Йезекил 15:1—8
15 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта:
2 «Адӕймаджы фырт, сӕнӕфсирбӕлас+ иннӕ бӕлӕстӕй – йӕ къалиу хъӕды иннӕ бӕлӕсты ’хсӕн – цӕмӕй хицӕн кӕны?
3 Исты архайынӕн дзы хъил скӕндзынӕ? Науӕд къӕбӕл, цӕмӕй йыл исты мигӕнӕн ӕрцауындзай?
4 Арты йӕ баппарынц суджы бӕсты+. Йӕ дыууӕ кӕроны йын арт аныхъуыры ӕмӕ йӕ астӕу дӕр басудзы+. Ӕмӕ уӕд исты аразынӕн бӕззы?
5 Ӕнӕхъӕн куы вӕййы, уӕд дӕр дзы куы ницы фӕаразынц, уӕд ӕй арт куы аныхъуыра ӕмӕ куы басудза, уӕд ма дзы уый фӕстӕ исты сараздзысты?»+
6 «Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Хъӕды бӕлӕсты ’хсӕн чи ис, уыцы сӕнӕфсирбӕлас сугӕн куыд радтон, цӕмӕй дзы арт кӕной, афтӕ радтон Иерусалимы цӕрджыты дӕр+.
7 Ӕз сдӕн сӕ ныхмӕ+. Уыдон артӕй рацыдысты, фӕлӕ сӕ арт аныхъуырдзӕн+. Ӕмӕ сӕ ныхмӕ куы суон, уӕд ӕй базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.
8 «„Ӕмӕ мыл гадзрахатӕй кӕй цыдысты+, уый тыххӕй уыцы зӕхх фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».