Йезекил 43:1—27

43  Уый фӕстӕ мӕ акодта кулдуармӕ, скӕсӕнырдӕм чи каст, уыцы кулдуармӕ+.  Ӕмӕ федтон, скӕсӕнырдыгӕй+ кӕй ӕрбацӕуы Израилы Хуыцауы кад+, ӕмӕ йӕ хъӕлӕс нӕрыд, раст цыма стыр дӕттӕ нӕрыдысты, уыйау+. Ӕмӕ зӕхх йӕ кадӕй ныррухс+.  Уый уыди, цы цӕстылуайӕн федтон, уый хуызӕн+, горӕт фесафынмӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд кӕй федтон, уыцы цӕстылуайӕны хуызӕн+. Уыцы цӕстылуайӕнтӕ уыдысты, Ховары цӕугӕдоны раз кӕй федтон, уыцы цӕстылуайӕны хуызӕн+. Ӕмӕ дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн.  Ӕмӕ Йегъовӕйы кад+, скӕсӕнырдӕм чи каст, уыцы кулдуарыл Хӕдзармӕ бацыд+.  Уӕд мӕ Хуыцауы тых* систа+ ӕмӕ мӕ ахаста мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ мӕнӕ, Хӕдзар Йегъовӕйы кадӕй байдзаг+.  Ӕз фехъуыстон, Хӕдзарӕй мӕм чидӕр кӕй дзуры+, ӕмӕ уыцы адӕймаг мӕ разы ӕрлӕууыд+.  Ӕмӕ мын Уый загъта: «Адӕймаджы фырт, ай у мӕ паддзахбадӕны бынат+ ӕмӕ мӕ къӕхтӕвӕрӕн бынат+. Ацы ран ӕз ӕнустӕм цӕрдзынӕн Израилы фыртты ’хсӕн+. Ӕмӕ мын уыдон, Израилы адӕм, сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ паддзӕхтӕ дӕр+, нал чъизи кӕндзысты мӕ сыгъдӕг ном+ сӕ хӕтындзинадӕй ӕмӕ сӕ паддзӕхты* мӕрдтӕй+ –  уыдон сын сӕ къӕсӕр сӕвӕрдтой мӕ къӕсӕры раз, сӕ дуары тарваз – мӕ дуары тарвазы раз, ӕмӕ мӕн ӕмӕ уыдоны ’хсӕн уыди ӕрмӕстдӕр къул+. Се ’лгъаг хъуыддӕгтӕй мын мӕ сыгъдӕг ном чъизи кодтой+, ӕмӕ сӕ ӕз дӕр мӕстӕй судзгӕйӕ ныццагътон+.  Гъемӕ уӕдӕ сӕ хӕтындзинад+ ӕмӕ сӕ паддзӕхты мӕрдтӕ+ мӕ разӕй айсӕнт, ӕмӕ ӕз ӕнустӕм цӕрдзынӕн се ’хсӕн+. 10  Ды та, адӕймаджы фырт, Израилы адӕмӕн радзур ацы Хӕдзары тыххӕй+, цӕмӕй сӕ фыдракӕндты тыххӕй сӕхимӕ ӕгад ӕркӕсой+. Ӕмӕ йын йӕ ныв сбарӕнт. 11  Ӕмӕ, цытӕ фӕкодтой, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сӕхимӕ ӕгад куы ’ркӕсой, уӕд сын сӕ цӕстыты раз сныв кӕн Хӕдзары пълан+. Сныв кӕн, куыд конд у, уый, йӕ рахизӕнтӕ ӕмӕ йӕ бахизӕнтӕ, йӕ пълӕнттӕ иууылдӕр ӕмӕ йе ’ппӕт лыстӕг хабӕрттӕ. Фехъусын сын кӕн йӕ закъӕттӕ иууылдӕр, цӕмӕй сӕ хъус ӕрдарой йӕ пъланмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ йе ’ппӕт лыстӕг хабӕрттӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной+. 12  Ай у закъон Хӕдзары тыххӕй: хохы сӕрыл Хӕдзары алыварс зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр у уӕлдай табуйаг+. О, ай у закъон Хӕдзары тыххӕй. 13  Мӕнӕ цӕйас у нывондхӕссӕн та ӕлмӕринтӕй+ баргӕйӕ (иу ӕлмӕрин у, ӕлмӕрин ӕмӕ армы фӕтӕн иумӕ цас сты, уыйас+). Йӕ бын у иу ӕлмӕрин ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – иу ӕлмӕрин. Алырдыгӕй йӕ кӕрӕттыл ис иу уылынджы* йас фӕрстӕ. Уый у нывондхӕссӕны бындур. 14  Бындуры сӕрмӕ чи ис, уыцы хайӕн йӕ бӕрзӕнд у дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ у, йӕ сӕрмӕ чи ис, уыцы хайӕ иу ӕлмӕрин фӕтӕндӕр. Ӕртыккаг хайӕн йӕ бӕрзӕнд у цыппар ӕлмӕрины, ӕмӕ ацы хай дӕр, йӕ сӕрмӕ чи ис, уыцы хайӕ у иу ӕлмӕрин фӕтӕндӕр. 15  Ӕппӕты уӕлейӕ та ис, нывондхӕссӕны зынгтӕ кӕм сты, уыцы хай, ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд у цыппар ӕлмӕрины. Йӕ цыппар тигъыл та ис цыппар сыкъайы+. 16  Нывондхӕссӕны зынгтӕ кӕм сты, уыцы хайӕн йӕ дӕргъ у дыууадӕс ӕлмӕрины ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – дыууадӕс ӕлмӕрины+, йӕ цыппар фарсы дӕр сты ӕмиӕстӕ+. 17  Ӕртыккаг хайӕн йӕ дӕргъ у цыппӕрдӕс ӕлмӕрины ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – цыппӕрдӕс ӕлмӕрины, йӕ цыппар фарсы дӕр сты афтӕ. Йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй цы фӕрстӕ ис, уыдон сты ӕлмӕрины ’рдӕг, сӕ бын та алырдыгӕй дӕр у иу ӕлмӕрин. Йӕ асинтӕ сты скӕсӕнырдыгӕй». 18  Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Адон сты закъӕттӕ нывондхӕссӕны тыххӕй, арӕзт куы ’рцӕуа, уыцы бонмӕ, цӕмӕй йыл ӕрхӕссой судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ йыл туг бапырх кӕной“+. 19  „Левийы фырттӕй сауджынтӕ чи сты+, уыдонӕн, Садокы байзӕддӕгтӕн+, мӕ размӕ чи ’рбацӕуы+, цӕмӕй мын лӕггад кӕной, уыдонӕн, ратт уӕныг тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– 20  Райс ын йӕ тугӕй ӕмӕ дзы ацахор цыппар сыкъайы дӕр, ӕртыккаг хайы цыппар тигъы ӕмӕ, йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй цы фӕрстӕ ис, уыдон ӕмӕ йӕ афтӕмӕй тӕригъӕдӕй+ ссыгъдӕг кӕн+. 21  Райс, тӕригъӕды тыххӕй нывонд чи у, уыцы уӕныджы, ӕмӕ йӕ басудзӕнт Хӕдзары нысангонд бынаты, кувӕндоны ӕдде+. 22  Дыккаг бон та тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрбакӕн ӕнӕсахъат нӕл сӕгъ. Ӕмӕ нывондхӕссӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнӕнт, уӕныджы тугӕй йӕ куыд ссыгъдӕг кодтой, афтӕ“. 23  „Нывондхӕссӕн тӕригъӕдӕй куы ссыгъдӕг кӕнай, уӕд ӕрбакӕн иу ӕнӕсахъат уӕныг ӕмӕ иу ӕнӕсахъат фыр. 24  Ӕрбакӕн сӕ Йегъовӕйы размӕ, ӕмӕ сыл сауджынтӕ цӕхх айзӕрдзысты+ ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн ӕрхӕсдзысты. 25  Авд боны дӕргъы алы бон дӕр тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн хӕсдзынӕ нӕл сӕгъ+. Стӕй ма нывондӕн хӕсдзысты ӕнаипп уӕныг ӕмӕ ӕнаипп фыр. 26  Нывондхӕссӕн тӕригъӕдӕй сыгъдӕг кӕндзысты авд боны+. Ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзысты ӕмӕ йӕ снывонд кӕндзысты. 27  Уыцы бонтӕ куы фӕуой, уӕд ӕстӕм бонӕй+ фӕстӕмӕ сауджынтӕ нывондхӕссӕныл хӕсдзысты уӕ судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ фарны нывӕндтӕ. Ӕмӕ уӕ мӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Дзут. ӕвзаджы ам ацы дзырд амоны кӕнӕ Хуыцауы архайгӕ тыхмӕ, кӕнӕ зӕдмӕ. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Ӕвӕц., уыдон уыдысты, сӕхицӕн паддзӕхтӕ кӕмӕй скодтой, уыцы мӕнгхуыцӕуттӕ.
Кӕс Рц 28:16, фип.