Йеремийы хъарӕг 4:1—22

4  Оуу, куыд батар цӕхӕркалгӕ сызгъӕрин, ӕппӕты хуыздӕр сызгъӕрин!+Оуу, куыд ныппырх кодтой табуйаг дуртӕ*+ уынгты тигътыл!+ ב [Бет]   Сионы зынаргъ фырттӕн+, сыгъдӕг сызгъӕрины аргъ кӕмӕн уыд, уыдонӕн,Сӕ аргъ ӕлыг дурынты аргъмӕ ӕрхауд, дурынгӕнӕджы конд мигӕнӕнты аргъмӕ!+ ג [Ги́мел]   Хъӕддаг куыйтӕ дӕр ма сӕ дзидзитӕ бадарынц сӕ лӕппынтӕм, схӕссынц сӕ.Мӕ адӕмы чызг та, ӕдзӕрӕг быдыры чи цӕры, уыцы страустау+ ӕгъатыр сси+. ד [Да́лет]   Дзидзидай сывӕллонӕн фырдойныйӕ йе ’взаг йӕ комарынгыл баныхӕст+.Сабитӕ курынц дзул+, фӕлӕ сын иу къӕбӕр раттӕг нӕй+. ה [Хе]   Адджын хӕринӕгтыл ахуыр чи уыд, уыдон уынгты арвы цӕфау фесты+.Зынаргъ* дзаумӕтты кӕй хъомыл кодтой+, уыдон ныр фӕнычы рӕгътӕн хъӕбыстӕ кӕнынц+. ו [Вав]   Содом йӕ тӕригъӕдты тыххӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уымӕй карздӕр ӕфхӕрд баййӕфта мӕ адӕмы чызг йӕ фыдракӕндты тыххӕй+.Содом ӕппӕрст ӕрцыд цӕстыфӕныкъуылдмӕ, ӕмӕ йӕм ӕххуысы къух ничи бадардта+. ז [За́йин]   Сионы чызгӕн йӕ назорейтӕ+ уыдысты митӕй сыгъдӕгдӕр+, ӕхсырӕй урсдӕр.Сӕ уадултӕ уыдысты кораллӕй сырхдӕр+. Сапфирау цӕхӕртӕ калдтой+. ח [Хет]   Ныр та систы ӕвзалыйӕ саудӕр. Уынгты сӕ ничиуал базоны+.Сӕ царм банцъылд ӕмӕ се стджытыл баныхӕст+, фӕйнӕгау ныххус. ט [Тет]   Хъамайӕ кӕй мардтой, уыдонӕн бирӕ ӕнцондӕр уыди+, ӕххормагӕй чи мард, уыдонӕй+,Уымӕн ӕмӕ адон тайынц, сӕфынц, хӕринаг сын кӕй нӕй, уый тыххӕй. י [Йод] 10  Фӕлмӕнзӕрдӕ сылгоймӕгтӕ сӕхи къухтӕй сӕ хъӕбулты фыхтой+.Уыдон мӕ адӕмы чызджы сӕфты рӕстӕг систы фыдохы хӕринаг+. כ [Каф] 11  Йегъовӕ йӕ фыдӕх иууылдӕр ныккалдта+. Йӕ судзгӕ маст ныууарын кодта+.Сионыл бандзӕрста, йӕ бындуртӕ йын чи ныхъуыры, ахӕм арт+. ל [Ла́мед] 12  Зӕххон паддзӕхтӕй ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй никӕй уырныдта+,Иерусалимы кулдуӕрттыл фыдгул ӕмӕ знаг кӕй бахиздзӕн+. מ [Мем] 13  Йӕ пехуымпарты тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ йӕ сауджынты фыдракӕндты тыххӕй+Уым калд рӕстгӕнджыты туг+. נ [Нун] 14  Уынгты+ куырмытау рахау-бахау кодтой+. Тугӕй сӕхи афтӕ самӕстой+,Ӕмӕ сын сӕ уӕлӕдарӕсмӕ бавналӕн нӕй+. ס [Са́мех] 15  «Иуварс алӕуут! Сыгъдӕг не стут!+ – хъӕр сыл кӕнынц.– Иуварс алӕуут! Иуварс алӕуут! Ма ныл андзӕвут!»+Ӕнӕхӕдзарӕй баззадысты+ ӕмӕ ныр рахау-бахау кӕнынц+. Адӕмты ’хсӕн дзурынц: «Адон ам сӕхицӕн цӕрӕнбынат нал ссардзысты+. פ [Пе] 16  Йегъовӕ сӕ йӕхӕдӕг алырдӕмты ныппырх кодта+. Ӕмӕ сӕм нал ӕркӕсдзӕн+.Адӕм сауджынты дӕр ницӕмӕуал дардзысты+, зӕронд лӕгтӕм дӕр хорз цӕстӕй нал кӕсдзысты»+. ע [А́йин] 17  Нырма ӕгас стӕм, фӕлӕ нӕ цӕстырухс тайы – ӕххуысмӕ дзӕгъӕлы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм+.Алырдӕмты ракӕс-бакӕс кодтам ӕмӕ нӕ ныфс дардтам, йӕ бон нӕ фервӕзын кӕнын кӕмӕн нӕу, уыцы адӕмыл+. צ [Ца́де] 18  Алы къахдзӕфыл дӕр нӕ хъахъхъӕдтой+, гӕппӕввонгӕй нӕм лӕууыдысты, ӕмӕ нӕ горӕты фӕзтыл ничиуал цӕуы.Нӕ кӕрон ӕрхӕццӕ. Нӕ царды бонтӕ фӕуд кӕнынц, нӕ кӕрон ӕрцыд+. ק [Коф] 19  Нӕ фӕдыл чи бафтыд, уыдон уӕларвон цӕргӕстӕй цӕрдӕгдӕр фесты+.Хӕхты нӕ фӕдыл зилынц, уӕгъд нӕ нӕ уадзынц+. Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ размӕ бабадынц+. ר [Реш] 20  Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕг+, улӕфынхъом кӕй руаджы уыдыстӕм, уый+, се стыр дзыхъхъы ныххауд+,Афтӕ кӕмӕй дзырдтам, йӕ аууоны+ цӕрдзыстӕм адӕмты ’хсӕн, зӕгъгӕ, уый+. ש [Син] 21  Цин кӕн, дӕ зӕрдӕ райӕд+, Едомы чызг+, Уц чи хуыйны, уыцы зӕххыл цӕрӕг!+Нуазӕн дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн+. Срасыг дзы уыдзынӕ ӕмӕ дӕхи ныббӕгънӕг кӕндзынӕ+. ת [Тав] 22  Дӕ фыдракӕндты тыххӕй цы ӕфхӕрд баййӕфтай, уымӕн кӕрон ӕрцыд, Сионы чызг+. Уый дӕ уацары нал акӕндзӕн+.Едомы чызг, Хуыцау дын дӕ фыдракӕндтӕм йе ’ргом раздӕхта ӕмӕ дын дӕ тӕригъӕдтӕ хурмӕ рахаста+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «кувӕндоны дуртӕ».
Комк. «Сырх хъуымацӕй хуыд».