Исай 62:1—12
62 Сионы тыххӕй ӕз хъусӕй нӕ лӕудзынӕн+, Иерусалимы+ тыххӕй ӕз нӕ лӕудзынӕн ӕнцад, цалынмӕ йӕ рӕстдзинад нӕ сӕрттива ирд рухсау+, йӕ ирвӕзындзинад – судзгӕ цырагъы рухсау+.
2 «Адӕмтӕ дын+ фендзысты дӕ рӕстдзинад+, паддзӕхтӕ дын се ’ппӕт дӕр фендзысты дӕ кад+. Ӕмӕ дын ратдзысты ног ном+, Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй зӕгъа, уыцы ном.
3 Ды Йегъовӕйы къухы суыдзынӕ рӕсугъд кадыхуд+, дӕ Хуыцауы армы суыдзынӕ паддзахы сарыхъ.
4 Дӕуӕй нал дзурдзысты, йӕ лӕг ӕй ныууагъта+, зӕгъгӕ, дӕ зӕхх дын нал хондзысты, дзӕгъӕл чи баззад, уыцы зӕхх+. Дӕу схондзысты „Уый у мӕ цин“+, дӕ зӕхх та – „Сӕрыхицау кӕмӕн ис, уый“. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн уыдзынӕ йӕ цин ӕмӕ дӕ зӕххӕн уыдзӕн хицау, сылгоймагӕн сӕрыхицау куыд уа, афтӕ+.
5 Лӕппу ус куыд ракуры ӕмӕ йӕ усӕн йӕ сӕрыхицау куыд свӕййы, афтӕ дын дӕ фырттӕ суыдзысты хицӕуттӕ+. Ӕмӕ усгур чындзмӕ кӕсгӕйӕ куыд фӕцин кӕны+, афтӕ дыл цин кӕндзӕн дӕ Хуыцау+.
6 О Иерусалим, ӕз дын дӕ къулты сӕрыл сӕвӕрдтон хъахъхъӕнджытӕ+. Хъуамӕ хъусӕй макуы лӕууой – нӕдӕр бонӕй, нӕдӕр ӕхсӕвӕй+.
Сымах, Йегъовӕйы тыххӕй чи дзуры+, уыдон, хъусӕй ма лӕуут+,
7 ма йӕ ныууадзут, ма ’рсабыр ут, цалынмӕ уый Иерусалим не ’рфидар кӕна, цалынмӕ афтӕ нӕ бакӕна, ӕмӕ Иерусалим ӕгас зӕххыл дӕр кадджын кӕной, уӕдмӕ»+.
8 Йегъовӕ расомы кодта, йӕ рахиз къух+, йӕ фидар цонг хӕрдмӕ сисгӕйӕ+: «Дӕ хор дын де знӕгтӕн нал ратдзынӕн+, кӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уыцы ног сӕн+ дын ӕндӕрбӕстӕгтӕ нал нуаздзысты.
9 Хор хӕрдзысты, чи йӕ ӕмбырд кӕна, уыдон ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты. Ӕмӕ, сӕнӕфсир чи тона, уыдон нуаздзысты сӕн мӕ сыгъдӕг кӕртыты»+.
10 Рахизут, кулдуарӕй ӕддӕмӕ рахизут! Адӕмӕн сӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут+. Саразут фӕндаг! Дуртӕй йӕ асыгъдӕг кӕнут+. Адӕмтӕн сӕвӕрут амонӕн цӕджындз+.
11 Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй суанг зӕххы кӕрон дӕр фехъусой ацы ныхӕстӕ+: «Зӕгъут Сионы чызгӕн+: „Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ ирвӕзындзинад+. Цы хӕрзиуӕгӕй хайджын кӕны+, уый йемӕ ис, цы мызд фиды, уый ис йӕ разы“»+.
12 Ӕмӕ сӕ хондзысты сыгъдӕг адӕм+, Йегъовӕ кӕй балхӕдта, уыцы адӕм+. Дӕу та хондзысты «Кӕй агурынц, уый», «Кӕй нӕ ныууагътой, уыцы горӕт»+.