Исай 9:1—21
9 Фӕлӕ ахӕм талынг нӕ уыдзӕн, зӕххыл уӕззау рӕстӕг куы скодта, раздӕр куыд уыд – Завулоны зӕхх ӕмӕ Неффалимы+ зӕхх ӕгады бынаты куы уыдысты, уӕд куыд уыд,– афтӕ. Уый фӕстӕ та скадджын+ – денджызы былгӕрӕтты, Иорданы раз чи ис, уыцы зӕхх, ӕндӕрбӕстаг адӕмты Галилейӕ+.
2 Талынджы чи уыд, уыцы адӕм федтой ӕмбисонды рухс+, саудалынг бӕстӕйы чи цард+, уыдоныл хур скаст+.
3 Ды ацы адӕмы сбирӕ кодтай+, стыр цинӕй сӕ схайджын кодтай+. Уыдон дӕ разы цин кодтой, адӕм хуымгӕрдӕны афон куыд фӕцин кӕнынц+, хӕсты фӕстӕ знаджы мулк чи фӕдих кӕны, уыдоны цинӕн кӕрон куыд нал вӕййы, афтӕ+.
4 Ды сын ныппырх кодтай сӕ уӕззау ӕфсондз+ ӕмӕ, се уӕхсчытыл чи уӕз кодта, уыцы хъил – сӕ цӕстдарӕджы лӕдзӕг+,– Мадиам цы бон басастой, уӕд куыд уыд, афтӕ+.
5 Цӕугӕ-цӕуын-иу+ йӕ къӕхты бын зӕхх кӕмӕн базмӕлыд, уыдонӕй алкӕй къахыдарӕс дӕр ӕмӕ, туджы чи сӕвдылд, уыцы уӕлӕдарӕс арты хай баисты, арт сӕ аныхъуырдта+.
6 Мӕнӕ нын райгуырди сывӕллон+, лӕвӕрд нын у лӕппу+. Уымӕн йе уӕхсчытыл ӕрӕнцайдзысты кънйазы бартӕ+. Ӕмӕ йӕ хондзысты Диссаджы уынаффӕгӕнӕг+, Хъомысджын хуыцау*+, Ӕнусон фыд+, Фарны кънйаз+.
7 Йӕ кънйазы бартӕ аххӕсдзысты дардыл+, ӕмӕ Давиды паддзахбадӕн+ ӕмӕ йӕ паддзахад уыдзысты ӕгӕрон фарнӕй* хайджын+. Йӕ паддзахад уыдзӕн фидар ӕвӕрд+ ӕмӕ лӕудзӕн раст тӕрхон+ ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы+, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр. Уый бакӕндзӕн зынгзӕрдӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.
8 Йегъовӕ загъта ныхас Иаковы ныхмӕ, ӕмӕ уый ӕрцыд Израилыл+.
9 Адӕм ӕй иууылдӕр базондзысты+, Ефрем дӕр ӕмӕ Самарийы+ цӕрджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон сты сӕрбӕрзонд ӕмӕ схъӕлзӕрдӕ ӕмӕ дзурынц+:
10 «Нӕ самандур хӕдзӕрттӕ ныппырх сты, фӕлӕ сӕ мах сараздзыстӕм лӕгъзгонд дуртӕй+. Сикоморбӕлӕстӕ+ акалдтой, фӕлӕ сӕ мах баивдзыстӕм кедртӕй».
11 Йегъовӕ Ефремы ныхмӕ ракӕндзӕн Рецины знӕгты, Ефремыл сардаудзӕн йе знӕгты+:
12 Сири – скӕсӕнырдыгӕй+, филистимӕгты та – ныгуылӕнырдыгӕй*+. Уыдон сӕ дзых бахӕлиу кӕндзысты+ ӕмӕ Израилы аныхъуырдзысты. Уый тыххӕй нӕ сабыр кӕны йӕ маст, уый тыххӕй у йӕ къух хӕрдмӕ ист+.
13 Фӕлӕ адӕм, Чи сӕ ӕрцӕвы, уымӕ фӕстӕмӕ не здӕхынц+ ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы нӕ агурынц+.
14 Ӕмӕ Йегъовӕ Израилӕн иу бонмӕ+ ахауын кӕндзӕн йӕ сӕр+ ӕмӕ йӕ къӕдзил+, йӕ къалиу ӕмӕ йӕ хъӕз.
15 Сӕр у кадджын зӕронд лӕг+, къӕдзил та – мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, уыцы пехуымпар+.
16 Ацы адӕмӕн разамынд чи дӕтты, уыдон сӕ сӕ фӕндагӕй фӕхауӕггаг кодтой+, ӕмӕ, разамынд кӕмӕн дӕттынц, уыдон схӕццӕтӕ сты+.
17 Уый тыххӕй сын Йегъовӕ нӕ бацин кӕндзӕн сӕ лӕппутыл+ дӕр, нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн сӕ сидзӕртӕн ӕмӕ сӕ идӕдз сылгоймӕгтӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон иууылдӕр Хуыцауы ныууагътой+, сты фыдгӕнджытӕ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр кӕнынц ӕнӕзонд ныхӕстӕ. Уый тыххӕй нӕ сабыр кӕны йӕ маст, уый тыххӕй у йӕ къух хӕрдмӕ ист+.
18 Фыддзинад артау ныггуыпп кодта+ ӕмӕ сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг аныхъуырдзӕн+. Уыцы арт сирвӕздзӕн тархъӕдтыл+, ӕмӕ сӕ сау фӕздӕг хӕрдмӕ цӕудзӕн+.
19 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы мастӕй зӕхх ссыгъд, ӕмӕ арт адӕмы аныхъуырдзӕн+. Суанг йе ’фсымӕрӕн дӕр ничиуал фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+.
20 Рахиз фарс цы ис, уымӕй-иу ралыг кӕндзӕн, фӕлӕ уӕддӕр уыдзӕн ӕххормаг, галиу фарс цы ис, уымӕй-иу бахӕрдзӕн, фӕлӕ уӕддӕр нӕ бафсӕддзӕн+. Алчидӕр хӕрдзӕн йӕхи цонджы фыдтӕ+:
21 Манасси – Ефремы, Ефрем та – Манассийы. Дыууӕйӕ иумӕ уыдзысты Иудӕйы+ ныхмӕ. Уый тыххӕй нӕ сабыр кӕны йӕ маст, уый тыххӕй у йӕ къух хӕрдмӕ ист+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «Хуыцауӕй чи у, уыцы Хъомысджын»; дзут. Ел Гиббо́р. Хицӕн кӕны дзырдбаст «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау»-ӕй, дзут. Ел Шадда́й, афтӕ у Райд 17:1.
^ Кӕнӕ «сабырдзинадӕй».
^ Кӕнӕ «фӕстӕрдыгӕй».