Йезекил 42:1—20

42  Уый фӕстӕ мӕ акодта+ ӕддаг кӕртмӕ, цӕгатырдӕм чи цыд, уыцы фӕндагыл+. Стӕй мӕ ӕрбакодта хӕрӕндӕттӕм+ – уыдон уыдысты цӕгатырдыгӕй, хӕдзары раз цы афтид бынат уыди, уый раз+ ӕмӕ агъуысты раз.  Къулы дӕргъ цӕгатаг бахизӕнӕй баргӕйӕ уыди сӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – фӕндзай ӕлмӕрины.  Мидӕггаг кӕрты хӕдзары раз цы афтид бынат уыди,– дыууын ӕлмӕрины чи уыд,– уый+ ӕмӕ дуртӕй конд+ ӕддаг кӕрты ’хсӕн уыди ӕртӕуӕладзыгон агъуыстытӕ тыргътимӕ+, иу иннӕйы акомкоммӕ.  Хӕрӕндӕтты ’хсӕн мидӕгырдыгӕй уыди, йӕ уӕрх дӕс ӕлмӕрины кӕмӕн уыд, ахӕм ахизӕн+, стӕй ма дзы уыди, йӕ уӕрх иу ӕлмӕрин кӕмӕн уыд, ахӕм ахизӕн дӕр. Хӕрӕндӕтты бахизӕнтӕ уыдысты цӕгатырдыгӕй.  Уӕллаг хӕрӕндӕттӕ уыдысты къаддӕр, уымӕн ӕмӕ, бынӕй ӕмӕ астӕуӕй чи уыд, уыдонимӕ абаргӕйӕ сӕ тыргътӕ фылдӕр бынат ахстой.  Уыдон уыдысты ӕртӕ уӕладзыгыл+, ӕмӕ сын, кӕртыты цы цӕджындзтӕ уыд, ахӕм цӕджындзтӕ нӕ уыди. Ӕмӕ уый тыххӕй, бинаг ӕмӕ астӕуккаг уӕладзыгыл чи уыд, уыцы хӕрӕндӕттимӕ абаргӕйӕ, уӕллаг уӕладзыгыл чи уыд, уыдон уыдысты къаддӕр.  Ӕддӕрдыгӕй чи уыд, уыцы дурӕй амад къул уыди, ӕддаг кӕртырдыгӕй чи уыд, уыцы хӕрӕндӕтты раз ӕмӕ уыд иннӕ хӕрӕндӕтты акомкоммӕ. Йӕ дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины.  Ӕддаг кӕртырдыгӕй чи уыд, уыцы хӕрӕндӕтты дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины. Кувӕндоны акомкоммӕ чи уыд, уыдоны дӕргъ та уыди сӕдӕ ӕлмӕрины.  Хӕрӕндӕтты фыццаг уӕладзыгыл скӕсӕнырдыгӕй уыди бахизӕн ӕмӕ ууылты хӕрӕндӕттӕм бацӕуӕн уыди ӕддаг кӕртырдыгӕй. 10  Хуссарырдыгӕй дӕр уыди хӕрӕндӕттӕ+ – уыдон уыдысты, скӕсӕнырдыгӕй чи уыд, уыцы дурӕй амад къулы фӕстӕ, хӕдзары раз цы афтид бынат уыди, уый раз+ ӕмӕ агъуысты раз. 11  Хуссарырдыгӕй чи уыд, уыцы хӕрӕндӕтты ’хсӕн цы ахизӕн уыд, уый уыди, цӕгатырдыгӕй чи уыд, уыцы хӕрӕндӕтты ’хсӕн цы ахизӕн уыд, уый хуызӕн+. Хӕрӕндӕттӕн уыд иухуызон дӕргъ ӕмӕ уӕрх. Иухуызон уыдысты се ’ппӕт рахизӕнтӕ дӕр, сӕ арӕзт дӕр ӕмӕ сӕ бахизӕнтӕ дӕр. 12  Скӕсӕнырдыгӕй чи уыд, уыцы дурӕй амад къулы раз цы ахизӕн уыд, уымӕн йӕ райдайӕны уыди бахизӕн, хуссарырдыгӕй чи уыд, уыцы хӕрӕндӕтты бахизӕнты хуызӕн. Уыцы бахизӕнӕй уыди хӕрӕндӕттӕм бацӕуӕн+. 13  Ӕмӕ мын загъта: «Хӕдзары раз цы афтид бынат ис+, уый раз цӕгатырдыгӕй ӕмӕ хуссарырдыгӕй чи ис, уыцы хӕрӕндӕттӕ сты сыгъдӕг хӕрӕндӕттӕ – уым, Йегъовӕйы размӕ чи бацӕуы, уыцы сауджынтӕ+ хӕрынц уӕлдай табуйаг кувинӕгтӕ+. Уым сӕвӕрынц уӕлдай табуйаг кувинӕгтӕ, хоры кувинӕгтӕ, тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ ӕмӕ аххосы тыххӕй нывӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ уый у сыгъдӕг бынат+. 14  Сауджынтӕ мидӕмӕ куы бацӕуынц, уӕд сыгъдӕг бынатӕй ӕддаг кӕртмӕ нал рацӕуынц, фӕлӕ уым ныууадзынц, кӕй мидӕг фӕлӕггад кӕнынц, уыцы уӕлӕдарӕс+, уымӕн ӕмӕ уый у сӕрмагонд уӕлӕдарӕс. Сӕ уӕлӕ скӕнынц ӕндӕр уӕлӕдарӕс+ ӕмӕ стӕй рацӕуынц, адӕм кӕм вӕййынц, уырдӕм». 15  Уый барст фӕци мидӕггаг хӕдзар ӕмӕ мӕ, скӕсӕнырдӕм чи каст, уыцы кулдуарыл ӕддӕмӕ ракодта+. Ӕмӕ уым алырдыгӕй дӕр сбарста. 16  Барӕн хъӕз лӕдзӕгӕй сбарста скӕсӕнырдыгӕй. Ӕмӕ йӕ дӕргъ кӕрӕй-кӕронмӕ, барӕн хъӕз лӕдзӕгӕй баргӕйӕ+, уыди фондзсӕдӕ хъӕз лӕдзӕджы. 17  Сбарста цӕгатырдыгӕй, ӕмӕ йӕ дӕргъ кӕрӕй-кӕронмӕ, барӕн хъӕз лӕдзӕгӕй баргӕйӕ, уыди фондзсӕдӕ хъӕз лӕдзӕджы. 18  Сбарста хуссарырдыгӕй, ӕмӕ йӕ дӕргъ, барӕн хъӕз лӕдзӕгӕй баргӕйӕ, уыди фондзсӕдӕ хъӕз лӕдзӕджы. 19  Уый фӕстӕ ацыд ныгуылӕнырдӕм, сбарста йӕ, ӕмӕ йӕ дӕргъ, барӕн хъӕз лӕдзӕгӕй баргӕйӕ, уыди фондзсӕдӕ хъӕз лӕдзӕджы. 20  Афтӕ йӕ сбарста цыппарырдыгӕй дӕр. Йӕ алыварс уыди къул+ – йӕ дӕргъ фондзсӕдӕ хъӕз лӕдзӕджы ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр фондзсӕдӕ хъӕз лӕдзӕджы+ кӕмӕн уыд, ахӕм – цӕмӕй, табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу, уыдон кӕрӕдзийӕ хицӕн кодтаид+.

Фиппаинӕгтӕ