Йереми 1:1—19

1  Адон сты Хелкийы фырт Йеремийы+ ныхӕстӕ. Хелки уыди, Вениамины+ зӕххыл Анафофы+ цы сауджынтӕ цард, уыдонӕй иу.  Иудӕйы паддзах Амоны+ фырт Иосийы+ рӕстӕджы, Иоси ӕртындӕсӕм аз паддзах куы уыд, уӕд+, Йеремимӕ Йегъовӕйӕ уыд ныхас.  Уый ма уыд Иудӕйы паддзах Иосийы фырт Иоакимы+ рӕстӕджы дӕр, стӕй Иудӕйы паддзах Иосийы фырт Седекийы+ иуӕндӕсӕм азы кӕронмӕ, Иерусалимы цӕрджыты фӕндзӕм мӕй уацары куы акодтой, уӕдмӕ+.  Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта:  «Дӕ мады гуыбыны+ дӕр дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ зыдтон+, гуыргӕ дӕр нӕма ракодтай, афтӕ дӕ равзӕрстон табуйаг хъуыддагӕн+. Ӕз дӕ скодтон адӕмтӕн пехуымпар».  Фӕлӕ йын ӕз загътон: «Нӕ, нӕ, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Ӕз нырма ӕрыгон дӕн+, ӕмӕ дзурынмӕ дӕр нӕ арӕхсын»+.  Уӕд мын Йегъовӕ загъта: «Афтӕ ма дзур, нырма ӕрыгон дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дӕ кӕмӕдӕриддӕр арвитон, уыдонмӕ ацӕудзынӕ. Цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уый дзурдзынӕ+.  Ма сӕ тӕрс+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“»+.  Уый фӕстӕ мӕм Йегъовӕ йӕ къух ӕрбадардта ӕмӕ мын мӕ былтыл андзӕвыд+. Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл+. 10  Абон дӕ ӕз сӕвӕрдтон адӕмты ӕмӕ паддзахӕдты сӕргъы+, цӕмӕй бындзарӕй тонай ӕмӕ халай, цӕгъдай ӕмӕ пырх кӕнай+, аразай ӕмӕ садзай»+. 11  Уый фӕстӕ мӕ Йегъовӕ бафарста: «Йереми, цы уыныс?» Ӕз ын загътон: «Уынын миндалбӕласы* къалиу». 12  Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: «Раст зӕгъыс. Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ ӕз фынӕй нӕ кӕнын*, мӕ ныхас сӕххӕст кӕндзынӕн»+. 13  Ӕмӕ та мӕ Йегъовӕ ногӕй бафарста: «Цы уыныс?» Ӕз ын загътон: «Уынын цуайнаг, йӕ бынмӕ йын арт цырен кӕнынц. Ӕмӕ цуайнаг къул у цӕгатӕй хуссарырдӕм». 14  Уӕд мын Йегъовӕ загъта: «Цӕгатӕй ӕрбацӕудзӕн бӕллӕх ӕмӕ ацы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр баййафдзӕн+. 15  „Ӕз сидын цӕгатаг паддзахӕдты цӕрӕг адӕмыхӕттытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр,– зӕгъы Йегъовӕ+.– Уыдон ӕрцӕудзысты, ӕмӕ паддзӕхтӕ сӕ паддзахбадӕнтӕ сӕвӕрдзысты Иерусалимы кулдуӕртты бахизӕнты цур+, йе ’ппӕт къулты алыварс ӕмӕ Иудӕйы ӕппӕт горӕтты раз+. 16  Се ’ппӕт фыдхъуыддӕгты тыххӕй сын цы тӕрхӕттӕ рахастон, уыдон сын фехъусын кӕндзынӕн+ – уыдон мӕ ныууагътой+, ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг уадзынц+ ӕмӕ, сӕ къухтӕй конд цы у, уыдӕтты раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц“+. 17  Ды та дӕхи арӕвдз кӕн*+, сыст ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдон сын дзур. Ӕппындӕр сӕ ма тӕрс+, цӕмӕй дын сӕ разы дӕ зӕрдӕйы тас ма бауадзон. 18  Абон дӕ ӕз ӕгас зӕххы раз+, Иудӕйы паддзӕхты раз, йӕ кънйӕзты раз, йӕ сауджынты раз ӕмӕ ацы зӕххы цӕрджыты раз+, скодтон фидаргонд горӕты хуызӕн, ӕфсӕйнаг цӕджындз ӕмӕ ӕрхуы къулты+ хуызӕн. 19  Уыдон демӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз демӕ дӕн+, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. шаке́д, нысан кӕны «чи хъал кӕны, уый»; уалдзӕджы дидинӕг фыццаг чи ракалы, уыцы бӕлӕстӕй сӕ иу.
Дзут. шоке́д, у дзырд шаке́д-ы хуызӕн, 11 ст.
Комк. «дӕ астӕу ӕрбалвас».