Йеремийы хъарӕг 5:1—22

5  Ӕрхъуыды кӕн, о Йегъовӕ, цы ныл ӕрцыди, уый+. Ӕркӕс, ӕмӕ нын нӕ худинаджы уавӕр фен+.   Нӕ бынтӕ ӕцӕгӕлӕтты баисты, нӕ хӕдзӕрттӕ – ӕндӕрбӕстӕгты+.   Сидзӕрӕй аззадыстӕм, фыд нын нал ис+. Нӕ мадӕлтӕ идӕдзты хуызӕн аисты+.   Нӕхи дон нуазӕм ӕхцайыл+, нӕхи сугты тыххӕй фидӕм.   Нӕ фӕстӕ зилынц+, иу гыццыл ма, ӕмӕ нӕ рацахсдзысты. Бафӕлладыстӕм, сулӕфыны бон дӕр нын нӕй+.   Нӕ къух радтам+ Египетмӕ+ ӕмӕ Ассиримӕ+, цӕмӕй къӕбӕрцух ма уыдаиккам.   Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕд ракодтой+. Уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ махыл баззадысты+.   Лӕггадгӕнджытӕ нӕ хицӕуттӕ систы+. Сӕ къухӕй нӕ чи ратона, уый нӕй+.   Нӕхи мӕлӕты дзыхмӕ ӕппарӕм, афтӕмӕй амал кӕнӕм къӕбӕр+, уымӕн ӕмӕ нын ӕдзӕрӕг быдыры хъамайӕ тӕссаг у. 10  Фырӕххормагӕй нӕ царм пецау сзынг+. 11  Нӕ устыты нын Сионыл фӕхудинаг кодтой+, нӕ чызджыты – Иудӕйы горӕтты. 12  Кънйӕзты-иу сӕ иу къухӕй ӕрцауыгътой+. Суанг зӕронд лӕгтӕн дӕр не скад кодтой+. 13  Ӕрыгон лӕппутӕ ӕрмгуыройыл схӕцынц+, гыццыл лӕппутӕ уӕззау сугтӕ хӕсгӕйӕ фӕкӕл-фӕкӕл кӕнынц+. 14  Зӕронд лӕгтӕ кулдуӕртты раз нал бадынц+, лӕппу-фӕсивӕд хъисфӕндыртыл* нал цӕгъдынц+. 15  Нӕ цин нӕ зӕрдӕйы ныммард. Нӕ кафт хъарӕгмӕ раивта+. 16  Нӕ кадыхуд нӕ сӕрӕй ӕрхауд+. Оуу, додойаг куыд фестӕм, тӕригъӕд ракодтам!+ 17  Уыдӕттӕй нӕ зӕрдӕ срыст+. Уыдӕттӕй нӕ цӕстырухс бамынӕг+, 18  Сионы хох ӕдзӕрӕгӕй кӕй баззад, уый тыххӕй+. Рувӕстӕ дзы рацу-бацу кӕнынц+. 19  Ды та, о Йегъовӕ, ӕнустӕм баддзынӕ дӕ паддзахбадӕныл+. Дӕ паддзахбадӕн лӕудзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. 20  Цӕмӕн нӕ рох кӕныс цӕрӕнбонтӕм?+ Афтӕ бирӕ рӕстӕг нӕ дзӕгъӕлӕй цӕмӕн уадзыс?+ 21  О Йегъовӕ, фӕстӕмӕ нӕ дӕхимӕ ӕрбакӕн+, ӕмӕ дӕм мах уайтагъд ӕрбаздӕхдзыстӕм. Кӕддӕр куыд уыд, афтӕ та уӕд алцыдӕр+. 22  Фӕлӕ ныл ды бынтондӕр дӕ къух систай+. Тынг мӕсты нӕм дӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «музыкалон инструменттыл».