Йезекил 24:1—27

24  Фарӕстӕм азы, дӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон мын Йегъовӕ загъта:  «Адӕймаджы фырт, дӕхимӕ ныффысс ацы боны ном. Ацы бон Вавилоны паддзах ӕрбабырста Иерусалиммӕ+.  Ӕрхъуыды кӕн ӕмбисонд ацы змӕнтӕг адӕмы тыххӕй+, зӕгъ афтӕ:„Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Цуайнаг уӕларт сӕвӕр. Сӕвӕр ӕй ӕмӕ дзы дон ныккӕн+.  Ныккал дзы дзидзайы хӕйттӕ+, хорз хӕйттӕ иууылдӕр, агъд ӕмӕ уӕн. Байдзаг ӕй кӕн ӕппӕты хуыздӕр стджытӕй.  Райс-иу хуыздӕр фыс+. Цуайнаджы бынмӕ бавӕр сугтӕ, ӕмӕ дзы сфыц дзидзайы хӕйттӕ ӕмӕ стджытӕ“»+.  «Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Додой йӕ къона, туг чи калы+, уыцы горӕтӕн, згӕ цуайнагӕн, йе згӕ кӕмӕн нӕ цӕуы! Хӕйттӕ сисут иу иннӕйы фӕдыл+, хӕлттӕ ма сӕппарут, афтӕмӕй+.  Уымӕн ӕмӕ йӕ туг йӕ мидӕг ис+. Уый йӕ рауагъта лӕгъз къӕдзӕхыл. Зӕхмӕ йӕ нӕ акалдта, цӕмӕй йӕ сыджыты бын фӕкӕна+.  Цӕмӕй йыл мӕ судзгӕ маст ныккалон ӕмӕ дзы мӕ маст райсон+, уый тыххӕй ӕз, цы туг ныккалдта, уый лӕгъз къӕдзӕхыл ныууагътон, цӕмӕй йӕ сыджыты бын ма фӕкӕной“+.  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Додой йӕ къона, туг чи калы, уыцы горӕтӕн!+ Ӕз мӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдзынӕн сугтӕ стыр артӕн+. 10  Фылдӕр сугтӕ ӕрӕвӕрут, арт скӕнут ӕмӕ дзидза дзӕбӕх сфыцут. Бас акалут, уадз ӕмӕ стджытӕ сзынг уой. 11  Афтид цуайнаг зынгтыл сӕвӕрут, цӕмӕй стӕвд уа. Йе ’рхуы сзынг уыдзӕн ӕмӕ йӕ чъизитӕ йӕ мидӕг батайдзысты+. Уадз ӕмӕ йе згӕ ссӕуа+. 12  Цас фыдӕбон ыл уыди! Адӕймаджы тухӕнӕй амардта, фӕлӕ йыл згӕйӕ цы бӕзджын цъар ис, уый нӕ цӕуы+. Гъемӕ йӕ ӕд згӕ артмӕ баппарут!“ 13  „Дӕ хӕлд митӕй дӕхи фӕчъизи кодтай+. Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй хъуамӕ ссыгъдӕг кодтаин, фӕлӕ ды не ссыгъдӕг дӕ дӕ чъизийӕ+. Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр нал ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл мӕ судзгӕ маст нӕ ныккалон ӕмӕ мӕ маст не ссӕуа, уӕдмӕ+. 14  Уый загътон ӕз, Йегъовӕ+. Уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ ӕз архайдзынӕн. Афтӕ йӕ нӕ ныууадздзынӕн+, стӕй дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзынӕн+. Дӕуӕн тӕрхон кӕндзысты+ дӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ». 15  Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: 16  «Адӕймаджы фырт, ӕз дыл ӕруадздзынӕн бӕллӕх ӕмӕ дын байсдзынӕн, зынаргъ дын цы у+, уый. Фӕлӕ-иу ды дӕ риу ма хой ӕмӕ-иу ма ку, дӕ цӕссыг-иу ма кал+. 17  Маст кӕн ӕнӕдзургӕйӕ. Мӕрдтыл ма хъыг кӕн+. Дӕ худ-иу дӕ сӕрыл ӕркӕн+ ӕмӕ-иу дӕ дзабыртӕ дӕ къӕхтыл скӕн+. Дӕ рихитӕ-иу ма бамбӕрз+ ӕмӕ, адӕм кӕй ӕрбахӕссой, уыцы дзулӕй-иу ма бахӕр»+. 18  Райсомӕй ныхас кодтон адӕмимӕ, изӕрӕй та мӕ бинойнаг амард. Ӕмӕ иннӕ райсом, куыддӕриддӕр мын загъд уыд, афтӕ бакодтон. 19  Уӕд мӕ адӕм бафарстой: «Нӕ нын ӕй зӕгъдзынӕ, цытӕ кӕныс, уыдон махмӕ куыд хауынц?»+ 20  Ӕз сын загътон: «Йегъовӕ мын афтӕ загъта: 21  „Зӕгъ Израилы адӕмӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз хынджылӕггаг скӕндзынӕн мӕ кувӕндон+, тынг хъал кӕмӕй стут+, зынаргъ уын чи у+ ӕмӕ уӕ зӕрдӕ кӕуыл риссы, уый. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, кӕм цардыстут, уым чи баззад, уыдон, хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты+. 22  Ӕмӕ сымах дӕр, ӕз куыд кодтон, афтӕ кӕндзыстут. Уӕ рихитӕ не ’мбӕрздзыстут+ ӕмӕ, адӕм кӕй ӕрбахӕссой, уыцы дзулӕй нӕ хӕрдзыстут+. 23  Уӕ худтӕ уыдзысты уӕ сӕртыл, уӕ дзабыртӕ – уӕ къӕхтыл. Уӕхи нӕ хойдзыстут ӕмӕ нӕ кӕудзыстут+. Уӕ фыдракӕндты тыххӕй удхарӕй мӕлдзыстут+, ӕмӕ кӕрӕдзийы раз хъӕрздзыстут+. 24  Йезекил уын сси нысан+. Уый куыддӕриддӕр кодта, афтӕ кӕндзыстут сымах дӕр. Ӕмӕ уыдӕттӕ куы ’рцӕуой+, уӕд ӕй базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“»+. 25  «Адӕймаджы фырт, ӕз сын сӕ ныфсы мӕсыг цы бон байсон, цины хос сын чи у, уыцы фидыц, зынаргъ сын цы у+ ӕмӕ сӕ уд цӕмӕ бӕллы, уый – сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты+, 26  уыцы бон дӕм ӕрбацӕудзӕн, чи аирвӕза, уый, цӕмӕй хабар фехъусын кӕна+. 27  Уыцы бон сдзурдзынӕ, чи аирвӕза, уымӕ+. Дзурдзынӕ ӕмӕ хъусӕй нал лӕудзынӕ+. Ӕмӕ сын суыдзынӕ нысан+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ