Йезекил 34:1—31

34  Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта:  «Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн, дзур Израилы фыййӕутты ныхмӕ. Пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъ уыцы фыййӕуттӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Додой сӕ къона Израилы фыййӕуттӕн+, сӕхи чи хизы, уыдонӕн!+ Фыййӕуттӕ хъуамӕ фысты дзуг ма хизой?+  Сымах хӕрут нӕрдтӕ+, дарут къуымбилӕй конд дарӕс ӕмӕ ӕргӕвдут+ нард+ фос, фысты дзуг та нӕ хизут.  Чи-иу ӕрлӕмӕгъ, уыдонмӕ-иу нӕ базылдыстут+, рынчынты-иу не сдзӕбӕх кодтат, йӕ къах-иу кӕмӕн асаст, уымӕн-иу ӕй нӕ бабастат, чи-иу адзӕгъӕл, уый-иу не ’рбаздӕхтат, чи-иу фесӕфт, уый-иу нӕ агуырдтат+, фӕлӕ сын уыдыстут ӕгъатыр хицӕуттӕ, ӕппындӕр сын тӕригъӕд нӕ кодтат+.  Ӕмӕ уыдон дӕр алырдӕмты ныппырх сты, уымӕн ӕмӕ сын фыййау нӕ уыд+, ӕмӕ-иу алыхуызон хъӕддаг сырдты амӕттаг баисты, ӕмӕ уыдон дӕр дарддӕр алырдӕмты цыдысты+.  Мӕ фыстӕ адзӕгъӕл сты ӕппӕт хӕхтӕм ӕмӕ ӕппӕт бӕрзонд къуыбыртӕм+. Мӕ фыстӕ+ ныппырх сты ӕгас зӕххы цъарыл, ӕмӕ сӕ фӕдыл ничи рацыд, ничи сӕ бацагуырдта.  Уымӕ гӕсгӕ, фыййӕуттӕ, байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ:  „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– мӕ фыстӕн фыййау кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй-иу баисты абырджыты ӕмӕ алыхуызон хъӕддаг сырдты амӕттаг. Мӕ фыййӕуттӕ мын мӕ фысты нӕ агуырдтой, фӕлӕ сӕхи хызтой+, мӕ фысты та мын нӕ хызтой“,  уымӕ гӕсгӕ, фыййӕуттӕ, байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ. 10  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз рацӕудзынӕн уыцы фыййӕутты ныхмӕ+ ӕмӕ мӕ фысты уыдонӕй ӕрцагурдзынӕн, нал сӕ бауадздзынӕн мӕ фысты хизын+, ӕмӕ уыцы фыййӕуттӕ сӕхи нал хиздзысты+. Ӕз сын мӕ фысты сӕ дзыхӕй байсдзынӕн ӕмӕ сӕ нал хӕрдзысты“+. 11  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз ам дӕн. Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты ӕмӕ сӕм зилдзынӕн+. 12  Алырдӕмты чи ныппырх+, уыцы фыстӕм сӕ фыййау цы бон ӕрбацӕуы, уыцы бон сӕм куыд базилы+, афтӕ ӕз дӕр базилдзынӕн мӕ фыстӕм. Ӕз сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, мигъты ӕмӕ саудалынджы бон кӕм ныппырх сты, ӕппӕт уыцы бынӕттӕй+. 13  Ӕз сӕ ракӕндзынӕн+ адӕмты ’хсӕнӕй, алы бӕстӕтӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕркӕндзынӕн сӕ сӕхи зӕхмӕ+ ӕмӕ сӕ хиздзынӕн Израилы хӕхтыл, цӕугӕдӕтты цур ӕмӕ, уыцы зӕххыл кӕмдӕриддӕр цӕрӕг ис, уым+. 14  Хиздзынӕн сӕ кӕрдӕгджын сӕрвӕтты, ӕмӕ цӕрдзысты Израилы бӕрзонд хӕхтыл+. Уым хуысдзысты хорз бынӕтты+, хиздзысты Израилы хӕхтыл сойджын сӕрвӕтты“. 15  „Ӕз мӕхӕдӕг хиздзынӕн мӕ фысты+ ӕмӕ-иу сӕ мӕхӕдӕг ӕрхуыссын кӕндзынӕн+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– 16  Чи фесӕфт, уый бацагурдзынӕн+, чи адзӕгъӕл, уый ӕрбаздахдзынӕн, йӕ къах кӕмӕн асаст, уымӕн ӕй бабӕтдзынӕн ӕмӕ рынчынмӕ базилдзынӕн. Нард+ ӕмӕ тыхджын чи у, уый та фесафдзынӕн. Ӕз ӕй хиздзынӕн раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ“+. 17  Сымахӕн, мӕ фыстӕ, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз тӕрхонгӕнӕг уыдзынӕн дыууӕ фысы ’хсӕн, фырыты ӕмӕ сӕгъты ’хсӕн+. 18  Ау, тӕккӕ хуыздӕр сӕрвӕтты кӕй хизут, уый уын фаг нӕу?+ Иннӕ сӕрвӕттӕ ма уӕ къӕхты бын цӕмӕн ссӕндут? Сыгъдӕг дон кӕй нуазут, уый уын фаг нӕу? Иннӕ дӕтты ма цӕмӕн лӕгӕрдут ӕмӕ сӕ уӕ къӕхтӕй цӕмӕн змӕнтут? 19  Уӕ къӕхты бын кӕй ныссӕстат, уыцы сӕрвӕтты хъуамӕ хизой мӕ фыстӕ ӕмӕ, кӕм балӕгӕрстат ӕмӕ уӕ къӕхтӕй кӕй сызмӕстат, уыцы дон хъуамӕ нуазой?“ 20  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз ам дӕн. Ӕз уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг нард фыс ӕмӕ мӕллӕг фысы ’хсӕн, 21  уымӕн ӕмӕ сымах, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны се ’ппӕты дӕр уӕ фӕрстӕй ӕмӕ уе уӕхсчытӕй тъӕппытӕ кодтат ӕмӕ сӕ уӕ сыкъатӕй цавтат, цалынмӕ сӕ фӕйнӕрдӕм нӕ фӕсырдтат, уӕдмӕ+. 22  Ӕз мӕ фысты фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ абырджыты амӕттаг никуыуал бауыдзысты+. Ӕз уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг дыууӕ фысы ’хсӕн. 23  Сӕ сӕргъы сын сӕвӕрдзынӕн иу фыййау+, мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды+, ӕмӕ сӕ уый хиздзӕн. Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ суыдзӕн сӕ фыййау+. 24  Ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, суыдзынӕн сӕ Хуыцау+, мӕ лӕггадгӕнӕг Давид та – сӕ сӕргълӕууӕг+. Уый загътон ӕз, Йегъовӕ. 25  Ӕз семӕ скӕндзынӕн фарны бадзырд+ ӕмӕ уыцы зӕххӕй тугдзых сырдты фӕсурдзынӕн+. Ӕмӕ мӕ фыстӕ ӕдасӕй цӕрдзысты ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ-иу фынӕй кӕндзысты хъӕды+. 26  Ӕз уыдоны ӕмӕ, мӕ къуыбыры алыварс чи ис, уыцы зӕхх скӕндзынӕн арфӕдзинад+, ӕмӕ йӕ афоныл ныууарын кӕндзынӕн тӕрккъӕвда. Уыдон уыдзысты арфӕдзинады тӕрккъӕвдатӕ+. 27  Ӕмӕ быдырон бӕлас ӕрхӕсдзӕн дыргъ+, зӕхх ратдзӕн тыллӕг+, ӕмӕ уыдон сӕ зӕххыл цӕрдзысты ӕдасӕй+. Се ’фсондз сын куы ныссӕттон+ ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цагъартӕ чи скодта, уыдоны къухӕй сӕ куы фервӕзын кӕнон+, уӕд ӕй базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ. 28  Уыдон адӕмты амӕттаг нал бауыдзысты+ ӕмӕ сӕ хъӕддаг сырдтӕ нал хӕрдзысты. Уыдон цӕрдзысты ӕдасӕй ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн+. 29  Ӕз сын ратдзынӕн хуымтӕ, цӕмӕй сӕхицӕн скӕной ном+. Ӕмӕ сӕ уыцы зӕххыл ӕххормагӕй ничиуал амӕлдзӕн+ ӕмӕ сӕ адӕмтӕ ӕгады бынаты нал дардзысты+. 30  „Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз, Йегъовӕ, сӕ Хуыцау, семӕ кӕй дӕн+ ӕмӕ уыдон та, Израилы адӕм, мӕ адӕм кӕй сты“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“+. 31  „Сымах, мӕ фыстӕ+, кӕй хизын, уыцы фыстӕ, сымах стут зӕххон адӕм. Ӕз та дӕн уӕ Хуыцау“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».

Фиппаинӕгтӕ