Исай 64:1—12

64  Тӕхуды, ӕмӕ арв дыууӕ дихы куы фӕкӕнис ӕмӕ куы ’рхизис+, цӕмӕй дӕ разы хӕхтӕ банкъуысой+,–  цыма зынг хус къӕцӕлтӕ ссыгъта ӕмӕ арты сӕрыл дон рафыхт, уыйау,– цӕмӕй дын де знӕгтӕ дӕ ном базоной+ ӕмӕ цӕмӕй адӕмтӕ дӕ разы базыр-зыр кӕной!+  Ды арӕзтай, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ уыдыстӕм, адӕймагыл тас чи ’фтыдта, ахӕм хъуыддӕгтӕ+. Ды-иу ӕрцыдтӕ ӕмӕ-иу дӕ разы хӕхтӕ банкъуыстысты+.  Раджы замантӕй фӕстӕмӕ ничи фехъуыста+ ӕмӕ ничи федта, цӕмӕй дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау уа+ – ды архайыс, дӕумӕ чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны тыххӕй+.  Ды фембӕлдтӕ, цин чи кӕны ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры+, уыимӕ, йӕ зӕрдыл дӕ чи дары ӕмӕ дӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы+, уыдонимӕ. Дӕуӕн дӕ маст ссыгъд+, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ рӕстӕг арӕзтам тӕригъӕдтӕ+. Ӕмӕ ма уӕд ирвӕзгӕ фӕкӕндзыстӕм?+  Мах не ’ппӕт дӕр свӕййӕм, сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм адӕймаджы хуызӕн, нӕ раст хъуыддӕгтӕ иууылдӕр сты, сылгоймагыл йӕ тугцыды бонты чи вӕййы, ахӕм дзаумайау+. Мах не ’ппӕт дӕр сыфтӕрау бахус уыдзыстӕм+ ӕмӕ нӕ нӕ фыдракӕндтӕ дымгӕйау ахӕсдзысты+.  Дӕ ном дын ничи ссары+, ничи архайы, цӕмӕй дыл фидар хӕца. Ды нӕ дӕ цӕсгом бамбӕхстай+ ӕмӕ нын афтӕ бакодтай, цӕмӕй нӕ нӕ фыдракӕндтӕ ныцъцъист кӕной+.  О Йегъовӕ, ды дӕ нӕ Фыд+. Мах стӕм ӕлыг+, ды та дӕ нӕ Дурынгӕнӕг+, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм дӕ къухты конд+.  Дӕ маст ӕгӕр тынг ма судзӕд+, о Йегъовӕ, ӕмӕ нын нӕ фыдракӕндтӕ ӕнустӕм дӕ зӕрдыл ма дар+. Ӕркӕс-ма, мах иууылдӕр дӕ адӕм стӕм+. 10  Дӕ сыгъдӕг горӕттӕ+ ӕдзӕрӕг быдыр фестадысты. Сион+ иууылдӕр сси ӕдзӕрӕг быдыры хуызӕн, Иерусалим – ӕдзӕрӕг бӕстӕ+. 11  Нӕ рухс ӕмӕ нӕ рӕсугъд хӕдзар+, нӕ фыдӕлтӕ дӕ кӕм кадджын кодтой+, уыцы хӕдзар, арты хай баци+, зынаргъ нын цы уыд+, уыдонӕй ницыуал баззад. 12  Ӕмӕ, адӕттӕм кӕсгӕйӕ, уӕддӕр дӕхи уромдзынӕ+, о Йегъовӕ? Уӕддӕр ма ӕнцад лӕудзынӕ ӕмӕ уадздзынӕ, цӕмӕй нын фырӕфхӕрдӕй нӕ уд ласой?+

Фиппаинӕгтӕ