Йезекил 14:1—23

14  Уӕд мӕм Израилы хистӕр лӕгтӕй цалдӕрӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ мӕ разы ӕрбадтысты+.  Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта:  «Адӕймаджы фырт, ацы адӕм сӕ зӕрдӕты бынат скодтой сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕн, ӕмӕ сӕ разы ӕрӕвӕрдтой, чи сӕ рӕдийын кӕны, уыцы цӕлхдур+. Ӕмӕ сын уӕд куыд хъуамӕ раттон дзуапп, куы мӕ фӕрсой, уӕд?+  Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Израилы адӕмӕй чидӕриддӕр йӕ фаджыс-хуыцӕуттӕн+ йӕ зӕрдӕйы бынат скодта, ӕмӕ йӕ разы, чи йӕ рӕдийын кӕны, уыцы цӕлхдур чидӕриддӕр ӕвӕры ӕмӕ пехуымпармӕ чи ’рбацӕуы, уымӕн ӕз, Йегъовӕ, мӕхӕдӕг ратдзынӕн дзуапп, йӕ дуне фаджыс-хуыцӕуттӕм гӕсгӕ йын чи ’мбӕлы, ахӕм дзуапп+,  цӕмӕй ӕрцахсон Израилы адӕмы зӕрдӕтӕ+, уымӕн ӕмӕ сӕ фаджыс-хуыцӕутты тыххӕй мӕнӕй адард сты – се ’ппӕт дӕр адард сты“+.  Уымӕ гӕсгӕ зӕгъ Израилы адӕмӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Раздӕхут, ныууадзут уӕ фаджыс-хуыцӕутты+ ӕмӕ уе ’ппӕт ӕлгъагдзинӕдтӕй уӕхи азилут+,  уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕй кӕнӕ Израилы цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй мӕ фӕдыл чи нал цӕуа+, йӕ фаджыс-хуыцӕуттӕн йӕ зӕрдӕйы чидӕриддӕр бынат скӕна, ӕмӕ йӕ разы, чи йӕ рӕдийын кӕны, уыцы цӕлхдур чидӕриддӕр сӕвӕра ӕмӕ пехуымпармӕ чи ’рбацӕуа, цӕмӕй мӕ истӕмӕй бафӕрса+, уымӕн ӕз, Йегъовӕ, мӕхӕдӕг ратдзынӕн дзуапп.  Ӕз суыдзынӕн уыцы адӕймаджы ныхмӕ+ ӕмӕ йӕ скӕндзынӕн нысан+ ӕмӕ ӕмбисондӕн дзуринаг+. Ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн мӕ адӕмы ’хсӕнӕй+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+.  „Пехуымпар та куы фӕсайды уа ӕмӕ исты ныхас куы зӕгъа, уӕд уыцы пехуымпары фӕсайдтон ӕз, Йегъовӕ+. Ӕз ӕм мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн мӕ адӕм Израилы ’хсӕнӕй+. 10  Ӕмӕ уыдонӕн сӕ тӕригъӕд уыдзӕн сӕхиуыл+. Чи фарста, уый тӕригъӕд ӕмӕ пехуымпары тӕригъӕд уыдзӕн иу+, 11  цӕмӕй Израилы адӕм мӕ фӕдыл цӕуой ӕмӕ мауал адзӕгъӕл уой+ ӕмӕ сӕхи се ’ппӕт фыдракӕндтӕй мауал чъизи кӕной. Ӕмӕ уыдон суыдзысты мӕ адӕм, ӕз та суыдзынӕн сӕ Хуыцау“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ»+. 12  Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: 13  «Адӕймаджы фырт, искӕцы бӕстӕ мыл гадзрахатӕй куы рацыдаид ӕмӕ афтӕмӕй мӕ разы тӕригъӕд куы сарӕзтаид+, уӕд ӕм ӕз мӕ къух систаин, сӕ гуылтӕ цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон сын ныссастаин+ ӕмӕ уыцы бӕстӕйы ӕххормаг заман скӕнын кодтаин+ ӕмӕ дзы адӕймагӕй, хӕдзарон фосӕй иу дӕр нал ныууагътаин»+. 14  «„Ӕмӕ дзы ацы ӕртӕ адӕймаджы куы уыдаиккой – Ной+, Данел+ ӕмӕ Иов+, уӕд сӕ рӕстдзинады фӕрцы+ фервӕзын кодтаиккой ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ»+. 15  «„Кӕнӕ уыцы бӕстӕйыл тугдзых сырдты куы рауагътаин+, ӕмӕ сӕ сӕ сывӕллӕттӕй ӕнӕхай куы фӕкодтаиккой+, ӕмӕ уыцы зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕ куы фестадаид ӕмӕ йыл хъӕддаг сырдты тӕссӕй куы ничиуал цыдаид+, 16  ӕмӕ дзы уыцы ӕртӕ адӕймаджы куы уыдаиккой, уӕд, сомы кӕнын мӕхицӕй, удӕгас Хуыцауӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– уыдон нӕ фервӕзын кодтаиккой нӕдӕр сӕ фыртты, нӕдӕр сӕ чызджыты. Фервӕзтаиккой ӕрмӕстдӕр сӕхӕдӕг, зӕхх та фестадаид ӕдзӕрӕг бӕстӕ“»+. 17  «„Кӕнӕ уыцы бӕстӕйыл хъама куы рауагътаин+, куы загътаин, уыцы бӕстӕйыл хъама рацӕуӕд, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы адӕймагӕй, хӕдзарон фосӕй иу дӕр куы нал ныууагътаин+, 18  ӕмӕ дзы уыцы ӕртӕ адӕймаджы куы уыдаиккой+, уӕд, сомы кӕнын мӕхицӕй, удӕгас Хуыцауӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– уыдон дӕр нӕ фервӕзын кодтаиккой нӕдӕр сӕ фыртты, нӕдӕр сӕ чызджыты. Фервӕзтаиккой ӕрмӕстдӕр сӕхӕдӕг“»+. 19  «„Кӕнӕ уыцы бӕстӕйыл фыдниз куы бафтыдтаин+, мӕ судзгӕ маст ыл куы ныккалдтаин ӕмӕ йыл туджы зӕйтӕ куы рауагътаин+, цӕмӕй дзы адӕймагӕй, хӕдзарон фосӕй иу дӕр мауал ныууагътаин, 20  ӕмӕ Ной+, Данел+ ӕмӕ Иов+ уым куы уыдаиккой+, уӕд, сомы кӕнын мӕхицӕй, удӕгас Хуыцауӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– уыдон нӕ фервӕзын кодтаиккой нӕдӕр сӕ фыртты, нӕдӕр сӕ чызджыты. Сӕ рӕстдзинады фӕрцы фервӕзын кодтаиккой ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ“»+. 21  «Уӕдӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Раст афтӕ уыдзӕн, мӕ цыппар фыдтӕрхоны+ – хъама, ӕххормагдзинад, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ фыдниз+ – Иерусалимыл куы рауадзон, уӕд, цӕмӕй дзы адӕймагӕй, хӕдзарон фосӕй иу дӕр мауал ныууадзон+. 22  Фӕлӕ ма дзы баззайдзӕн, чи аирвӕза, ахӕмтӕ, уырдыгӕй кӕй ракӕндзысты, уыдон+. Уӕртӕ, фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ! Уыдон уӕм рацӕудзысты, ӕмӕ сын сымах фендзыстут сӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ+. Ӕмӕ, Иерусалимыл цы бӕллӕх ӕруадздзынӕн, цыдӕриддӕр ын бавзарын кӕндзынӕн, уый базонгӕйӕ уӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр уыдзысты“». 23  «„Ӕмӕ сын сӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ куы фенат, уӕд уын уӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзысты. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, цы йын хъуамӕ бакӕнон, ӕппӕт уыдӕттӕ йын дзӕгъӕлы кӕй нӕ бакӕндзынӕн“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ