Йезекил 17:1—24

17  Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта:  «Адӕймаджы фырт, радзур базон-базон+ ӕмӕ ӕмбисонд Израилы адӕмӕн+.  Зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ливанмӕ+ ӕртахти стыр цӕргӕс+, йӕ базыртӕ уыдысты стыр+, йӕ систӕ – даргъ, йӕ бумбули – бӕзджын, хъулон-мулон, ӕмӕ кедрбӕласӕн+ йӕ цъупп стыдта+.  Йӕ ног таутӕн сыскъуыдта сӕ тӕккӕ цъупп, ӕрбахаста йӕ Ханааны зӕхмӕ+ ӕмӕ йӕ ныссагъта базаргӕнджыты горӕты.  Стӕй райста уыцы зӕххы мыггагӕй+ дӕр ӕмӕ йӕ хуымы ныссагъта. Ныссагъта йӕ хӕрисбӕласау бирӕ дӕтты+ цур.  Мыггаг тау суагъта ӕмӕ сси ныллӕг пӕлӕхсар сӕнӕфсирбӕлас+. Йӕ сыфтӕртӕ бакъӕдз сты мидӕгырдӕм, йӕ уидӕгтӕ та ацыдысты йӕ бынмӕ. Афтӕмӕй сси сӕнӕфсирбӕлас ӕмӕ рауагъта таутӕ ӕмӕ къалиутӕ+.  Уыди ма ӕндӕр стыр цӕргӕс+ дӕр, стыр базыртимӕ ӕмӕ даргъ систимӕ+. Ӕмӕ йӕм уыцы сӕнӕфсирбӕлас йӕ уидӕгтӕ фырдойныйӕ байвӕзта+. Сивӕзта йӕм йӕ сыфтӕр дӕр, сагъд кӕм уыди, уыцы бынатӕй, цӕмӕй йӕ донӕй бафсӕстаид+.  Ӕмӕ сагъд та уыд хорз зӕххы бирӕ дӕтты цур+, цӕмӕй рауагътаид къалиутӕ ӕмӕ хастаид дыргъ ӕмӕ суыдаид стыр, рӕсугъд сӕнӕфсирбӕлас“.  Зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уыцы бӕласӕй исты рауайдзӕн?+ Мыййаг ӕй бындзарӕй не стондзысты+ ӕмӕ йӕ дыргъ нӕ бампылдзӕн? Ӕрӕджы кӕй ратыдтой, уыцы таутӕ йын иууылдӕр нӕ бахус уыдзысты?+ Уыцы сӕнӕфсирбӕлас бахус уыдзӕн. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй бындзарӕй стоной, уый тыххӕй цонджы стыр хъару ӕмӕ бирӕ адӕм нӕ бахъӕудзӕн. 10  Ӕмӕ йӕ кӕд ныссагътой, уӕддӕр дзы исты рауайдзӕн? Нӕ бахус уыдзӕн, раст цыма йыл скӕсӕйнаг дымгӕ андзӕвыд, уыйау?+ Кӕм зайы, уыцы бынаты бахус уыдзӕн“»+. 11  Ӕмӕ мын Йегъовӕ дарддӕр загъта: 12  «Дӕ хорзӕхӕй, уыцы змӕнтӕг адӕмӕн афтӕ зӕгъ+: „Ау, адӕттӕ цы нысан кӕнынц, уый не ’мбарут?“ Зӕгъ: „Вавилоны паддзах Иерусалиммӕ ӕрбацыд, йӕ паддзахы+ ӕмӕ йын йӕ кънйӕзты уацары райста ӕмӕ сӕ йӕхимӕ Вавилонмӕ акодта+. 13  Стӕй паддзахы байзӕддӕгтӕй*+ иуы райста, йемӕ бадзырд скодта ӕмӕ йӕ расомы кӕнын кодта+, бӕстӕйы дзырддзӕугӕ лӕгты та йемӕ акодта+, 14  цӕмӕй сӕ паддзахад ӕрлӕмӕгъ уа+ ӕмӕ ма сбӕрзонд уа, фӕлӕ цӕмӕй, бадзырд ӕххӕст кӕнгӕйӕ, паддзахад йӕ къахыл лӕууа+. 15  Фӕлӕ уый ӕппынфӕстаг йӕ ныхмӕ рацыд+ – йӕ минӕвӕртты Египетмӕ арвыста, цӕмӕй йын раттой бӕхтӕ+ ӕмӕ бирӕ адӕм. Исты йын дзы рауайдзӕн? Афтӕ чи бакодта ӕмӕ бадзырд чи фехӕлдта, уый аирвӕздзӕн? Йӕ бон суыдзӕн аирвӕзын?“+ 16  „Ӕз, удӕгас Хуыцау+, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– уый амӕлдзӕн Вавилоны – йӕ сомы чи ницӕмӕ ӕрдардта+ ӕмӕ йӕ бадзырд чи фехӕлдта, уый паддзахӕй чи сӕвӕрдта, уыцы паддзахы горӕты+. 17  Фараон ын хӕсты нӕ баххуыс кӕндзӕн нӕдӕр стыр ӕфсадӕй, нӕдӕр бирӕ адӕмӕй+, сыджытӕй обӕуттӕ куы кӕна ӕмӕ къултӕ куы амайа, цӕмӕй бирӕ адӕм* ныццӕгъдой, уӕддӕр+. 18  Уый ницӕмӕ ӕрдардта сомы+ ӕмӕ бадзырд фехӕлдта. Уый йӕ къух радта+ ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ бакодта. Уый нӕ аирвӕздзӕн“+. 19  „Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй: мӕ сомы мын кӕй ницӕмӕ ӕрдардта+ ӕмӕ мын мӕ бадзырд кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй йӕ бафхӕрдзынӕн. 20  Ӕз ыл мӕ хыз ӕрӕппардзынӕн, ӕмӕ мӕ хызы бахаудзӕн+. Ӕмӕ йӕ ӕркӕндзынӕн Вавилонмӕ, ӕмӕ уым йӕ ныхмӕ тӕрхоны ӕрлӕудзынӕн, гадзрахатӕй мыл кӕй рацыд, уый тыххӕй+. 21  Йе ’фсӕдтӕй чи алидза, уыдон се ’ппӕт дӕр хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты, чи ма дзы баззайа, уыдоны та дымгӕ алырдӕмты фӕхӕсдзӕн+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, уый ӕз кӕй загътон, ӕз, Йегъовӕ“+. 22  „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дӕр стондзынӕн кедрбӕласы бӕрзонд цъуппӕй ӕмӕ йӕ ныссадздзынӕн+. Йӕ къалиутӕн сӕ тӕккӕ цъуппӕй стондзынӕн иу фӕлмӕн къалиу+ ӕмӕ йӕ ныссадздзынӕн бӕрзонд ӕмӕ стыр хохыл+. 23  Ныссадздзынӕн ӕй Израилы бӕрзонд хохыл+, ӕмӕ рауадздзӕн къалиутӕ, хӕсдзӕн дыргъ+ ӕмӕ суыдзӕн стыр, рӕсугъд кедрбӕлас+. Йӕ бынмӕ цӕрдзысты алыхуызон мӕргътӕ, цӕрдзысты йӕ сыфтӕрты аууоны+. 24  Ӕмӕ йӕ быдырон бӕлӕстӕ иууылдӕр базондзысты, ӕз, Йегъовӕ+, бӕрзонд бӕлас кӕй ӕрныллӕг кӕнын+ ӕмӕ ныллӕг бӕлас кӕй сбӕрзонд кӕнын+, цъӕх бӕлас кӕй бахус кӕнын+ ӕмӕ хус бӕласӕн дидинӕг кӕй ракалын кӕнын. Ӕз, Йегъовӕ, загътон ӕмӕ йӕ сӕххӕст кодтон“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «мыггагӕй».
Комк. «удтӕ».