Йезекил 39:1—29
39 Ды та, адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн, дзур Гогы ныхмӕ+, ӕмӕ зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз рацӕудзынӕн дӕ ныхмӕ, Гог, дӕ ныхмӕ, Мешех+ ӕмӕ Фувалы+ сӕйраг сӕргълӕууӕг.
2 Ӕз дӕ иннӕрдӕм аздахдзынӕн ӕмӕ дӕ акӕндзынӕн+, ракӕндзынӕн дӕ цӕгаты кӕрӕттӕй+ ӕмӕ дӕ ӕркӕндзынӕн Израилы хӕхтӕм.
3 Ӕз дӕ ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ де ’рдын дӕ галиу къухӕй асхъиудзӕн, дӕ фаттӕ дӕ рахиз къухӕй ӕрхаудзысты.
4 Ды фӕмард уыдзынӕ Израилы хӕхтыл+ – дӕхӕдӕг дӕр, де ’ппӕт ӕфсӕдтӕ дӕр ӕмӕ, демӕ цы адӕмтӕ уа, уыдон дӕр. Ӕз дӕ ратдзынӕн тугдзых мӕргътӕн, алыхуызон мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн, ӕмӕ дӕ бахӕрдзысты“+.
5 „Ды фӕмард уыдзынӕ быдыры+, уымӕн ӕмӕ уый загътон ӕз“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
6 „Ӕз бафтаудзынӕн арт Магогыл+ ӕмӕ, сакъадӕхтыл ӕдасӕй чи цӕры, уыдоныл+. Ӕмӕ адӕм базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ.
7 Ӕз мӕ сыгъдӕг ном мӕ адӕм Израилы ’хсӕн раргом кӕндзынӕн ӕмӕ нал бауадздзынӕн, цӕмӕй мын мӕ сыгъдӕг ном чъизи кӕной+. Ӕмӕ адӕмтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау“+.
8 „Уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– Ӕз дзырдтон растдӕр ацы боны тыххӕй+.
9 Израилы горӕтты цӕрджытӕ рацӕудзысты ӕмӕ арт скӕндзысты, судздзысты хӕцӕнгӕрзтӕ: гыццыл уартытӕ ӕмӕ стыр уартытӕ, ӕрдынтӕ, фаттӕ, гыццыл ӕрцытӕ ӕмӕ стыр ӕрцытӕ. Ӕмӕ уыдонӕй арт кӕндзысты+ авд азы.
10 Быдырӕй къӕцӕлтӕ нӕ хӕсдзысты, хъӕды суг не ’мбырд кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ арт кӕндзысты хӕцӕнгӕрзтӕй“.
„Ӕмӕ сын сӕ мулк чи фӕхаста, уыдонӕн сӕ мулк фӕхӕсдзысты+, чи сӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
11 „Уыцы бон ӕз Гогӕн+ уым ратдзынӕн бынат, кӕм ӕй баныгӕной, ахӕм бынат Израилы – денджызӕн скӕсӕнырдыгӕй чи ис, адӕм кӕуылты цӕуынц, уыцы дӕлвӕз. Ӕмӕ-иу дзы чи фӕцӕйцӕуа, уыдон-иу уым ӕрлӕудзысты. Уым баныгӕндзысты Гогы йе ’ппӕт адӕмимӕ, ӕмӕ уыцы дӕлвӕз схондзысты Гогы адӕмы дӕлвӕз+.
12 Израилы адӕм сӕ ныгӕндзысты авд мӕйы, цӕмӕй зӕхх ссыгъдӕг кӕной+.
13 Ныгӕндзысты сӕ уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр, ӕмӕ сын уый ӕрхӕсдзӕн кад, мӕхи куы скадджын кӕнон, уыцы бон“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
14 „Уым адӕмы рахицӕн кӕндзысты, цӕмӕй уыцы зӕххыл зилой ӕмӕ ма-иу дзы чи фӕцӕйцӕуа, уыдонимӕ иумӕ ныгӕной, зӕххыл ӕнӕныгӕдӕй чи баззайа, уыдоны, цӕмӕй зӕхх ссыгъдӕг кӕной. Ӕмӕ мӕрдты агурдзысты, цалынмӕ авд мӕйы нӕ фӕуой, уӕдмӕ.
15 Ӕмӕ-иу дзы чи фӕцӕйцӕуа, уыдон-иу хъуамӕ уыцы зӕххыл азилой, ӕмӕ дзы адӕймаджы стӕг чи фена, уый йын-иу хъуамӕ йӕ разы сӕвӕра бӕрӕггӕнӕн, цӕмӕй, мӕрдты чи ныгӕна, уыдон ӕй баныгӕной Гогы адӕмы дӕлвӕзы+.
16 Ӕмӕ горӕтӕн йӕ ном дӕр уыдзӕн Гамонӕ*. Ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн зӕхх ссыгъдӕг кӕнын“+.
17 Дӕуӕн та, адӕймаджы фырт, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Афтӕ зӕгъ алыхуызон мӕргътӕн ӕмӕ ӕппӕт хъӕддаг сырдтӕн+: „Ӕрӕмбырд ут ӕмӕ рацӕут. Ӕрӕмбырд ут алырдыгӕй мӕ нывондыл, сымах тыххӕй кӕй ӕрхӕсдзынӕн, ууыл. Уый уыдзӕн стыр нывонд Израилы хӕхтыл+. Сымах хӕрдзыстут фыд ӕмӕ нуаздзыстут туг+.
18 Хӕрдзыстут тыхджынты фыд+, нуаздзыстут зӕххон сӕргълӕуджыты туг. Уыдон сты фырытӕ, уӕрыччытӕ+, сӕгътӕ ӕмӕ уӕнгуытӕ+ – иууылдӕр сты Васаны хӕрзхаст фос+.
19 Сымах тыххӕй кӕй ӕрхӕссон, мӕ уыцы нывонды фиутӕй бафсӕддзыстут+, йӕ тугӕй срасыг уыдзыстут“.
20 „Мӕ фынгыл бафсӕддзыстут бӕхты ӕмӕ бӕхтӕрджыты фыдӕй, тыхджынты ӕмӕ алы хӕстонты фыдӕй“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.
21 „Ӕз адӕмты ’хсӕн равдисдзынӕн мӕ кад, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты, мӕ тӕрхон куыд сӕххӕст кодтон+ ӕмӕ се ’хсӕн мӕ къухы хъару куыд равдыстон, уый+.
22 Ӕмӕ йӕ Израилы адӕм базондзысты, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ ӕз кӕй дӕн сӕ Хуыцау, Йегъовӕ+.
23 Адӕмтӕ йӕ базондзысты, уыдон, Израилы адӕм, уацары сӕ фыдракӕндты тыххӕй кӕй ацыдысты+, гадзрахатӕй мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ ӕз мӕ цӕсгом бамбӕхстон+ ӕмӕ сӕ радтон се знӕгты къухмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр хъамайӕ фӕцагъды сты+.
24 Афтӕ сын бакодтон сӕ чъизидзинӕдтӕм ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕм гӕсгӕ+, ӕмӕ сӕ мӕ цӕсгом ӕмбӕхстон“.
25 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ныр ӕз фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн, Иаковы байзӕддӕгтӕй уацары чи ис, уыдоны+ ӕмӕ ӕгас Израилы адӕммӕ равдисдзынӕн фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+. Ӕмӕ равдисдзынӕн, мӕ сыгъдӕг номыл иузӕрдион кӕй дӕн+.
26 Уыдон ӕгады ном куы фӕхӕссой+ ӕмӕ мыл гадзрахатӕй кӕй цыдысты+, уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕронмӕ куы баййафой, уӕд уый фӕстӕ сӕ зӕххыл ӕдасӕй цӕрдзысты+ ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн+.
27 Адӕмты ’хсӕнӕй сӕ фӕстӕмӕ куы ’рбакӕнон ӕмӕ сӕ се знӕгты бӕстӕтӕй куы ӕрӕмбырд кӕнон+, уӕд се ’хсӕн мӕ ном срухс кӕндзынӕн бирӕ адӕмты цӕстыты раз“+.
28 „Ӕмӕ сӕ адӕмтӕм уацары куы акӕнон ӕмӕ сӕ стӕй фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ куы ’ркӕнон+, уым дзы иу дӕр куы нал ныууадзон+, уӕд ӕй базондзысты, ӕз кӕй дӕн сӕ Хуыцау, Йегъовӕ.
29 Ӕмӕ Израилы адӕмӕй мӕ цӕсгом нал ӕмбӕхсдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн мӕ тыхӕй*“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».