн та – хойраг+,
11 афтӕ у, мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый дӕр+. Цалынмӕ нӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ мӕм фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхдзӕн+, фӕлӕ сараздзӕн, цы мӕ фӕнды, уый+, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг+.
12 Гъемӕ цингӕнгӕйӕ рацӕудзыстут+ ӕмӕ уӕ фарнимӕ ӕрбакӕндзысты+. Хӕхтӕ ӕмӕ къуыбыртӕ уӕ разы цин кӕндзысты, фырцинӕй хъӕр кӕндзысты+ ӕмӕ быдырон бӕлӕстӕ иууылдӕр кӕндзысты ӕмдзӕгъд+.
13 Сындзыты ӕмӕ пыхсыты бӕсты сзайдзӕн ӕхсӕлы+, судзаг пысыраты бӕсты – мирт+. Уый Йегъовӕйӕн ӕрхӕсдзӕн кад+ ӕмӕ уыдзӕн, ӕнустӕм чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм нысан»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «уӕ удтӕ цӕрой».