Йезекил 25:1—17

25  Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта:  «Адӕймаджы фырт, азил Аммоны фыртты ’рдӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн, сӕ ныхмӕ дзур+.  Зӕгъ Аммоны фырттӕн: „Байхъусут Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Мӕ кувӕндонӕй мын куы фӕхынджылӕг кодтой, Израилы зӕхх куы сафтид кодтой, стӕй Иудӕйы адӕмы уацары куы акодтой, уӕд ды* афтӕ кӕй загътай, афтӕ сын хъуыди, зӕгъгӕ+,  уый тыххӕй дӕ ӕз ратдзынӕн Скӕсӕны цӕрджыты къухтӕм+. Ӕмӕ уыдон сӕхицӕн дӕ зӕххыл скӕндзысты, сӕ алыварс къултӕ кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм цӕрӕнбынӕттӕ, ӕрӕвӕрдзысты дзы сӕ цатыртӕ. Уыдон дын хӕрдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дын нуаздзысты де ’хсыр+.  Ӕмӕ Раввӕ+ скӕндзынӕн хизӕн бынат теуатӕн, Аммоны фыртты горӕттӕ – фысты дзуг кӕм ривӕд кӕндзӕн, ахӕм бынат+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.  «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Израилы зӕхх цы уавӕры ис, уый фенгӕйӕ кӕй ӕмдзӕгъд кодтай+, дӕ къӕхтӕй-иу зӕхх кӕй ӕрхостай, дӕ удӕн тынг ӕхсызгон кӕй уыд ӕмӕ кӕй цин кодтай+,  уый тыххӕй дӕм ӕз мӕ къух систон+, ӕмӕ дӕ адӕмтӕн бастигъын кӕндзынӕн. Адӕмты ’хсӕнӕй дӕ фесафдзынӕн, бӕстӕты астӕуӕй дӕ стондзынӕн+. Бындзарӕй дӕ сыскъуындзынӕн+, ӕмӕ йӕ базондзынӕ, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“.  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Моав+ ӕмӕ Сеир+ афтӕ кӕй дзурынц, Иудӕйы адӕм иннӕ адӕмтӕй ницӕмӕй хицӕн кӕнынц+, зӕгъгӕ,  уый тыххӕй ӕз байгом кӕндзынӕн Моавы хӕхты фӕхстӕ, йӕ арӕнты раз чи ис, уыцы горӕтты цур, сӕ зӕххы фидыц: Беф-Йешимоф+, Ваал-Меон+, суанг Кириафаимы+ онг. 10  Байгом сӕ кӕндзынӕн Скӕсӕны цӕрджытӕн+. Ӕмӕ сын ратдзынӕн Моав ӕмӕ Аммон+, цӕмӕй Аммоны фыртты хъуыды дӕр мачиуал ӕркӕна+ адӕмты ’хсӕн. 11  Ӕз мӕ тӕрхӕттӕ Моавы сӕххӕст кӕндзынӕн+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+. 12  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Едом Иудӕйы адӕмыл йӕ маст кӕй калдта, бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кодта ӕмӕ сӕ йӕ маст кӕй иста+, 13  уый тыххӕй афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ+ ӕмӕ дзы адӕймагӕй, хӕдзарон фосӕй+ иу дӕр нал ныууадздзынӕн. Феманӕй+ йӕ суанг Деданы+ онг ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестын кӕндзынӕн. Уыдон хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты. 14  „Ӕмӕ Едомӕй мӕ маст райсдзынӕн мӕ адӕм Израилы къухӕй+. Уыдон Едомы архайдзысты мӕ мастмӕ гӕсгӕ, мӕ судзгӕ мастмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ йӕ Едом базондзӕн, ӕз мӕ маст куыд исын, уый“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“. 15  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Филистимӕгтӕ сӕ маст кӕй калдтой+, о, сӕ маст кӕй истой ӕмӕ уый сӕ удӕн ӕхсызгон кӕй уыди, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Израилмӕ знаджы цӕстӕй кӕй кастысты+ ӕмӕ ууыл кӕй архайдтой, цӕмӕй сӕ бабын кӕной+, 16  уый тыххӕй афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз филистимӕгтӕм мӕ къух сисдзынӕн+ ӕмӕ хелефейты фесафдзынӕн+, денджызы был чи цӕры, уыдонӕй ма чи баззайа, уыдоны ныццӕгъддзынӕн+. 17  Ӕмӕ сӕ мӕ маст райсдзынӕн, стыр диссӕгтӕ сын бакӕндзынӕн, мӕстӕй судзгӕйӕ сӕ бафхӕрдзынӕн+. Ӕмӕ сӕ мӕ маст куы райсон, уӕд ӕй базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Ома Аммоны бӕстӕ.