Йезекил 46:1—24
46 «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ:„Мидӕггаг кӕрты скӕсӕнырдӕм чи кӕсы, уыцы кулдуар+ ӕхсӕз кусгӕ боны+ хъуамӕ уа ӕхгӕд+, сабаты та хъуамӕ уа гом. Хъуамӕ гом уа, мӕй куы сног вӕййы, уыцы бон дӕр+.
2 Ӕмӕ сӕргълӕууӕг хъуамӕ бахиза кулдуары ӕмбӕрзтсӕр бахизӕныл+ ӕддӕрдыгӕй ӕмӕ ӕрлӕууа кулдуары тарвазы цур+. Сауджынтӕ йын хъуамӕ ӕрхӕссой йӕ судзинаг нывонд ӕмӕ йӕ фарны нывӕндтӕ, йӕхӕдӕг та хъуамӕ кулдуары къӕсӕрыл йӕ сӕрӕй ныллӕг акува+ ӕмӕ стӕй ӕддӕмӕ рахиза, фӕлӕ кулдуар изӕрмӕ хъуамӕ ӕхгӕд ма ’рцӕуа.
3 Уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕм-иу сабатбонты ӕмӕ, мӕй куы сног вӕййы, уыцы бонты хъуамӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акувой Йегъовӕйы раз кулдуары бахизӕны цур+.
4 Сабатбон куы уа, уӕд сӕргълӕууӕг Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн хъуамӕ ӕрбакӕна ӕхсӕз ӕнӕсахъат нӕл уӕрыччы ӕмӕ иу ӕнӕсахъат фыр+.
5 Фыримӕ хоры кувинагӕн хъуамӕ ӕрбахӕсса ссады ефӕ+, уӕрыччытимӕ та хоры кувинагӕн хъуамӕ ӕрбахӕсса, йӕ къух цас амона, уыйбӕрц+. Сой та – ефӕйыл иу гин+.
6 Мӕй куы сног уа+, уыцы бон та хъӕуы ӕрбакӕнын иу ӕнӕсахъат уӕныг, ӕхсӕз нӕл уӕрыччы ӕмӕ иу фыр; хъуамӕ уой ӕнӕсахъат+.
7 Уӕныгимӕ хоры кувинагӕн хъуамӕ ӕрбахӕсса ссады ефӕ ӕмӕ фыримӕ дӕр – ссады ефӕ, уӕрыччытимӕ та – йӕ къух цас амона, уыйбӕрц. Сой та – ефӕйыл гин+.
8 Сӕргълӕууӕг+ мидӕмӕ куы хиза, уӕд хъуамӕ бахиза кулдуары ӕмбӕрзтсӕр бахизӕныл ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр хъуамӕ ууылты рахиза+.
9 Уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕм бӕрӕгбӕтты рӕстӕг Йегъовӕйы размӕ куы ’рбацӕуой+, уӕд, мидӕмӕ цӕгатаг кулдуарыл чи бахиза+ бакувыны тыххӕй, уый ӕддӕмӕ хъуамӕ рахиза хуссайраг кулдуарыл+. Хуссайраг кулдуарыл чи бахиза, уый та хъуамӕ ӕддӕмӕ рахиза цӕгатаг кулдуарыл. Иу адӕймаг дӕр, мидӕмӕ цы кулдуарыл бахызт, фӕстӕмӕ уыцы кулдуарыл хъуамӕ ма рахиза – хъуамӕ ӕддӕмӕ рахиза, йӕ акомкоммӕ чи уа, уыцы кулдуарыл.
10 Се ’хсӕн чи ис, уыцы сӕргълӕууӕг та мидӕмӕ хъуамӕ бахиза, адӕм мидӕмӕ куы цӕуой, уӕд, ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр хъуамӕ рахиза, адӕм ӕддӕмӕ куы цӕуой, уӕд+.
11 Бӕрӕгбӕтты рӕстӕг+ уӕныгимӕ хоры кувинагӕн хъуамӕ ӕрбахӕсса ссады ефӕ ӕмӕ фыримӕ дӕр – ссады ефӕ, уӕрыччытимӕ та – йӕ къух цас амона, уыйбӕрц. Сой та – ефӕйыл гин+.
12 Сӕргълӕууӕг, йӕ зӕрдӕ кӕй зӕгъы, уый номыл судзинаг нывонд куы хӕсса+ кӕнӕ, йӕ зӕрдӕ кӕй зӕгъы, уый номыл Йегъовӕйӕн фарны нывӕндтӕ куы хӕсса, уӕд ын хъӕудзӕн байгом кӕнын, скӕсӕнырдӕм чи кӕсы, уыцы кулдуар+. Йӕ судзинаг нывонд ӕмӕ йӕ фарны нывӕндтӕ хъуамӕ ӕрхӕсса, сабатбон сӕ куыд ӕрхӕссы, афтӕ+. Уый фӕстӕ ӕддӕмӕ рахиздзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕстӕ кулдуар сӕхгӕндзысты+.
13 Алы бон дӕр-иу, алы райсом дӕр, Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн ӕрбакӕн, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм ӕнӕсахъат нӕл уӕрыкк+.
14 Йемӕ-иу алы райсом дӕр хоры кувинагӕн ӕрбахӕсс ефӕйы ӕхсӕзӕм хай ссад, сой та – гины ӕртыккаг хай ӕппӕты хуыздӕр ссадыл ӕркӕнынӕн+. Йегъовӕйӕн хоры кувинаг хӕссын кӕй хъӕуы, уый у закъон ӕнустӕм, уыцы кувинаг хӕссын хъӕуы ӕдзухдӕр.
15 Ӕдзухдӕр кӕй хъӕуы хӕссын, ахӕм судзинаг нывондӕн алы райсом дӕр хъуамӕ хӕссой нӕл уӕрыкк, хоры кувинаг ӕмӕ сой“.
16 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Сӕргълӕууӕг йӕ фырттӕй алкӕмӕн дӕр бынтӕ куы балӕвар кӕна, уӕд уыдон суыдзысты йӕ фыртты исбон. Уыдон сты, бынӕн кӕй райстой, уыцы исбон.
17 Йӕ лӕггадгӕнджытӕй искӕмӕн йӕ бынтӕй куы балӕвар кӕна, уӕд уыцы лӕггадгӕнӕгӕн йӕ исбон уыдзысты сӕрибардзинады азы онг+, ӕмӕ уый фӕстӕ раздӕхдзысты сӕргълӕууӕгмӕ. Йӕ бынтӕ цӕрӕнбонтӕм баззайдзысты ӕрмӕстдӕр йӕ фыртты къухы.
18 Сӕргълӕууӕг хъуамӕ адӕмӕн сӕ бынтӕй мацы иса ӕмӕ сӕ афтӕмӕй сӕ зӕххӕй ма сыстын кӕна+. Йӕ фырттӕн бынтӕ хъуамӕ дӕтта йӕхи исбонӕй, цӕмӕй мӕ адӕм сӕ зӕххӕй ма фӕхауӕггаг уой“»+.
19 Стӕй мӕ, кулдуары раз чи уыд, уыцы бахизӕныл бакодта+ сауджынты сыгъдӕг хӕрӕндӕтты цурмӕ, цӕгатырдыгӕй чи уыд, уыдоны цурмӕ+. Ӕмӕ федтон, фӕстейӕ ныгуылӕнырдыгӕй кӕй ис бынат.
20 Ӕмӕ мын загъта: «Ацы ран сауджынтӕ фыцдзысты аххосы тыххӕй нывӕндтӕ+ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ+, фыцдзысты ма дзы хоры кувинаг+ дӕр, цӕмӕй ӕддаг кӕртмӕ мацы хӕссой ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы ма ссыгъдӕг кӕной»+.
21 Уый фӕстӕ мӕ ракодта ӕддаг кӕртмӕ ӕмӕ мӕ бакодта, кӕрты тигътыл цы цыппар цӕджындзы лӕууыди, уыдоны цурмӕ. Иу цӕджындзы раз дӕр уыди кӕрт, ӕмӕ иннӕ цӕджындзы раз дӕр уыди кӕрт.
22 Кӕрты тигътыл цы цыппар цӕджындзы лӕууыди, уыдоны раз уыд гыццыл кӕртытӕ, сӕ дӕргъ уыд цыппор ӕлмӕрины, сӕ уӕрх та – ӕртын ӕлмӕрины. Цыппар кӕртӕн сӕ дӕргъ ӕмӕ сӕ уӕрх уыдысты ӕмхуызон – тигътыл уыди агъуыстытӕ дӕр.
23 Цыппар кӕрты дӕр алырдыгӕй кӕрӕй-кӕронмӕ уыди дуртӕ ӕвӕрд, ӕмӕ алырдыгӕй дӕр дурты рӕбын уыди, дзидза кӕм фыхтой, ахӕм бынӕттӕ+.
24 Уый фӕстӕ мын загъта: «Адон сты, дзидза чи фӕфыцы, уыдоны агъуыстытӕ, Хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон адӕмы нывӕндтӕ кӕм фӕфыцынц, уыцы бынӕттӕ»+.