Йеремийы хъарӕг 2:1—22

2  Оуу, Йегъовӕ мӕстӕй судзгӕйӕ Сионы чызджы сау мигътӕй куыд бамбӕрзта!+Израилы фидыц+ арвӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста+.Ӕмӕ йӕ судзгӕ масты бон йӕ къӕхтӕвӕрӕн+ йӕ зӕрдыл нал ӕрлӕууыд. ב [Бет]   Йегъовӕ Иаковы цӕрӕнбынӕттӕ+ аныхъуырдта, нӕ сыл бацауӕрста.Мӕстӕй цӕхӕртӕ калгӕйӕ Иудӕйы чызджы фидаргонд горӕттӕ+ ныппырх кодта.Зӕххӕмвӕз скодта+ паддзахад+ ӕмӕ кънйӕзты+, фегад сӕ кодта. ג [Ги́мел]   Мӕстӕй судзгӕйӕ Израилы сыкъатӕ иууылдӕр ныссаста+.Знагӕй йӕ рахиз къух иуварс айста+.Иаковмӕ йӕ маст судзы, бӕстӕ фӕнык чи фестын кӕны, ахӕм пиллон артау+. ד [Да́лет]   Знагау йе ’рдын ӕрбакъӕдз кодта+. Фыдгулау+ йӕ рахиз къух+ размӕ ракодта,Ӕмӕ мардта, нӕ цӕсты зынаргъ чидӕриддӕр уыд, уыдоны+.Сионы чызджы цатырыл+ артау+ ныккалдта йӕ фыдӕх. ה [Хе]   Йегъовӕ сси знаджы хуызӕн+. Израилы аныхъуырдта+.Аныхъуырдта йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ иууылдӕр+. Йӕ фидаргонд горӕттӕ ныппырх кодта+.Иудӕйы чызгӕн афтӕ бакодта, ӕмӕ кӕуынӕй ӕмӕ хъарджытӕ кӕнынӕй не ’нцайы+. ו [Вав]   Йӕ халагъуд ныппырх кодта+, дыргъдоны халагъуд куыд ныппырх кӕнынц, афтӕ+. Йӕ бӕрӕгбонӕн кӕрон скодта.Йегъовӕ Сионыл бӕрӕгбон+ ӕмӕ сабат ферох кӕнын кодта.Мӕстӕй судзы паддзахмӕ ӕмӕ сауджынмӕ ӕмӕ сӕ ницӕмӕ дары+. ז [За́йин]   Ныууагъта йӕ нывондхӕссӕн Йегъовӕ+. Йӕ кувӕндоныл йӕ къух систа+.Йӕ цӕрӕн мӕсгуыты къултӕ йын радта знаджы къухмӕ+.Йегъовӕйы хӕдзарӕй сӕ хъӕр цӕуы, цыма дзы бӕрӕгбон ис, уыйау+. ח [Хет]   Йегъовӕ сфӕнд кодта Сионы чызджы къултӕ+ ныппырх кӕнын.Барӕн бӕндӕн айвӕзта+. Йӕ къух нӕ айста, аныхъуырдта сӕ+.Афтӕ бакодта, ӕмӕ сыджытӕй конд быру ӕмӕ къултӕ кӕуынц+. Иууылдӕр иумӕ ныккалдысты. ט [Тет]   Йӕ кулдуӕрттӕ+ зӕххы нынныхстысты. Йӕ дуарӕхгӕнӕнтӕ йын ныппырх кодта, ныссаста сӕ.Йӕ паддзах ӕмӕ йӕ кънйӕзтӕ сты адӕмты ’хсӕн+. Закъон нал ис+.Йӕ пехуымпартӕн ын Йегъовӕ цӕстылуайӕнтӕ нал уынын кӕны+. י [Йод] 10  Сионы чызджы хистӕр лӕгтӕ зӕххыл бадынц, ныхъхъус сты+.Сӕ сӕртыл рыг ӕркалдтой+, сӕ уӕлӕ хъисынтӕ скодтой+.Иерусалимы чызджытӕ сӕ сӕртӕ зӕхмӕ ӕруагътой+. כ [Каф] 11  Мӕ цӕстытӕ фыркуыдӕй бафӕлладысты+, мӕ хуылф судзы+.Мӕ адӕмы чызджы сӕфтӕй+ мӕ игӕр къӕртгай зӕхмӕ фӕкалд+,Уымӕн ӕмӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ горӕты фӕзты ӕххормагӕй зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕнынц+. ל [Ла́мед] 12  Сӕ мадӕлты фарстой: «Кӕм ис дзул? Сӕн кӕм ис?»+ –Ӕмӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кодтой ӕмӕ, мӕлӕтдзаг цӕф кӕй фӕкӕнынц, уыдонау горӕты фӕзты хаудӕй лӕууыдысты,Сӕ мадӕлты хъӕбысты сӕ уд истой. מ [Мем] 13  Цӕмӕн мын уыдзынӕ ӕвдисӕн? Цӕимӕ дӕ абарон, Иерусалимы чызг?+Цӕй ӕнгӕс дӕ рахонон, Сионы чызг, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уа?+Дӕ хъӕдгом+ у денджызау стыр. Чи дӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн?+ נ [Нун] 14  Дӕ пехуымпарты цӕстылуайӕнтӕй дын пайда ницы уыд, мӕнг уыдысты+.Уыдон дын дӕ фыдракӕндтӕ не ’ргом кодтой, афтӕмӕй та ды уый фӕрцы уацарӕй аирвӕзтаис+.Цӕстылуайӕнты цы уыдтой, уый дӕуӕн ницы пайда уыд, дӕ зонд дын хӕццӕ кодта, ӕндӕр ницы+. ס [Са́мех] 15  Дӕ рӕзты-иу фӕндагыл чи фӕцӕйцыд, уыдон-иу мӕстӕймарӕн ӕмдзӕгъд ныккодтой+.Ныхситт-иу кодтой+ ӕмӕ-иу сӕ сӕртӕ батылдтой+ Иерусалимы чызгыл ӕмӕ-иу загътой:«Ау, ацы горӕтӕй дзырдтой, ай у фидыцты фидыц ӕмӕ ӕгас зӕххы стыр цин, зӕгъгӕ?»+ פ [Пе] 16  Де знӕгтӕ дӕм се ’ппӕт дӕр сӕ дзыхтӕ бахӕлиу кодтой+.Ӕхситт кӕнынц, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕуы+, ӕмӕ дзурынц: «Аныхъуырӕм ӕй+.Ацы бонмӕ кӕдӕй нырмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм!+ Ӕмӕ мӕнӕ ӕрцыд! Ныр ӕй нӕхи цӕстӕй уынӕм!»+ ע [А́йин] 17  Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый+. Сӕххӕст кодта йӕ ныхас+,Раджы заманты цы загъта, уый+. Ныппырх кодта, нӕ бацауӕрста+.Афтӕ бакодта, ӕмӕ дыл де знаг фӕуӕлахиз ӕмӕ цин кӕны+. Дӕ фыдгулы сыкъа дын бӕрзонд систа+. צ [Ца́де] 18  Сӕ зӕрдӕ Йегъовӕмӕ дзыназы+, о Сионы чызджы къул+.Ӕхсӕвӕй-бонӕй дӕ цӕссыг цӕугӕдонау кӕлӕд+.Ӕнцад ма лӕуу, дӕ цӕстыгагуытӕн ӕнцой ма дӕтт, дӕ цӕссыг кал. ק [Коф] 19  Сыст! Дзыназ ӕхсӕвыгон – райсомы хъахъхъӕнӕн афон куы райдайы, уӕд+.Дӕ цӕссыг калгӕйӕ дӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадз+ Йегъовӕйы раз+.Дӕ къухтӕ йӕм иваз+, лӕгъстӕ йын кӕн дӕ хъӕбулты тыххӕй,Уынгты тигътыл ӕххормагӕй зӕрдӕхъӕрмттӕ чи кӕны, уыдоны тыххӕй+. ר [Реш] 20  Рафӕлгӕс, Йегъовӕ, ӕркӕс+, афтӕ карзӕй кӕй бафхӕрдтай, уымӕ.Ау, сылгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты хӕрой, сӕ гуыбыны кӕй фӕхастой, уыдоны?+Йегъовӕйы кувӕндоны хъуамӕ сауджыны ӕмӕ пехуымпары марой?+ ש [Шин] 21  Лӕппутӕ ӕмӕ зӕронд лӕгтӕ+ уынгты астӕу хаудӕй лӕууынц+.Мӕ чызджытӕ ӕмӕ ме ’рыгон лӕппутӕ хъамайӕ фӕцагъды сты+.Ды сӕ цагътай дӕ судзгӕ масты бон+. Мардтай сӕ+, нӕ сыл ауӕрстай+. ת [Тав] 22  Мӕ адӕм ӕрцӕуӕггӕгтау кӕмыты цардысты, уырдыгӕй сӕ, бӕрӕгбонмӕ+ хонӕгау, ӕрхуыдтай.Ӕмӕ Йегъовӕйы мастисӕн бон иу дӕр нӕ аирвӕзт, иу дӕр сӕрӕгасӕй нӕ баззад+.Кӕй ныййардтон ӕмӕ кӕй схъомыл кодтон, уыдоны мын ме знаг ныццагъта+. א [А́леф]

Фиппаинӕгтӕ