Йезекил 44:1—31

44  Ӕмӕ мӕ фӕстӕмӕ ӕрбакодта, кувӕндонӕн скӕсӕнырдӕм чи каст, уыцы ӕддаг кулдуармӕ+, ӕмӕ уыди ӕхгӕд+.  Уӕд мын Йегъовӕ загъта: «Ацы кулдуар уыдзӕн ӕхгӕд. Нӕ йӕ байгом кӕндзысты ӕмӕ йыл иу хуымӕтӕг адӕймаг дӕр нӕ бахиздзӕн, уымӕн ӕмӕ йыл бахызт Йегъовӕ, Израилы Хуыцау+. Ӕмӕ уыдзӕни ӕхгӕд.  Фӕлӕ уым баддзӕн сӕргълӕууӕг+, цӕмӕй Йегъовӕйы раз хӕра дзул+. Уый-иу бацӕудзӕн кулдуары ӕмбӕрзтсӕр бахизӕныл ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ дӕр ууылты рацӕудзӕн»+.  Уый фӕстӕ мӕ цӕгатаг кулдуарыл бакодта Хӕдзары размӕ, цӕмӕй цыдӕр федтаин. Ӕмӕ мӕнӕ, Йегъовӕйы хӕдзар байдзаг Йегъовӕйы кадӕй+. Ӕмӕ ӕз дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн+.  Уӕд мын Йегъовӕ загъта: «Адӕймаджы фырт, дӕ хъус ӕрдар+, дӕ цӕстытӕй кӕс ӕмӕ дӕ хъустӕй хъус, Йегъовӕйы хӕдзары ӕппӕт уагӕвӕрдты ӕмӕ ӕппӕт закъӕтты тыххӕй дын цыдӕриддӕр зӕгъон, уымӕ. Дӕ хъус ӕрдар Хӕдзары бахизӕнмӕ ӕмӕ кувӕндоны ӕппӕт рахизӕнтӕм дӕр.  Ӕмӕ зӕгъ змӕнтӕг адӕмӕн+, Израилы адӕмӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уе ’ппӕт ӕлгъаг митӕ уӕ сӕрӕй фӕуӕлдӕр сты, Израилы адӕм+.  Сымах ӕрбакӕнут, зӕрдӕйӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр сунӕтгонд чи нӕу, уыцы ӕндӕрбӕстӕгты+. Уыдон мын мӕ кувӕндонмӕ бацӕуынц ӕмӕ йӕ хынджылӕггаг кӕнынц, хынджылӕггаг мын кӕнынц мӕ хӕдзар. Сымах мын мӕ размӕ ӕрбахӕссут мӕ дзул+ – фиу+ ӕмӕ туг+, мӕ бадзырд та уе ’ппӕт ӕлгъаг хъуыддӕгты тыххӕй хӕлд цӕуы+.  Мӕ кувинӕгтӕ уыдысты уӕ бар, фӕлӕ уӕ хӕстӕ не ’ххӕст кодтат+ ӕмӕ-иу уӕ бӕсты ӕндӕрты дӕр нӕ сӕвӕрдтат, цӕмӕй ӕххӕст кӕной, мӕ кувӕндоны сыл мӕ разы цы хӕстӕ ис, уыдон“+.  „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Зӕрдӕйӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр сунӕтгонд чи нӕу, уыцы ӕндӕрбӕстӕгтӕй никӕмӕн ис мӕ кувӕндонмӕ бацӕуӕн – Израилы фыртты ’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕндӕрбӕстӕгтӕй иуӕн дӕр“+. 10  „Израил мӕ куы ныууагъта ӕмӕ йӕ фаджыс-хуыцӕутты фӕдыл куы адзӕгъӕл+, уӕд мӕнӕй чи адард, уыцы левиттӕ сӕ фыдракӕнды тыххӕй дзуапп ратдзысты+. 11  Ӕмӕ уый фӕстӕ уыдон мӕ кувӕндоны суыдзысты лӕггадгӕнджытӕ: сӕ хъус дардзысты Хӕдзары кулдуӕрттӕм ӕмӕ лӕггад кӕндзысты Хӕдзары+. Уыдон адӕмы тыххӕй ӕргӕвддзысты судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ+ ӕмӕ сӕ разы лӕудзысты, цӕмӕй сын лӕггад кӕной+. 12  Сӕ фаджыс-хуыцӕутты раз сын кӕй лӕггад кодтой+ ӕмӕ Израилы адӕмӕн цӕлхдур кӕй систы ӕмӕ сӕ кӕй рӕдийын кодтой+, уый тыххӕй сӕм систон мӕ къух+, о, уый тыххӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕ фыдракӕнды тыххӕй дзуапп ратдзысты. 13  Уыдон мӕ размӕ нал бацӕудзысты, цӕмӕй мын сауджынтӕй лӕггад кӕной кӕнӕ хӕстӕг цӕуой, табуйаг цы у, уыдонӕй истӕмӕ, уӕлдай табуйаг цы у, уыдонмӕ+. Уыдон фӕхӕсдзысты ӕгады ном ӕмӕ, цы ’лгъаг хъуыддӕгтӕ кодтой, уыдоны тыххӕй дзуапп ратдзысты+. 14  Ӕмӕ сын Хӕдзар сӕ бар бакӕндзынӕн, цӕмӕй, Хӕдзары лӕггад кӕнынмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый кӕной ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр хъӕуа аразын, уый аразой“+. 15  „Израилы фырттӕ мӕ куы ныууагътой+, уӕд мӕ кувӕндон уыди, Левийы фырттӕй сауджынтӕ чи сты+, уыдоны бар, Садокы+ фыртты бар, ӕмӕ уыдон сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтой. Ӕмӕ-иу уыдон мӕ размӕ бацӕудзысты, цӕмӕй мын лӕггад кӕной, мӕ разы лӕудзысты+, цӕмӕй мын хӕссой фиу+ ӕмӕ туг+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– 16  О, уыдон-иу бацӕудзысты мӕ кувӕндонмӕ+. Уыдон-иу бацӕудзысты ме стъолы цурмӕ, цӕмӕй мын лӕггад кӕной+. Ӕмӕ сыл мӕ разы цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕндзысты+. 17  Мидӕггаг кӕрты кулдуӕрттӕм-иу куы бахизой, уӕд-иу сыл хъуамӕ уа кӕттаг дарӕс. Мидӕггаг кӕрты кулдуӕртты кӕнӕ мидӕгӕй куы лӕггад кӕной, уӕд сыл хъуамӕ къуымбилӕй конд дарӕс ма уа+. 18  Сӕ сӕртыл-иу хъуамӕ уа кӕттаг худтӕ+, стӕй сыл хъуамӕ уа кӕттаг мидӕггаг хӕлӕфтӕ+. Сӕ уӕлӕ хъуамӕ ма кӕной, хид кӕй мидӕг кӕной, ахӕм дарӕс. 19  Ӕддаг кӕртмӕ-иу куы цӕуой, адӕм кӕм сты, уырдӕм, уӕд-иу, кӕй мидӕг лӕггад кодтой, уыцы уӕлӕдарӕс хъуамӕ раласой+ ӕмӕ йӕ сыгъдӕг хӕрӕндӕтты ныууадзой+ ӕмӕ сӕ уӕлӕ скӕной ӕндӕр дарӕс, цӕмӕй адӕмы сӕ уӕлӕдарӕсӕй ма ссыгъдӕг кӕной+. 20  Сӕ сӕртӕ хъуамӕ ма дасой+ ӕмӕ сӕ сӕрыхъуынтӕ хъуамӕ ма уадзой. Фӕлӕ-иу сӕ сӕрыхъуынтӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг акъуырой+. 21  Сауджынтӕ мидӕггаг кӕртмӕ куы цӕуой, уӕд сын сӕн нуазӕн нӕй+. 22  Сауджынӕн нӕй курӕн идӕдз кӕнӕ, йӕ лӕгӕй хицӕн чи у, ахӕм сылгоймаджы+. Фӕлӕ йӕ бон у ракурын ӕнӕвнӕлд чызджы, Израилы адӕмӕй чи у, уый+, йе та, йӕ лӕг сауджын кӕмӕн уыд, ахӕм идӕдз сылгоймаджы“. 23  „Уыдон мын хъуамӕ мӕ адӕмы ахуыр кӕной, табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый сын ӕмбарын кӕной+. 24  Тӕрхоны хъуыддаджы-иу хъуамӕ ныллӕууой тӕрхонгӕнджытӕй+ ӕмӕ-иу ӕй хъуамӕ равзарой мӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ+. Хъуамӕ ӕххӕст кӕной, ме ’ппӕт бӕрӕгбӕтты тыххӕй дӕр кӕй радтон, уыцы закъӕттӕ+ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ мын мӕ сабат хъуамӕ нымайой табуйагыл+. 25  Сауджынӕн нӕй мардмӕ хӕстӕг цӕуӕн, цӕмӕй ма фӕчъизи уа. Фӕлӕ йӕ фыд кӕнӕ йӕ мад, йӕ фырт кӕнӕ йӕ чызг, йе ’фсымӕр кӕнӕ йын чындзыцыд чи нӕ уыд, ахӕм хо куы уа, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ йыл фӕхъыг кӕна ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кӕна+. 26  Ӕмӕ йӕхи куы ссыгъдӕг кӕна, уӕд хъӕудзӕн авд боны анымайын+. 27  Ӕмӕ сыгъдӕг бынатмӕ, мидӕггаг кӕртмӕ, цы бон бацӕуа, цӕмӕй сыгъдӕг бынаты лӕггад кӕна, уыцы бон хъуамӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕрхӕсса“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ. 28  „Адон сты сӕ бынтӕ: ӕз дӕн сӕ бынтӕ+. Израилы сын мацы исбон раттут: ӕз дӕн сӕ исбон. 29  Хоры кувинӕгтӕ, тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ ӕмӕ аххосы тыххӕй нывӕндтӕ уыдон хӕрдзысты+. Израилы нывондгонд цыдӕриддӕр уа, уыдон уыдзысты сауджынты+. 30  Фыццаг цыдӕриддӕр тыллӕг сисат, уымӕн йӕ хуыздӕр хай ӕмӕ, цыдӕриддӕр кувинӕгтӕ ӕрбахӕссат, уыдонӕн сӕ хуыздӕр хай уыдзӕн сауджынты+. Ӕмӕ, фыццаг кӕй ӕрыссат, ахӕм ставд ссад дӕр дӕттут сауджынтӕн+, цӕмӕй уӕ хӕдзӕрттӕ уой арфӕгонд+. 31  Сауджынтӕн нӕй хӕрӕн хӕдмӕл дзидза ӕмӕ, хъӕддаг сырд кӕй бахордта, ахӕм маргъы кӕнӕ ахӕм цӕрӕгойы фыд“+.

Фиппаинӕгтӕ