Исай 60:1—22
60 «Мӕнӕ ус, уӕлӕмӕ сыст+ ӕмӕ рухс кӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ рухс ӕрцыд+ ӕмӕ дыл Йегъовӕйы кад хурау скаст+.
2 Талынг+ ӕрбамбӕрздзӕн зӕхх, адӕмыхӕттыты – саудалынг. Дӕуыл та хурау скӕсдзӕн Йегъовӕйы рухс ӕмӕ дӕуыл зындзӕни йӕ кад+.
3 Ӕмӕ адӕмтӕ цӕудзысты дӕ рухсмӕ+, паддзӕхтӕ+ – дӕ ирд рухсмӕ+.
4 Дӕ сӕрыл-ма схӕц ӕмӕ-ма дӕ алыварс акӕс! Уыдон иууылдӕр ӕрӕмбырд сты+ ӕмӕ дӕм ӕрбацыдысты+. Дӕ фырттӕ дӕм цӕуынц дардӕй ӕмӕ дын дӕ чызджыты сӕ къухтыл ӕрбахӕсдзысты+.
5 Куы сӕ фенай, уӕд дӕ цӕсгом ныррухс уыдзӕн+, дӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп ссӕудзӕн, дӕ зӕрдӕ фырцинӕй дӕ риуы нал цӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм ӕрцӕудзысты денджызы хӕзнатӕ, ӕрбацӕудзысты дӕм адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ+.
6 Мадиамӕй ӕмӕ Ефӕйӕ+ чи цӕуы, уыцы теуатӕй, ӕвзонг теуатӕй, дӕ зӕхх нал зындзӕн. Савӕйы+ цӕрджытӕ дӕр иууылдӕр ӕрцӕудзысты. Уыдон ӕрласдзысты сызгъӕрин ӕмӕ урс буд ӕмӕ адӕмы ’хсӕн Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты+.
7 Кедары+ дзугтӕ иууылдӕр дӕумӕ ӕрцӕудзысты. Наваиофы+ фырытӕ дын лӕггад кӕндзысты+. Уыдон ссӕудзысты мӕ нывондхӕссӕнмӕ+ ӕмӕ ӕхсызгонӕй ист ӕрцӕудзысты, ӕмӕ ӕз саив кӕндзынӕн мӕ рӕсугъд хӕдзар+.
8 Уӕртӕ уый мигъау+ чи ӕрбатындзы ӕмӕ, бӕлӕттӕ бӕлондӕттӕм куыд фӕтӕхынц, афтӕ чи ӕрбатӕхы?
9 Сакъадӕхтӕ сӕ ныфс дардзысты мӕныл+, стӕй Фарсисы+ наутӕ дӕр, раздӕр куыд уыд, афтӕ. Уыдон дын дӕ фыртты дардӕй ӕрбаласдзысты+, семӕ се ’взист ӕмӕ сӕ сызгъӕрин дӕр+, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы+ номы+ кадӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ уый срӕсугъд кӕндзӕн+.
10 Ӕндӕрбӕстӕгтӕ дын дӕ къултӕ самайдзысты+ ӕмӕ дын сӕ паддзӕхтӕ лӕггад кӕндзысты+. Ӕмӕ дӕ кӕд мӕстӕй судзгӕйӕ ӕрцӕвдзынӕн+, уӕддӕр дӕм мӕ хорзӕхы фӕрцы равдисдзынӕн фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+.
11 Дӕ кулдуӕрттӕ ӕдзухдӕр уыдзысты гом+, нӕдӕр бон уыдзысты ӕхгӕд, нӕдӕр ӕхсӕв, цӕмӕй дӕм ӕрбахӕссой адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ+, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы сӕ паддзӕхтӕ уыдзысты фыццаг+.
12 Чи дын нӕ лӕггад кӕна, уыцы адӕмтӕ ӕмӕ уыцы паддзахӕдтӕ та фесӕфдзысты. Уыцы адӕмтӕй иу дӕр нал баззайдзӕн+.
13 Дӕумӕ ӕрцӕудзӕн Ливаны кад – ӕхсӕлыбӕлас, кӕрз ӕмӕ кипарис+,– цӕмӕй мӕ кувӕн бынат срӕсугъд уа+, ӕмӕ ӕз скадджын кӕндзынӕн мӕ къӕхтӕвӕрӕн бынат+.
14 Чи дӕ ӕфхӕрдта, уыдон дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрлӕудзысты+. Чи дӕ ницӕмӕ дардта, уыдон дӕ къӕхты раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты+ ӕмӕ дӕ схондзысты Йегъовӕйы горӕт, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы Сион+.
15 Дӕу ныууагътой ӕмӕ дӕ се сӕфт уыдтой, хӕстӕг дӕм ничиуал цыди+. Фӕлӕ ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕуӕй ӕнустӕм уыдзысты сӕрыстыр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ уыдзынӕ цины хос+.
16 Ды дӕхи ӕфсаддзынӕ адӕмты ӕхсырӕй+, паддзӕхты дзидзи дӕйдзынӕ+. Ӕмӕ йӕ базондзынӕ, ӕз, Йегъовӕ+, кӕй дӕн дӕ Ирвӕзынгӕнӕг+, Иаковы Тыхджын Хуыцау+ кӕй у дӕ Ӕлхӕнӕг+.
17 Ӕрхуыйы бӕсты дын хӕсдзынӕн сызгъӕрин+, ӕфсӕйнаджы бӕсты – ӕвзист, хъӕдӕрмӕджы бӕсты – ӕрхуы, дурты бӕсты – ӕфсӕйнаг. Ӕмӕ дын фарн сӕвӕрдзынӕн цӕстдарӕгӕй+, рӕстдзинад – хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй+.
18 Дӕ зӕххыл тыхмийӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, дӕ бӕстӕйы никӕйуал стигъдзысты ӕмӕ ницыуал пырх кӕндзысты+. Ӕмӕ дӕ къултӕ схондзынӕ Ирвӕзындзинад+, дӕ кулдуӕрттӕ – Кад.
19 Бонӕй дын хур рухс нал кӕндзӕн, ӕхсӕв дӕм мӕйы рухс нал кӕлдзӕн. Йегъовӕ йӕхӕдӕг уыдзӕн дӕ рухс ӕнустӕм+, дӕ Хуыцау уыдзӕн дӕ фидыц+.
20 Дӕ хур никуыуал аныгуылдзӕн ӕмӕ дӕ мӕй никуыуал фӕкъахыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг уыдзӕн дӕ рухс ӕнустӕм+, ӕмӕ дӕ хъыггӕнӕн бонтӕ фӕуыдзысты+.
21 Дӕ адӕм иууылдӕр уыдзысты рӕстгӕнджытӕ+ ӕмӕ уыцы зӕхх ӕнустӕм уыдзӕн уыдоны+. Уыдон сты, кӕй ныссагътон, уыцы тау+, мӕ къухты фыдӕбон+, мӕ фидыц+.
22 Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм+. Ӕз, Йегъовӕ, уыцы хъуыддаг йӕ рӕстӕджы фӕтагъд кӕндзынӕн»+.