Йезекил 37:1—28

37  Мӕныл уыди Йегъовӕйы къух+, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ йӕ тыхы* фӕрцы ахаста+ ӕмӕ мӕ ӕрӕвӕрдта дӕлвӕзы астӕу. Дӕлвӕз та уыди стджытӕй йедзаг+.  Уый мӕ дӕлвӕзы стджыты астӕу фӕразил-базил кӕнын кодта. Уыди дзы тынг бирӕ стджытӕ ӕмӕ уыдысты тынг хус+.  Ӕмӕ мӕ бафарста: «Адӕймаджы фырт, гӕнӕн ис, ӕмӕ ацы стджытӕ райгас уой?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Уый ды зоныс, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ»+.  Уӕд мын уый загъта: «Пехуымпариуӕг кӕн ацы стджыты тыххӕй, зӕгъ сын: „О хус стджытӕ, байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ:  „Ацы стджытӕн афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз уӕ улӕфт бауадздзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут+.  Ӕз уыл ӕрӕвӕрдзынӕн нуӕрттӕ, афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл фыд фӕзындзӕн, бамбӕрздзынӕн уӕ цармӕй ӕмӕ уӕ улӕфт бауадздзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.  Ӕмӕ ӕз дӕр пехуымпариуӕг кодтон, загъд мын куыддӕриддӕр уыди, афтӕ+. Ӕмӕ куы пехуымпариуӕг кодтон, уӕд райхъуыст цыдӕр уынӕр, гыбар-гыбур, ӕмӕ стджытӕ кӕрӕдзиимӕ, иу стӕг иннӕимӕ, иу кӕнын райдыдтой.  Ӕмӕ дын сыл нуӕрттӕ ӕмӕ фыд куы фӕзынид, стӕй сыл царм дӕр куы рацӕуид. Фӕлӕ сӕ мидӕг улӕфт нӕ уыди.  Ӕмӕ мын дарддӕр загъта: «Пехуымпариуӕг кӕн дымгӕйӕн. Пехуымпариуӕг кӕн, адӕймаджы фырт, ӕмӕ дымгӕйӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Дымгӕ, рацу цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй ӕмӕ баулӕф ацы мӕрдтыл+, цӕмӕй райгас уой“»+. 10  Ӕмӕ ӕз дӕр пехуымпариуӕг кодтон, куыддӕриддӕр мын загъта, афтӕ. Ӕмӕ сӕ бацыд улӕфт, ӕмӕ райгас сты ӕмӕ сӕ къӕхтыл слӕууыдысты+ – уыдысты тынг стыр ӕфсад. 11  Уый фӕстӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, ацы стджытӕ сты Израилы адӕм иууылдӕр+. Уыдон афтӕ зӕгъынц: „Не стджытӕ бахус сты, ницыуал ныфс нӕ ис+. Иннӕтӕй бынтон фӕхицӕн стӕм“. 12  Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „О мӕ адӕм, ӕз уын уӕ ингӕнтӕ байгом кӕндзынӕн+ ӕмӕ уӕ ракӕндзынӕн уӕ ингӕнтӕй. Ӕмӕ уӕ ’ркӕндзынӕн Израилы зӕхмӕ+. 13  Ӕмӕ уын, мӕ адӕм, уӕ ингӕнтӕ куы байгом кӕнон ӕмӕ уӕ уырдыгӕй куы ракӕнон, уӕд ӕй базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+. 14  „Ӕз уӕ мӕ тыхӕй схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут+. Ӕмӕ уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн уӕ зӕххыл. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, уый кӕй загътон ӕз, Йегъовӕ, ӕмӕ йӕ кӕй сӕххӕст кодтон“,– зӕгъы Йегъовӕ»+. 15  Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: 16  «Ды та, адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг+ ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн, Израилы фырттӕн“+. Стӕй райс ӕндӕр лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иосифӕн – Ефремы+ лӕдзӕгӕн – ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн, ӕгас Израилы адӕмӕн“+. 17  Уыцы дыууӕ лӕдзӕджы баиу кӕн, ӕмӕ дӕ къухы бауыдзысты иу лӕдзӕг+. 18  Ӕмӕ дын дӕ адӕмы фырттӕ куы зӕгъой, ӕппӕт адӕттӕ цы нысан кӕнынц, уый нын нӕ зӕгъдзынӕ, зӕгъгӕ+, 19  уӕд-иу сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз райсдзынӕн Иосифы лӕдзӕг, Ефремы къухы чи ис, уый. Уыцы лӕдзӕг ӕвдисы Израилы мыггӕгтӕ дӕр, Ефремы ӕмбӕлтты. Ӕмӕ уыцы мыггӕгтӕ сӕвӕрдзынӕн ууыл, ома Иудӕйы лӕдзӕгыл, ӕмӕ сӕ иу лӕдзӕг скӕндзынӕн+. Ӕмӕ мӕ къухы бауыдзысты иу лӕдзӕг“. 20  Кӕуыл ныффысдзынӕ, уыцы лӕдзджытӕ хъуамӕ уой дӕ къухы сӕ цӕстыты раз+. 21  Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Израилы фырттӕ цы адӕмтӕм фӕцыдысты, уыдоны ’хсӕнӕй сӕ ракӕндзынӕн, алы рӕттӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн+. 22  Ӕмӕ сӕ уыцы зӕххыл, Израилы хӕхтыл, скӕндзынӕн иу адӕм+, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн иу паддзах+. Уыдон дыууӕ адӕмы нал уыдзысты, дыууӕ паддзахадыл нал уыдзысты дих+. 23  Ӕмӕ сӕхи нал чъизи кӕндзысты сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй, се ’наккагдзинӕдтӕй ӕмӕ се ’ппӕт фыдракӕндтӕй+. Ӕз сӕ фервӕзын кӕндзынӕн, сӕ цӕрӕнбынӕтты цы тӕригъӕдджын митӕ кодтой, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн+. Ӕмӕ уыдон суыдзысты мӕ адӕм, ӕз та суыдзынӕн сӕ Хуыцау+. 24  Уыдонӕн паддзах уыдзӕн мӕ лӕггадгӕнӕг Давид+, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн иу фыййау+. Уыдон цӕрдзысты мӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ+, фидар хӕцдзысты мӕ закъӕттыл+ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзысты+. 25  Уыдон цӕрдзысты, мӕ лӕггадгӕнӕг Иаковӕн кӕй радтон, уӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, уыцы зӕххыл+. О, цӕрдзысты йыл ӕнустӕм+ – сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ сӕ фыртты фырттӕ дӕр+, мӕ лӕггадгӕнӕг Давид та ӕнустӕм уыдзӕн сӕ сӕргълӕууӕг+. 26  Ӕз семӕ скӕндзынӕн фарны бадзырд+. Семӕ конд ӕрцӕудзӕн ӕнусон бадзырд+. Сӕ зӕххыл сӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн, сбирӕ сӕ кӕндзынӕн+ ӕмӕ мӕ кувӕндон ӕнустӕм се ’хсӕн сӕвӕрдзынӕн+. 27  Мӕ цатыр уыдзӕн сӕ сӕрмӕ+, ӕмӕ ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та суыдзысты мӕ адӕм+. 28  Ӕмӕ мӕ кувӕндон ӕнустӕм се ’хсӕн куы уа+, уӕд ӕй адӕмтӕ базондзысты, ӕз, Йегъовӕ+, кӕй сыгъдӕг кӕнын Израилы“».

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.