Йезекил 21:1—32
21 Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта:
2 «Адӕймаджы фырт, азил Иерусалимы ’рдӕм ӕмӕ дзур+ сыгъдӕг бынӕтты ’рдӕм+, пехуымпариуӕг кӕн, дзур Израилы зӕххы ныхмӕ+.
3 Зӕгъ Израилы зӕххӕн: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн+, мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн+ ӕмӕ дыл нал ныууадздзынӕн нӕдӕр рӕстгӕнӕджы, нӕдӕр фыдгӕнӕджы+.
4 Цӕмӕй дыл рӕстгӕнӕджы дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕджы дӕр мауал ныууадзон, уый тыххӕй мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй ист ӕрцӕудзӕн ӕппӕт адӕмы ныхмӕ дӕр – хуссарӕй цӕгатмӕ+.
5 Ӕмӕ йӕ иууылдӕр базондзысты, ӕз, Йегъовӕ, кӕй сластон мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй+ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ кӕй нӕ нывӕрдзынӕн“+.
6 Ды та, адӕймаджы фырт, фыртӕссӕй зыр-зыр кӕн+ ӕмӕ-иу арф ныуулӕф. Сӕ цӕстыты раз-иу хъыг кӕнгӕйӕ арф ныуулӕф+.
7 Ӕмӕ дӕ куы бафӕрсой, афтӕ арф цӕмӕн ныуулӕфыс+, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъ: „Цы хабар фехъуыстон, уый тыххӕй“+. Уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йе уӕнгтӕ* адон уыдзысты+, иууылдӕр сӕ къухтӕ ӕруадздзысты, алкӕмӕн дӕр йӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ уӕрджытӕ ныххуылыдз уыдзысты*+. „Уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+, сӕххӕст уыдзӕн“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».
8 Йегъовӕ мын дарддӕр загъта:
9 «Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Зӕгъ: „Мӕнӕ хъама, мӕнӕ хъама!+ Сцыргъ ӕй кодтой+, сӕрттивын ӕй кодтой.
10 Сцыргъ ӕй кодтой, цӕмӕй цӕгъда, сӕрттивын ӕй кодтой, цӕмӕй цӕхӕртӕ кала“»+.
«Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм?»+
«„Мӕхи фырты+ паддзахы лӕдзӕг+ дӕр иннӕ бӕлӕстау ницӕмӕ ӕрдардзӕн?+
11 Хъама радтой, цӕмӕй йӕ сӕрттивын кӕной ӕмӕ йӕ стӕй къухмӕ райсой. Хъама сцыргъ кодтой, сӕрттивын ӕй кодтой, цӕмӕй йӕ раттой марӕджы къухмӕ+.
12 Хъӕр кӕн, адӕймаджы фырт, ӕрдиаг кӕн+, уымӕн ӕмӕ уыцы хъама у мӕ адӕмы ныхмӕ+, Израилы ӕппӕт сӕргълӕуджыты ныхмӕ+. Уыдон мӕ адӕмимӕ иумӕ хъамайы амӕттаг баисты+. Уӕдӕ дӕ уӕрджытӕ хой+.
13 Хъама фӕлвӕрд ӕрцыд+. Ӕмӕ паддзахы лӕдзӕг дӕр куы ницӕмӕ ӕрдара, уӕд цы ’рцӕудзӕн?+ Нал уыдзӕн“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
14 Ды та, адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн, дӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцӕв+ ӕмӕ ӕртӕ хатты зӕгъ, мӕнӕ хъама+, зӕгъгӕ. Уый у, чи мары, ахӕм хъама. Уый у, кадджын адӕймаджы чи мары, ахӕм хъама. Ӕмӕ сыл алырдыгӕй ӕртыхсдзӕн+.
15 Цӕмӕй адӕймаджы уӕнгтӕ адон уой+ ӕмӕ цӕмӕй се ’ппӕт горӕтты кулдуӕртты+ раз мӕрдтӕ сбирӕ уой, уый тыххӕй сӕ ӕз хъамайӕ фӕцӕгъддзынӕн. Ӕллӕх, цӕхӕртӕ йӕ скалын кодтой, сӕрттивын ӕй кодтой, цӕмӕй цӕгъда!+
16 Дӕ цыргъ ком равдис+ ӕмӕ ацу рахизырдӕм! Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн ӕмӕ ацу галиуырдӕм! Кӕдӕмфӕнды здӕхт ма уай, уырдӕм цу!
17 Ӕз дӕр мӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцӕвдзынӕн+ ӕмӕ мӕ фыдӕх нал судздзӕн+. Уый загътон ӕз, Йегъовӕ».
18 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта:
19 «Ды та, адӕймаджы фырт, сбӕрӕг кӕн, Вавилоны паддзахы хъама кӕуылты хъуамӕ ӕрбацӕуа, дыууӕ ахӕм фӕндаджы+. Дыууӕ дӕр хъуамӕ рацӕуой иу зӕххӕй, ӕмӕ дзы скӕнын хъӕудзӕн амонӕн+. Сӕвӕрын ӕй хъӕудзӕн, горӕтмӕ чи кӕны, уыцы фӕндаг кӕм райдайы, уым.
20 Иу фӕндаг сбӕрӕг кӕндзынӕ, цӕмӕй йыл хъама рацӕуа Аммоны фыртты горӕт Раввӕйы+ ныхмӕ, иннӕ та – цӕмӕй рацӕуа Иудӕйы ныхмӕ, фидаргонд горӕт Иерусалимы ныхмӕ+.
21 Вавилоны паддзах ӕрлӕууыд, фӕндаг дыууӕ дихы кӕм фӕци, дыууӕ фӕндаджы кӕм райдайынц, уым, цӕмӕй дӕсны бафӕрса+. Сцагъта фаттӕ, дӕсны фарста терафимты*+ фӕрцы, касти игӕрмӕ.
22 Йӕ рахиз къухӕй дӕсны куы бафарста, уӕд ын равдыста, кӕй хъуамӕ ацӕуой Иерусалиммӕ, ӕрӕвӕрой къулпырхгӕнӕн хӕцӕнгӕрзтӕ+, бардзырд раттой, цӕгъдут, зӕгъгӕ, фӕдисы хъӕр ныккӕной+, кулдуӕртты раз сӕвӕрой къулпырхгӕнӕн хӕцӕнгӕрзтӕ, сыджытӕй обау скӕной ӕмӕ самайой къул+.
23 Фӕлӕ йын цы равдыста, уый, сомытӕ сын чи ракодта+, уыдонмӕ фӕкасти мӕнг+. Ӕмӕ сын уый сӕ рӕдыд ӕрхъуыды кодта+ ӕмӕ загъта, уацары сӕ кӕй акӕндзӕн+.
24 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уӕ фыдракӕндтӕ куы раргом сты ӕмӕ уӕ тӕригъӕдтӕ, ома уӕ тӕригъӕдджын митӕ, куы разындысты, уӕд афтӕ кӕй бакодтат, цӕмӕй уын уӕ рӕдыд ӕрхъуыды кӕной+, уый тыххӕй бахаудзыстут уе знӕгты къухмӕ“+.
25 Дӕуӕн та, о Израилы+ тӕригъӕдджын сӕргълӕууӕг+, мӕлӕтдзаг цӕф чи фӕци, уый, ӕрхӕццӕ дӕ бафхӕрыны рӕстӕг. Дӕ фыдракӕндтӕн кӕрон ӕрцыд+.
26 Афтӕ дын зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ралас дӕ сарыхъ, сис дӕ кадыхуд+. Раздӕр куыд уыд, афтӕ нал уыдзӕн+. Ныллӕг чи у, уый сбӕрзонд кӕн+, бӕрзонд чи у, уый ӕрныллӕг кӕн+.
27 Ӕз ӕй фесафдзынӕн, фесафдзынӕн, фесафдзынӕн!+ Уый никӕйуал бауыдзӕн, цалынмӕ, бар кӕмӕн ис, уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ йӕ уымӕн ратдзынӕн“+.
28 Ды та, адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ Аммоны фыртты тыххӕй ӕмӕ се ’фхӕрды тыххӕй“. Зӕгъ: „Хъама, хъама ист у, цӕмӕй цӕгъда, сӕрттивын ӕй кодтой, цӕмӕй цӕхӕртӕ кала, сӕрттивын ӕй кодтой, цӕмӕй йӕ амӕттӕгты ныхъуыра+,
29 уымӕн ӕмӕ уыдон цӕстылуайӕнты дӕу тыххӕй уынынц, ӕцӕг цы нӕу, уый, дӕсны фӕрсгӕйӕ дын кӕнынц гӕдыныхӕстӕ+, цӕмӕй дӕ ӕрӕвӕрой мӕрдты уӕлӕ – йӕ бафхӕрыны рӕстӕг кӕмӕн ӕрхӕццӕ, йӕ фыдракӕндтӕн кӕрон кӕмӕн ӕрцыд, уыцы фыдгӕнджыты уӕлӕ+.
30 Хъама хъӕуы йӕ кӕрддзӕмы нывӕрын. Ӕз дын тӕрхон кӕндзынӕн, кӕм дӕ сфӕлдыстой, уым, кӕм фӕзындтӕ+, уыцы бӕстӕйы.
31 Ӕмӕ дыл мӕ фыдӕх ныккалдзынӕн. Мӕ судзгӕ масты цӕхӕртӕ дыл бафу кӕндзынӕн+ ӕмӕ дӕ ратдзынӕн ӕнӕзонд адӕмы къухмӕ, фыдбылызмӕ дӕсны чи у, уыдоны къухмӕ+.
32 Ды бауыдзынӕ арты хай+. Дӕ туг кӕлдзӕн бӕстӕйы астӕу. Ӕмӕ дӕ ничиуал ӕрхъуыды кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый загътон ӕз, Йегъовӕ“»+.