Йеремийы хъарӕг 1:1—22

א [А́леф] 1  Иунӕгӕй куыд бады+, раздӕр адӕмӕй ӕмызмӕлд чи кодта, уыцы горӕт!+Идӕдз усы бон ыл куыд акодта+, адӕмты ’хсӕн кадджын чи уыд, ууыл!+Дӕлбар бӕстӕты ’хсӕн ус-паддзах чи уыди, уый ӕххуырст кусӕг куыд сси!+ ב [Бет]   Хӕкъуырццӕй кӕуы ӕхсӕвыгӕтты+, ӕмӕ йӕ цӕссыгтӕ йӕ уадултыл згъорынц+.Чи йӕ уарзы, уыдонӕй иу ахӕм нал ис, зӕрдӕтӕ йын чи бавӕра+.Йӕ хӕлӕрттӕ йыл иууылдӕр гадзрахатӕй рацыдысты+, йе знӕгтӕ систы+. ג [Ги́мел]   Хъизӕмайраг ӕмӕ цагъары удхайраг цардӕй+ Иудӕ уацары фӕцыд+.Ӕндӕр адӕмты ’хсӕн ӕй бахъуыд цӕрын+. Йӕхицӕн ӕнцой никуы ссардта.Йӕ фӕдыл чи зылд, уыдон ӕй йӕ тыхсты рӕстӕг ӕрцахстой+. ד [Да́лет]   Сионы фӕндӕгтӕ хъыг кӕнынц, бӕрӕгбӕттӕм цӕуӕг кӕй нал ис, уый тыххӕй+.Йӕ кулдуӕрттӕ пырхӕй лӕууынц+, йӕ сауджынтӕ арф ныуулӕфынц+.Йӕ чызджытӕн сӕ зӕрдӕтӕ мастӕй фӕйнӕрдӕм тонынц, ӕмӕ йӕхи зӕрдӕ дӕр мастӕй байдзаг+. ה [Хе]   Йе знӕгтӕ йын хицӕуттӕ систы+. Йӕ фыдгултӕ сты ӕнӕмӕт+.Ӕмӕ куыннӕ – Йегъовӕ йӕ йӕхӕдӕг куы фӕкодта масты хай йӕ бирӕ фыдракӕндты тыххӕй!+Йӕ хъӕбултӕ знаджы разӕй уацары ацыдысты+. ו [Вав]   Сионы чызгӕн йӕ фидыцӕй ницыуал аззад+.Йӕ кънйӕзтӕ сты, хизӕн бынат чи нал ары, ахӕм сагты хуызӕн+.Сӕ хъару байсыст, ӕмӕ ма тыххӕй-фыдӕй цӕуынц, чи сӕ суры, уый разӕй+. ז [За́йин]   Йӕ уынгӕджы бонты, йӕ адӕм уынджы къӕйыл куы аззадысты, уӕд, Иерусалим ӕрымысыд,Рагӕй фӕстӕмӕ йын зынаргъ цы уыд, уыдӕттӕ иууылдӕр+.Йӕ адӕм знаджы къухмӕ куы бахаудысты ӕмӕ йын ӕххуысгӕнӕг куы нал уыди+,Уӕд ӕй йе знӕгтӕ федтой ӕмӕ, куыд ӕрхауд, ууыл худтысты+. ח [Хет]   Иерусалим уӕззау тӕригъӕд ракодта+, ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн фенад+.Чидӕриддӕр ын кад кодта, уыдон ӕй ныр зӕххӕй сисинагыл дӕр нал нымайынц+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ бӕгънӕг буар федтой+.Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр арф ныуулӕфы+ ӕмӕ иннӕрдӕм азилы. ט [Тем]   Йӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитыл – чъизитӕ+. Йӕ фидӕныл нӕ хъуыды кодта+,Ӕмӕ, дӕлӕмӕ куыд ӕрхауд, уымӕй адӕмы дисы бафтыдта. Зӕрдӕтӕ йын ничиуал ӕвӕры+.О Йегъовӕ, ӕркӕс-ма, куыд хъизӕмар кӕнын, уымӕ+ – знаг мӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсы+. י [Йод] 10  Цыдӕриддӕр ӕм зынаргъӕй уыди, уымӕ знаг йӕ къух ӕрбайвӕзта+.Федта, йӕ кувӕн бынатмӕ йын ӕндӕр адӕмтӕ куыд бацыдысты+,Кӕд ӕмӕ сын ды загътай, цӕмӕй дӕ адӕмы ’хсӕнмӕ ма цӕуой. כ [Каф] 11  Йӕ адӕм фырмӕтӕй арф ныуулӕфынц, сӕхицӕн къӕбӕр агурынц+.Зынаргъӕй сӕм цы ис, уый хӕринагыл ивынц, цӕмӕй сӕ уд фӕфидар кӕной+.Ӕркӕс-ма, Йегъовӕ, ӕмӕ фен, цы ӕгады бынатмӕ ӕрхаудтӕн, уый+. ל [Ла́мед] 12  Фӕндаггон адӕм! Ау, ӕппындӕр уӕ ницы ’ндавы? Ӕркӕсут ӕмӕ фенут+.Мӕнӕн цы дудгӕ рыст бавзарын кодтой, ахӕм рыст ма исчи бавзӕрста?+Уыцы рыстӕй мӕ Йегъовӕ йӕ судзгӕ масты бон хъизӕмары хай фӕкодта+. מ [Мем] 13  Бӕрзондӕй зынг рауагъта ӕмӕ мын ме стджытыл арт бафтыдта+, мӕ алы стӕгыл дӕр мын тых кӕны.Мӕ къӕхтӕн мын хыз айтыгъта+. Фӕстӕмӕ цӕуинаг мӕ фӕкодта.Ӕппындӕр мын ницыуал ныууагъта. Ӕнӕхъӕн бон дӕн рынчын+. נ [Нун] 14  Лӕмбынӕг каст, цӕмӕй-иу мын мӕ фыдракӕндтӕ федтаид+. Мӕ фыдракӕндтӕ йӕ къухы кӕрӕдзийыл стыхстысты.Мӕ бӕрзӕйыл ӕруӕз кодтой+. Мӕ хъару фӕцудыдта.Йегъовӕ мӕ радта, мӕ бон кӕй ныхмӕ нӕу рацӕуын, уыдоны къухмӕ+. ס [Са́мех] 15  Йегъовӕ мын байста мӕ тыхджын хӕстонты се ’ппӕты дӕр+.Мӕ ныхмӕ мын бирӕ адӕм ракодта, цӕмӕй мын ме ’рыгон лӕппуты ныццӕгъда+.Йегъовӕ сӕнӕфсир цъӕл кӕны+ Иудӕйы чызджы сӕндуцӕны+. ע [А́йин] 16  Ууыл кӕуын, гъе+. Мӕ цӕстыты дон мизы ӕмӕ мизы+.Зӕрдӕтӕ мын чи бавӕрдтаид ӕмӕ мын мӕ уд чи ӕрсабыр кодтаид, уый мӕ дард фӕлыгъд.Мӕ фыртты ницыуал ныфс ис+, уымӕн ӕмӕ нӕ знаг басаста+. פ [Пе] 17  Сион йӕ къухтӕ ивазы+, фӕлӕ йын зӕрдӕтӕ чи бавӕра, ахӕм нӕй+.Иаковы алыварс чи ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Йегъовӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ ныхмӕ рацӕуой+.Иерусалим сын фенад+. צ [Ца́де] 18  Йегъовӕ раст у+, уымӕн ӕмӕ ӕз йӕ ныхасы ныхмӕ рацыдтӕн+.Байхъусут, адӕмтӕ, ӕмӕ кӕсут, куыд риссын, уымӕ.Мӕ чызджыты ӕмӕ мын ме ’рыгон лӕппуты уацары акодтой+. ק [Коф] 19  Бирӕ мӕ чи уарзта, уыдонмӕ сдзынӕзтон+, фӕлӕ мыл уыдон се ’ппӕт дӕр сайдӕй рацыдысты.Мӕ сауджынтӕ ӕмӕ мӕ хистӕр лӕгтӕ горӕты амардысты+,Сӕ уд бафидар кӕнынӕн къӕбӕр куы агуырдтой, уӕд+. ר [Реш] 20  Ӕркӕс мӕм, Йегъовӕ, мӕ бон нал у. Мӕ хуылф судзы+.Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны+, ӕдзух Хуыцауы ныхмӕ кӕй цӕуын, уый тыххӕй+.Ӕддейӕ мын хъама байста мӕ хъӕбулты+. Ӕмӕ хӕдзӕртты мидӕг дӕр – мӕлӕт+. ש [Шин] 21  Адӕм мын мӕ хъӕрзын хъусынц+, фӕлӕ мӕ чи ’рсабыр кӕна, уый нӕй+.Цы бӕллӕх мӕ баййӕфта, уый ме знӕгтӕ иууылдӕр фехъуыстой+, ӕмӕ цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ мыл ӕй ды дӕхӕдӕг ӕруагътай+.Фӕлӕ, цы боны тыххӕй фехъусын кодтай, уыцы бон дӕр ӕрцӕуын кӕндзынӕ+, ӕмӕ уӕд уыдон дӕр мӕ хал ахӕрдзысты+. ת [Тав] 22  Сӕ фыддзинӕдтӕ сын ма ферох кӕн. Карзӕй сӕ бафхӕр+,Мӕн ме ’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй куыд карзӕй бафхӕрдтай, афтӕ+.Мӕ хъӕрзынӕй нал ӕнцайын+, мӕ зӕрдӕ риссы+. א [А́леф]

Фиппаинӕгтӕ