Йеремийы хъарӕг 3:1—66

3  Ӕз дӕн, Хуыцауы судзгӕ мастӕй хъизӕмӕртты+ хай чи баци, уый.   Уый ӕз дӕн, кӕй акодта ӕмӕ рухсы нӕ, фӕлӕ талынджы кӕй ракӕн-бакӕн кодта+.   Уый ӕз дӕн, ӕнӕхъӕн бон кӕй ныхмӕ цӕуы+. ב [Бет]   Мӕ буар мын ныххус кодта, мӕ царм мын баихсийын кодта+. Ныцъцъӕл мын кодта ме стджытӕ+.   Мӕ алыварс мын къул самадта, маргджын кӕрдӕг+ мын мӕ алыварс+ сзайын кодта ӕмӕ мыл зындзинӕдтӕ ӕртыхсын кодта.   Раджы кӕддӕр чи амард, ахӕм адӕймагау+ мӕ талынг ран сбадын кодта+. ג [Ги́мел]   Мӕ размӕ мын дурӕй къул самадта, цӕмӕй ӕддӕмӕ ма рахизон+. Уӕззау ӕрхуы хъадамантӕ+ мыл бакодта.   Куы йӕм фӕдзыназын, ӕххуыс дзы куы фӕкурын, уӕд мын мӕ куывдӕн йӕ фӕндаг ӕрӕхгӕны+.   Мӕ фӕндӕгтӕ мын лӕгъзгонд дуртӕй амад къулӕй ӕрӕхгӕдта+. Мӕ цӕуӕнтӕ мын ныззылынтӕ кодта+. ד [Да́лет] 10  Арсау мӕ размӕ бабадти+, домбайау ӕрӕмбӕхст+, ӕмӕ мӕ аскъуыдтӕ кӕнынмӕ хъавы. 11  Мӕ фӕндӕгтӕ мын схӕццӕтӕ кодта. Афтӕ мын бакодта, ӕмӕ ницыуал аразын. Ӕппындӕр мын ницыуал ныууагъта+. 12  Йе ’рдын ӕрбакъӕдз кодта+, фатӕй мӕм ныхъхъавыд+. ה [Хе] 13  Мӕ уыргты мын ныссагъта йӕ фаттӕ, йӕ фатдоны фыртты+. 14  Мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон мыл худынц+, бон-изӕрмӕ мыл зарджытӕ кӕнынц+. 15  Мастӕй мӕ ныддӕнгӕл кодта+. Хъыцъы дӕттӕ мын бадардта*+. ו[Вав] 16  Хуырӕй мын мӕ дӕндӕгтӕ мур кӕны+. Фӕнычы мӕ сӕвдылдта+. 17  Дӕхицӕй мӕ аппӕрстай, ӕмӕ мӕ уд ӕнцой нал ары. Мӕ хъуыдыйы хорзӕй ницыуал баззад+. 18  Мӕхицӕн фӕзӕгъын: «Мӕ кад ӕрбайсӕфт ӕмӕ мӕ Йегъовӕйӕ цы ныфс уыд, уый нал ис»+. ז [За́йин] 19  Ма мын ферох кӕн мӕ хъизӕмар, ма ферох кӕн, хауӕггаг кӕй фӕдӕн+, хъыцъы дӕттӕ кӕй нуазын, маргджын кӕрдӕг кӕй хӕрын, уый+. 20  Уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг дӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты ӕмӕ мӕм дӕхи ӕркъул кӕндзынӕ+. 21  Гъе уый мӕ зӕрдыл дардзынӕн+. Гъе уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн+. ח [Хет] 22  Мах нӕ фесӕфтыстӕм+ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы+, уымӕн ӕмӕ ӕгӕрон у йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+. 23  Йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад алы райсом дӕр сног вӕййы+. Ды алкӕддӕр дӕ иузӕрдион+. 24  «Йегъовӕ у мӕ хай+,– зӕгъы мӕ уд,– ӕмӕ йӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн»+. ט [Тет] 25  Йегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары, чи йӕ агуры+, уымӕн* уый бирӕ хӕрзты цӕуы+. 26  Хорз у, адӕймаг ӕнӕдзургӕйӕ+ куы фенхъӕлмӕ кӕсы+, Йегъовӕ йӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ+. 27  Хорз у, адӕймаг ӕфсондз йе ’взонджы бонты куы фӕхӕссы+. י [Йод] 28  Хибарӕй бадӕд ӕмӕ мацы дзурӕд+, уымӕн ӕмӕ йыл уыцы уаргъ Хуыцау сӕвӕрдта+. 29  Рыджы ныддӕлгом уӕд+. Чи зоны ма исты ныфс ис+. 30  Чи йӕ цӕвы, уымӕ йӕ уадул бадарӕд+. Фидистӕй бафсӕдӕд+. כ [Каф] 31  Уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕнустӕм нӕ ныууадздзӕн+. 32  Кӕд нӕ масты хай бакодта+, уӕддӕр нын батӕригъӕд кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, 33  Уымӕн ӕмӕ адӕймаджы фыртты йӕхи зӕрдӕйы фӕндӕй нӕ бафхӕры ӕмӕ нӕ фӕриссын кӕны+. ל [Ла́мед] 34  Фӕлӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ахст адӕм ис+, уыдоны къӕхты бын куы фессӕндынц+, 35  Адӕймагӕн Иунӕг Стыр Хуыцауы раз тӕрхоны йӕ хъуыддагмӕ куы не ’ркӕсынц+, 36  Адӕймагӕн тӕрхоны йӕ хъуыддаг рӕстӕй куы нӕ равзарынц, уӕд уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы+. מ [Мем] 37  Чи загъта, афтӕ ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ныхас кӕмӕн ӕрцыд, Йегъовӕ йӕ не ’рцӕуын кодта, афтӕмӕй?+ 38  Иунӕг Стыр Хуыцауы дзыхӕй уыцы иу рӕстӕг ӕвзӕр хабар ӕмӕ хорз хабар нӕ рацӕуы+. 39  Куыд хъуамӕ хъаст кӕна адӕймаг+, йӕ тӕригъӕд ӕй цӕмӕ ӕркодта, уый тыххӕй?+ נ [Нун] 40  Ӕркӕсӕм нӕ фӕндӕгтӕм, раиртасӕм+ сӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕм+. 41  Уӕларвон Хуыцаумӕ саразӕм нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ йӕм нӕ къухтӕ сивазӕм+. 42  «Мах тӕригъӕд ракодтам, дӕ ныхмӕ цыдыстӕм+. Ӕмӕ нын ды нӕ ныххатыр кодтай+. ס [Са́мех] 43  Ды дӕхимӕ фӕндаг фыдӕхӕй ӕрӕхгӕдтай+ ӕмӕ нӕ фӕдыл зилыс+. Ды мардтай, никӕуыл ауӕрстай+. 44  Ды бӕзджын мигътӕй дӕхимӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдтай+, цӕмӕй дӕм куывд ма хӕццӕ кӕна+. 45  Адӕмты ’хсӕн нӕ бырон ӕмӕ ӕнӕхъӕугӕ уӕлдӕйттӕ фестын кодтай»+. פ [Пе] 46  Не знӕгтӕ нӕм се ’ппӕт дӕр сӕ дзыхтӕ бахӕлиу кодтой+. 47  Нӕ хай баисты тасдзинад ӕмӕ дзыхъхъ+, заууатмӕ ӕрцыдыстӕм, ныппырх нӕ кодтой+. 48  Мӕ адӕмы чызг кӕй бабын, уый тыххӕй мӕ цӕссыг лӕсӕнтӕ кӕны+. ע [А́йин] 49  Мӕ цӕстытӕ цӕугӕдӕттӕ фестадысты, басабыр кӕнӕн ӕмӕ сын бауромӕн нал ис+, 50  Цалынмӕ Йегъовӕ уӕларвӕй не ’ркӕса ӕмӕ йӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ нӕ фена, уӕдмӕ+. 51  Мӕ уд хъизӕмар кӕны, мӕ цӕстытӕ цы уынынц, уый тыххӕй+ – мӕ горӕты чызджыты тыххӕй+. צ [Ца́де] 52  Маргъыл куыд фӕцуан кӕнынц, афтӕ мыл цуан кодтой ме знӕгтӕ+, ӕппындӕр ницӕй тыххӕй+. 53  Мӕ цард мын дзыхъхъы бабын кодтой+, дуртӕй мыл балӕууыдысты. 54  Дӕттӕ мӕ сӕрты кӕлын райдыдтой+, ӕмӕ загътон: «Бабын дӕн!»+ ק [Коф] 55  Арф дзыхъхъӕй дӕм дӕ номӕй сидтӕн, о Йегъовӕ+. 56  Ды мын фехъусдзынӕ мӕ хъӕлӕс+. Ӕнцойдзинад дӕ куы курон, ӕххуысмӕ дӕм куы сидон, уӕд-иу дӕ хъус ма сӕхгӕн+. 57  Цы бон дӕм сдзынӕзтон, уыцы бон мӕм дӕхи ӕрбаввахс кодтай+ ӕмӕ мын загътай: «Ма тӕрс»+. ר [Реш] 58  О Йегъовӕ, ды тӕрхоны мӕ сӕрыл рахӕцыдтӕ+. Фервӕзын мӕ кодтай+. 59  Цытӕ мын бавзарын кодтой, уый федтай, о Йегъовӕ+. Ӕмӕ мын мӕ хъуыддаг равзар+. 60  Ды федтай, сӕ маст мӕ куыд истой, мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ куыд кодтой, уыдӕттӕ иууылдӕр+. ש [Син] кӕнӕ [Шин] 61  О Йегъовӕ, ды сын фехъуыстай сӕ фидистӕ, мӕ ныхмӕ цы фыдвӕндтӕ кодтой, уыдон иууылдӕр+, 62  Мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны ныхӕстӕ+ ӕмӕ, бон-изӕрмӕ мӕн тыххӕй куыд сусу-бусутӕ кодтой, уый+. 63  Ӕркӕс, куыд ӕрбадынц ӕмӕ куыд сыстынц, уымӕ+. Сӕ зарӕджы сӕр ӕз дӕн+. ת [Тав] 64  О Йегъовӕ, ды сын бафиддзынӕ сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+. 65  Сӕ зӕрдӕтӕ сын ныддур кӕндзынӕ+, де ’лгъыст сӕ баййафдзӕн+. 66  Мӕстӕй судзгӕйӕ сӕ фӕдыл зилдзынӕ,+ Йегъовӕ, арвы бын сӕ кой куыд мауал уа, афтӕ сын бакӕндзынӕ+. א [А́леф]

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «скъӕлдзойӕ мӕ бафсӕста». Кӕс 19 ст. дӕр.
Комк. «уыцы удӕн»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.