Йезекил 40:1—49
40 Уацары дыууын фӕндзӕм аз куы уыдыстӕм+, уӕд, азӕн йӕ райдианы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, горӕт куы ныппырх кодтой+, ууыл цыппӕрдӕсӕм аз куы цыд, уӕд мыл раст уыцы бон уыди Йегъовӕйы къух+, ӕмӕ мӕ Хуыцау ахаста ӕндӕр ранмӕ+.
2 Хуыцауы цӕстылуайӕнты мӕ ахаста Израилы зӕхмӕ ӕмӕ мӕ ӕрлӕууын кодта тынг бӕрзонд хохыл+, уым та хуссарырдыгӕй уыди горӕты хуызӕн цыдӕр+.
3 Уырдӕм мӕ ахаста, ӕмӕ кӕсын, ӕмӕ дзы иу адӕймаг. Йӕ хуыз уыди ӕрхуыйы хуызӕн+, йӕ къухы та уыд гӕнӕй конд бӕндӕн ӕмӕ барӕн хъӕз лӕдзӕг+. Уый лӕууыд кулдуары бахизӕны.
4 Ӕмӕ мын уыцы адӕймаг загъта: «Адӕймаджы фырт+, дӕ цӕстытӕй кӕс, дӕ хъустӕй хъус ӕмӕ дын цыдӕриддӕр равдисон, уымӕ дӕ хъус ӕрдар, уымӕн ӕмӕ дӕ ардӕм уый тыххӕй ӕрбахастой, цӕмӕй дын адӕттӕ равдисон. Цыдӕриддӕр фенай, уыдон радзур Израилы адӕмӕн»+.
5 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон, хӕдзары алыварс кӕй уыд къул. Уыцы адӕймаджы къухы цы барӕн хъӕз лӕдзӕг уыд, уымӕн йӕ дӕргъ уыди ӕхсӕз ӕлмӕрины (иу ӕлмӕрин уыди, ӕлмӕрин* ӕмӕ армы фӕтӕн иумӕ цас сты, уыйас). Уый сбарста къулӕн йӕ фӕтӕн, ӕмӕ уыди иу хъӕз лӕдзӕг. Ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – иу хъӕз лӕдзӕг.
6 Уый фӕстӕ ӕрбацыд, скӕсӕнырдӕм чи каст, уыцы кулдуармӕ+ ӕмӕ асинтыл уӕлӕмӕ схызт. Сбарста кулдуарӕн йӕ къӕсӕр+, ӕмӕ йӕ уӕрх уыди иу хъӕз лӕдзӕг, ӕмӕ иннӕ къӕсӕрӕн дӕр йӕ уӕрх уыди иу хъӕз лӕдзӕг.
7 Хъахъхъӕнджыты уатӕн йӕ дӕргъ уыд иу хъӕз лӕдзӕг ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – иу хъӕз лӕдзӕг, хъахъхъӕнджыты уӕтты+ ’хсӕн та уыд фондз ӕлмӕрины. Кулдуары ӕмбӕрзтсӕр бахизӕны раз цы кулдуар уыд, уый къӕсӕр мидӕгырдыгӕй уыди иу хъӕз лӕдзӕг.
8 Кулдуары ӕмбӕрзтсӕр бахизӕн мидӕгырдӕм сбарста, ӕмӕ уыди иу хъӕз лӕдзӕг+.
9 Сбарста кулдуары ӕмбӕрзтсӕр бахизӕн, ӕмӕ уыди аст ӕлмӕрины. Фӕрсырдыгӕй дзы цы цӕджындзтӕ уыди, уыдон уыдысты дыууӕ ӕлмӕрины. Кулдуары ӕмбӕрзтсӕр бахизӕн уыди мидӕгырдӕм.
10 Скӕсӕнырдӕм чи каст, уыцы кулдуары мидӕг чи уыди, уыцы хъахъхъӕнджыты уӕттӕ иуырдыгӕй дӕр уыдысты ӕртӕ ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр – ӕртӕ. Ӕртӕ дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ. Ӕмӕ фӕрсырдыгӕй, иуырдыгӕй ӕмӕ иннӕрдыгӕй, цы цӕджындзтӕ уыд, уыдон дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ.
11 Уый фӕстӕ сбарста кулдуары бахизӕны уӕрх, ӕмӕ уыди дӕс ӕлмӕрины, кулдуары дӕргъ та уыди ӕртындӕс ӕлмӕрины.
12 Хъахъхъӕнджыты уӕттӕн разырдыгӕй цы ӕхгӕд бынат уыд, уый уыди иу ӕлмӕрин, дыууӕрдыгӕй дӕр уыд ӕхгӕд бынат, ӕмӕ уыди иу ӕлмӕрин. Хъахъхъӕнджыты уат иуырдыгӕй дӕр уыд ӕхсӕз ӕлмӕрины ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр – ӕхсӕз ӕлмӕрины.
13 Стӕй кулдуар сбарста иу хъахъхъӕнджыты уаты сӕрӕй иннӕ хъахъхъӕнджыты уаты сӕрмӕ, ӕмӕ йӕ уӕрх уыди дыууын фондз ӕлмӕрины+. Иу хъахъхъӕнджыты уаты бахизӕн уыд иннӕ хъахъхъӕнджыты уаты бахизӕны акомкоммӕ.
14 Уый фӕстӕ сбарста, фӕрсырдыгӕй чи уыд, уыцы цӕджындзтӕ, ӕмӕ уыдысты ӕхсай ӕлмӕрины. Ӕмӕ афтӕ уыдысты, кӕрты алыварс кулдуӕртты цы цӕджындзтӕ уыд, уыдон дӕр.
15 Кулдуары ӕддаг бахизӕнӕй мидӕггаг бахизӕны онг уыди фӕндзай ӕлмӕрины.
16 Алырдыгӕй хъахъхъӕнджыты уӕтты ӕмӕ дзы фӕрсырдыгӕй цы цӕджындзтӕ уыд, уыдоны уыди, иуырдыгӕй нарӕгдӕр чи уыд, ахӕм рудзгуытӕ+, ӕмӕ уыдысты кулдуарӕн мидӕгырдӕм. Афтӕ конд уыдысты ӕмбӕрзтсӕр бахизӕнтӕ дӕр. Рудзгуытӕ алырдыгӕй дӕр уыдысты мидӕгырдӕм. Фӕрсырдыгӕй цы цӕджындзтӕ уыд, уыдоныл уыди пальмӕбӕласы нывӕфтыдтӕ+.
17 Уый фӕстӕ мӕ акодта ӕддаг кӕртмӕ. Уым уыди хӕрӕндӕттӕ+. Кӕрт ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыди дурӕй конд. Дурӕй конд кӕрты уыди ӕртын хӕрӕндоны+.
18 Кулдуӕрттӕн фӕрсырдыгӕй дурӕй конд кӕртӕй цы хай уыд – дӕллаг хай,– уымӕн йӕ уӕрх уыд кулдуӕртты дӕргъы йас.
19 Уый сбарста, дӕллаг кулдуарӕй мидӕггаг кӕрты кулдуармӕ цас уыди, уый. Ӕддӕрдыгӕй уыди сӕдӕ ӕлмӕрины, скӕсӕйнаг кулдуарӕй ӕмӕ цӕгатаг кулдуарӕй уыд иухуызон.
20 Ӕддаг кӕртӕн уыди, цӕгатырдӕм чи каст, ахӕм кулдуар. Уый йын сбарста йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх.
21 Йӕ мидӕг чи уыд, уыцы хъахъхъӕнджыты уӕттӕ иуырдыгӕй дӕр уыдысты ӕртӕ ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр – ӕртӕ. Фӕрсырдыгӕй дзы цы цӕджындзтӕ уыд, уыдон ӕмӕ йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн уыдысты, фыццаг кулдуарӕн цӕйас уыдысты, уыйас. Йӕ дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – дыууын фондз ӕлмӕрины.
22 Йӕ рудзгуытӕ, йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн ӕмӕ йӕ пальмӕбӕласы нывӕфтыдтӕ+ уыдысты, скӕсӕнырдӕм чи каст, уыцы кулдуарӕн цӕйас уыдысты, уыйас. Схизӕн ӕм уыди авд къӕпхӕныл. Йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн та уыди сӕ акомкоммӕ.
23 Мидӕггаг кӕрты кулдуар уыди, цӕгатырдӕм чи каст, уыцы кулдуары акомкоммӕ, ӕмӕ афтӕ уыд кулдуар скӕсӕнырдыгӕй дӕр. Иу кулдуарӕй иннӕ кулдуармӕ сбарста, ӕмӕ се ’хсӕн уыд сӕдӕ ӕлмӕрины.
24 Уый фӕстӕ мӕ акодта хуссарырдӕм, ӕмӕ дзы уыд, хуссарырдӕм чи каст, ахӕм кулдуар+. Фӕрсырдыгӕй йын цы цӕджындзтӕ уыд, уыдон ӕмӕ йын йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн сбарста, ӕмӕ уыдысты, иннӕ кулдуӕрттӕн цӕйас уыдысты, уыйас.
25 Кулдуары ӕмӕ йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕны алырдыгӕй уыди рудзгуытӕ, уыдысты иннӕ рудзгуыты хуызӕн. Кулдуарӕн йӕ дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – дыууын фондз ӕлмӕрины.
26 Схизӕн ӕм уыд авд къӕпхӕныл+. Йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн та уыди сӕ акомкоммӕ. Ӕмбӕрзтсӕр бахизӕнӕн фӕрсырдыгӕй цы цӕджындзтӕ уыд, уыдоныл уыди пальмӕбӕласы нывӕфтыдтӕ: иуырдыгӕй – иу ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр – иу.
27 Мидӕггаг кӕртӕн уыд, хуссарырдӕм чи каст, ахӕм кулдуар. Уый сбарста иу кулдуарӕй иннӕ кулдуармӕ, хуссарырдӕм чи каст, уымӕ, ӕмӕ се ’хсӕн уыд сӕдӕ ӕлмӕрины.
28 Уый фӕстӕ мӕ бакодта мидӕггаг кӕртмӕ хуссайраг кулдуарыл. Ӕмӕ хуссайраг кулдуар сбарста, ӕмӕ уый дӕр уыди иннӕ кулдуӕртты йас.
29 Йӕ мидӕг чи уыд, уыцы хъахъхъӕнджыты уӕттӕ, фӕрсырдыгӕй йын цы цӕджындзтӕ уыд, уыдон ӕмӕ йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн уыдысты, иннӕ кулдуӕрттӕн цӕйас уыдысты, уыйас. Алырдыгӕй кулдуары ӕмӕ йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕны уыди рудзгуытӕ. Кулдуарӕн йӕ дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – дыууын фондз ӕлмӕрины+.
30 Мидӕггаг кӕрты цы кулдуӕрттӕ уыди, уыдонӕй алкӕцыйӕн дӕр уыд ӕмбӕрзтсӕр бахизӕнтӕ. Сӕ дӕргъ уыди дыууын фондз ӕлмӕрины, сӕ уӕрх – фондз ӕлмӕрины.
31 Ацы кулдуарӕн йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн уыд ӕддаг кӕртырдӕм. Фӕрсырдыгӕй йын цы цӕджындзтӕ уыд, уыдоныл уыди пальмӕбӕласы нывӕфтыдтӕ+. Схизӕн та йӕм уыд аст къӕпхӕныл+.
32 Стӕй мӕ мидӕггаг кӕртмӕ бакодта скӕсӕнырдыгӕй. Кулдуар сбарста, ӕмӕ уыди иннӕ кулдуӕртты йас.
33 Йӕ мидӕг чи уыд, уыцы хъахъхъӕнджыты уӕттӕ, фӕрсырдыгӕй йын цы цӕджындзтӕ уыд, уыдон ӕмӕ йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн уыдысты, иннӕ кулдуӕрттӕн цӕйас уыдысты, уыйас. Кулдуары ӕмӕ йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕны алырдыгӕй уыди рудзгуытӕ. Кулдуарӕн йӕ дӕргъ уыд фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – дыууын фондз ӕлмӕрины.
34 Йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн уыд ӕддаг кӕртырдӕм. Фӕрсырдыгӕй йын цы цӕджындзтӕ уыд, уыдоныл уыди пальмӕбӕласы нывӕфтыдтӕ – иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр. Схизӕн та йӕм уыд аст къӕпхӕныл.
35 Уый фӕстӕ мӕ ӕрбакодта цӕгатаг кулдуармӕ+. Сбарста йӕ, ӕмӕ уыди иннӕты йас+:
36 иннӕты йас уыдысты, йӕ мидӕг чи уыд, уыцы хъахъхъӕнджыты уӕттӕ, фӕрсырдыгӕй дзы цы цӕджындзтӕ уыд, уыдон ӕмӕ йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕн. Алырдыгӕй дзы уыди рудзгуытӕ. Кулдуарӕн йӕ дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – дыууын фондз ӕлмӕрины.
37 Фӕрсырдыгӕй дзы цы цӕджындзтӕ уыд, уыдон уыдысты ӕддаг кӕртырдыгӕй. Ӕмӕ уыцы цӕджындзтыл иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр уыди пальмӕбӕласы нывӕфтыдтӕ+. Схизӕн та йӕм уыд аст къӕпхӕныл.
38 Кулдуарӕн фӕрсырдыгӕй цы цӕджындзтӕ уыди, уыдоны раз уыд хӕрӕндон йӕ бахизӕнимӕ. Уыцы ран ӕхсадтой судзинаг нывӕндтӕ+.
39 Кулдуары ӕмбӕрзтсӕр бахизӕны иуырдыгӕй дӕр лӕууыди дыууӕ стъолы ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр – дыууӕ стъолы. Уыдоныл ӕргӕвстой судзинаг нывӕндтӕ+, тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ+ ӕмӕ аххосы тыххӕй нывӕндтӕ+.
40 Ӕддӕрдыгӕй, цӕгатаг кулдуары бахизӕны ’рдӕм куы фӕцӕйцӕуай, уӕд уым лӕууыди дыууӕ стъолы. Ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр, кулдуарӕн йе ’мбӕрзтсӕр бахизӕны ’рдыгӕй, лӕууыди дыууӕ стъолы.
41 Кулдуары раз уыцырдыгӕй дӕр лӕууыди цыппар стъолы ӕмӕ ацырдыгӕй дӕр – цыппар стъолы, ӕдӕппӕтӕй аст стъолы. Уыдоныл ӕргӕвстой нывӕндтӕ.
42 Судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл ӕргӕвстой, уыцы цыппар стъолы уыдысты лӕгъзгонд дурӕй. Сӕ дӕргъ уыд иу ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг, сӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг ӕмӕ сӕ бӕрзӕнд – иу ӕлмӕрин. Уыдоныл-иу сӕвӕрдтой, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ ӕргӕвдгӕйӕ кӕмӕй архайдтой, уыцы мигӕнӕнтӕ.
43 Къултыл мидӕгӕй алырдыгӕй фидаргонд уыди армы фӕтӕнӕн тӕрхӕджытӕ алыхуызон дзауматӕ ӕвӕрынӕн. Стъӕлттыл ӕвӕрдтой кувинӕгты дзидза+.
44 Мидӕггаг кулдуарӕн ӕддӕрдыгӕй уыди хӕрӕндӕттӕ зарӕггӕнджытӕн+ – цӕгатаг кулдуарырдыгӕй чи ис, уыцы мидӕггаг кӕрты. Хӕрӕндӕттӕн сӕ бахизӕнтӕ уыдысты хуссарырдыгӕй. Иу хӕрӕндон та уыд скӕсӕйнаг кулдуары раз, ӕмӕ йӕ бахизӕн уыд цӕгатырдыгӕй.
45 Ӕмӕ мын уый загъта: «Йӕ бахизӕн хуссарырдыгӕй кӕмӕн ис, уыцы хӕрӕндон у, хӕдзар кӕй бар у, уыцы сауджынтӕн+.
46 Йӕ бахизӕн цӕгатырдыгӕй кӕмӕн у, уыцы хӕрӕндон та у, нывондхӕссӕн кӕй бар у, уыцы сауджынтӕн+. Уыдон сты Садокы фырттӕ+, Левийы фырттӕй уыдон бацӕуынц Йегъовӕйы размӕ, цӕмӕй йын лӕггад кӕной»+.
47 Уый фӕстӕ сбарста мидӕггаг кӕрт. Йӕ дӕргъ уыди сӕдӕ ӕлмӕрины ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – сӕдӕ ӕлмӕрины. Йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ. Нывондхӕссӕн уыди хӕдзары акомкоммӕ.
48 Стӕй мӕ бакодта хӕдзары ӕмбӕрзтсӕр бахизӕнмӕ+. Ӕмбӕрзтсӕр бахизӕнӕн фӕрсырдыгӕй цы къултӕ уыди, уыдон сбарста, ӕмӕ дыууӕ къулӕн дӕр иу фарс уыди фондз ӕлмӕрины, иннӕ фарс та – ӕртӕ ӕлмӕрины. Иу къул дзы галиуырдыгӕй уыд, иннӕ та – рахизырдыгӕй.
49 Ӕмбӕрзтсӕр бахизӕнӕн йӕ дӕргъ уыди дыууын ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иуӕндӕс ӕлмӕрины. Схизӕн ӕм уыд асинтыл. Фӕрсырдыгӕй дзы цы къултӕ уыд, уыдоны раз уыди цӕджындзтӕ: иуырдыгӕй дӕр – иу ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр – иу+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.