Йезекил 2:1—10

2  Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт+, уӕлӕмӕ сыст, уымӕн ӕмӕ ӕз ныхас кӕндзынӕн демӕ»+.  Ӕмӕ куыддӕр мемӕ дзурын райдыдта, афтӕ Хуыцауы тыхӕй* схайджын дӕн+ ӕмӕ мӕ уый мӕ къӕхтыл слӕууын кодта, цӕмӕй, мемӕ Чи дзырдта, уымӕн йӕ ныхас хъуыстаин+.  Уый фӕстӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, ӕз дӕ ӕрвитын Израилы фырттӕм+ – мӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы змӕнтӕг адӕмтӕм+. Уыдон сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр суанг абоны онг дӕр мӕ разы тӕригъӕдтӕ аразынц+.  Ӕз дӕ ӕрвитын ӕдзӕсгом+ ӕмӕ хивӕнд+ фырттӕм, ӕмӕ сын ды зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“.  Ӕмӕ дӕм уыдон хъусой+ ӕви ма хъусой+,– уымӕн ӕмӕ змӕнтӕг адӕм сты+,– уӕддӕр ӕй зондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд+.  Ды та сӕ, адӕймаджы фырт, ма тӕрс+, ма сын тӕрс сӕ ныхӕстӕй дӕр, кӕд уыцы адӕм ӕнӕсӕттон сты+ ӕмӕ сындзытӕй уӕлдай не сты+, кӕд скорпионты+ ’хсӕн цӕрыс, уӕддӕр. Ма сын тӕрс сӕ ныхӕстӕй+ ӕмӕ дӕ сӕ цӕсгӕмттӕ тас ма уадзӕнт+, уымӕн ӕмӕ уыдон змӕнтӕг адӕм сты+.  Ды сын хъуамӕ дзурай мӕ ныхӕстӕ, хъусой ӕви ма хъусой, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ змӕнтджытӕ сты+.  Адӕймаджы фырт, байхъус, цы дын дзурын, уымӕ. Ацы змӕнтӕг адӕмы хуызӕн змӕнтӕг ма су+. Дӕ дзых байгом кӕн ӕмӕ дын цы дӕттын, уый бахӕр»+.  Ӕз скастӕн, ӕмӕ дын мӕнӕ мӕ разы къух+, къухы та – чиныджы тыхтон+. 10  Уый йӕ мӕ разы райхӕлдта, ӕмӕ йыл разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр уыди фыстытӕ+. Фыст дзы уыди хъарджытӕ, ӕрдиаг ӕмӕ кӕуын+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.