Йезекил 6:1—14

6  Ӕмӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта:  «Адӕймаджы фырт, акӕс Израилы хӕхты ’рдӕм ӕмӕ сын+ зӕгъ ахӕм ныхас+:  „Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы ныхасмӕ!+ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы хӕхтӕн ӕмӕ къуыбыртӕн+, цӕугӕдӕттӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн: „Мӕнӕ ӕз! Ӕз уыл хъама рауадздзынӕн ӕмӕ уын уӕ кувӕн бынӕттӕ*+ ныппырх кӕндзынӕн.  Уӕ нывондхӕссӕнтӕ дзӕгъӕл баззайдзысты+, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныппырх кӕндзысты ӕмӕ уӕ чи фӕцагъды уа, уыдоны ныккалдзынӕн уӕ фаджыс-хуыцӕутты раз+.  Израилы фырттӕн сӕ мӕрдтӕ ӕрӕвӕрдзынӕн сӕ фаджыс-хуыцӕутты раз ӕмӕ уын уе стджытӕ уӕ нывондхӕссӕнты алыварс ныккалдзынӕн+.  Кӕмдӕриддӕр цӕрат+ – уӕ горӕттӕ фестдзысты хӕлддзӕгтӕ+, уӕ кувӕн бынӕттӕ дзӕгъӕл баззайдзысты ӕмӕ хӕлддзӕгтӕ фестдзысты+, уӕ нывондхӕссӕнтӕ дзӕгъӕл баззайдзысты ӕмӕ сӕ ныппырх кӕндзысты+. Уӕ фаджыс-хуыцӕуттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн+, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын фехалдзысты+ ӕмӕ, уӕ къухтӕ цы скодтой, уыдонӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн.  Чи цагъды кӕна, уыдон уе ’хсӕн хаудзысты+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+.  Уыцы хабар куы ’рцӕуа, уӕд уӕ ӕз кӕйдӕрты ныууадздзынӕн – алы бӕстӕтыл куы ныххӕлиу уат, уӕд сымахӕй адӕмты ’хсӕн хъамайӕ чи аирвӕза, уыдоны+.  Чи уӕ аирвӕза, уыдон мӕ ӕрхъуыды кӕндзысты, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты ’хсӕн+, ӕрхъуыды кӕндзысты, мӕ зӕрдӕ куыд рысти сӕ хӕтаг зӕрдӕйы тыххӕй, мӕнӕй чи аздӕхт+, уыцы зӕрдӕйы тыххӕй, ӕмӕ сӕ цӕстыты тыххӕй, сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕм мондагкаст чи кӕны+, уыцы цӕстыты тыххӕй. Се ’ппӕт ӕвзӕр ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгты тыххӕй сӕхицӕн фенад уыдзысты+. 10  Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ. Ӕз дзӕгъӕлы нӕ дзырдтон+, уыцы бӕллӕхы хай сӕ бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ“+. 11  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Дӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцӕв+, дӕ къӕхтӕй зӕхх ӕрхой ӕмӕ дзур: „Мӕгуыры бон!“ – Израилы адӕмы ӕппӕт ӕвзӕр ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгты тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕцагъды уыдзысты хъамайӕ+, ӕххормагӕй+ ӕмӕ фыднизӕй+. 12  Дард ран чи ис+, уый фыднизӕй амӕлдзӕн, хӕстӕг ран чи ис, уый хъамайы амӕттаг бауыдзӕн, чи баззайа ӕмӕ чи аирвӕза, уый та ӕххормагӕй амӕлдзӕн. Ӕмӕ сыл мӕ судзгӕ маст иууылдӕр ныккалдзынӕн+. 13  Ӕмӕ сӕ чи фӕцагъды уа, уыдон куы уой сӕ фаджыс-хуыцӕутты ’хсӕн+, сӕ нывондхӕссӕнты алыварс+, алы бӕрзонд къуыбырыл+, алы хохы цъуппыл+, алы пӕлӕхсар бӕласы бын+ ӕмӕ алы къалиуджын стыр бӕласы бын+, се ’ппӕт фаджыс-хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ кӕм хастой, цӕмӕй сын сӕ тӕф ӕхсызгон уыдаид, уыцы ран+, уӕд ӕй базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+. 14  Ӕз сӕм мӕ къух сисдзынӕн+ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрой, уым сын сӕ зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестын кӕндзынӕн, ӕмӕ уыдзӕн, Дивлафы ’рдыгӕй цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, уымӕй фыддӕр. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «бӕрзонд бынӕттӕ». Уыдон уыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ.