Йереми 11:1—23

11  Йегъовӕ Йеремийӕн загъта:  «Байхъусут ацы бадзырды ныхӕстӕм! Ацы ныхӕстӕ зӕгъ+ Иудӕйы адӕмӕн ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕн.  Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕлгъыст фӕуӕд, ацы бадзырды ныхӕстӕм чи нӕ хъусы+ –  уыдон ӕз бафӕдзӕхстон уӕ фыдӕлтӕн, Египеты зӕххӕй+, ӕфсӕйнаг пецӕй сӕ куы ракодтон, уӕд+. Ӕз сын загътон: „Хъусут мӕм ӕмӕ уын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уый аразут+, ӕмӕ сымах суыдзыстут мӕ адӕм, ӕз та суыдзынӕн уӕ Хуыцау+,  цӕмӕй сӕххӕст кӕнон, уӕ фыдӕлтӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый+, зӕгъгӕ уын ратдзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+. Ӕмӕ уый афтӕ у абон“». Уӕд ӕз загътон: «Аммен, Йегъовӕ».  Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: «Ацы ныхӕстӕ иууылдӕр фехъусын кӕн Иудӕйы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы уынгты+, зӕгъ афтӕ: „Байхъусут ацы бадзырды ныхӕстӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут+.  Уӕ фыдӕлты уын Египеты зӕххӕй куы ракодтон, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сын суанг абоны онг дӕр фӕдзӕхстон+, райсомӕй-иу раджы сыстадтӕн ӕмӕ сын фӕдзӕхстон, хъусут мӕм, зӕгъгӕ+.  Фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, сӕ хъус дӕр не ’рдардтой+ – алчидӕр сӕ цыди йе ’взӕр, йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл+. Ӕмӕ сыл ӕз дӕр ацы бадзырды ныхӕстӕ иууылдӕр ӕрцӕуын кодтон – ӕххӕст кӕнын сын кӕй бафӕдзӕхстон, фӕлӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уыцы бадзырды ныхӕстӕ“».  Йегъовӕ ма мын загъта: «Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ мӕ ныхмӕ кӕнынц сусӕгвӕнд+. 10  Уыдон дӕр аразынц, сӕ фыдӕлтӕ райдианӕй фӕстӕмӕ кӕй арӕзтой, уыцы фыдракӕндтӕ+ – сӕ фыдӕлтӕ мын мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой, фӕлӕ цыдысты ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ӕмӕ сын куывтой+. Израилы адӕм ӕмӕ мын Иудӕйы адӕм фехӕлдтой мӕ бадзырд, сӕ фыдӕлтимӕ сын кӕй скодтон, уыцы бадзырд+. 11  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз сыл ӕруадздзынӕн, сӕ бон аирвӕзын кӕмӕй нӕ бауыдзӕн+, ахӕм бӕллӕх+. Ӕмӕ мӕм ӕххуысмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн+. 12  Иудӕйы горӕттӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ цӕудзысты, нывӕндты фӕздӕг кӕмӕн уадзынц, уыцы хуыцӕуттӕм ӕмӕ сӕм ӕххуысмӕ дзыназдзысты+, фӕлӕ сӕ уыдон бӕллӕхы бон нӕ фервӕзын кӕндзысты+. 13  О Иудӕ+, дӕ горӕттӕ цас сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр уыйбӕрц куы систы. Иерусалимы цал уынджы ис, уал нывондхӕссӕны сӕвӕрдтат уыцы фидиссаг хуыцауӕн+ – сӕвӕрдтат нывондхӕссӕнтӕ, цӕмӕй Ваалӕн нывӕндты фӕздӕг уадзат“+. 14  Ды та ацы адӕмы тыххӕй ма кув, уыдоны тыххӕй мын ма лӕгъстӕ кӕн ӕмӕ мӕм ма кув+, уымӕн ӕмӕ мӕм бӕллӕхы рӕстӕг куы дзыназой, уӕд сӕ нӕ фехъусдзынӕн+. 15  Мӕ уарзон адӕм мӕ хӕдзары цы кусынц+, кӕд ӕмӕ сӕ бирӕтӕ ацы фыдвӕнд ӕххӕст кӕнынц, уӕд?+ Ӕмӕ дыл бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд дӕ цымӕ уыдон нывӕндты дзидзайы фӕрцы фервӕзын кӕндзысты?+ Уыцы рӕстӕг цин кӕндзынӕ?+ 16  Йегъовӕ дӕ схуыдта пӕлӕхсар оливӕбӕлас, рӕсугъд бӕлас диссаджы дыргътимӕ+. Фӕлӕ райхъуыст гыбар-гыбур, уый йыл арт бандзӕрста, ӕмӕ йын йӕ къалиутӕ асастой+. 17  Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, чи дӕ ныссагъта, уый+, йӕхӕдӕг загъта, бӕллӕхы хай кӕй бауыдзынӕ, Израилы адӕм+ ӕмӕ Иудӕйы адӕм цы фыдхъуыддаг арӕзтой, уый тыххӕй – Ваалӕн нывӕндты фӕздӕг кӕй уагътой, цӕмӕй мӕ ӕфхӕрой, уый тыххӕй»+. 18  Ӕмӕ мын Йегъовӕ йӕхӕдӕг уый фехъусын кодта, цӕмӕй йӕ зыдтаин. Уыцы рӕстӕг мын ды фенын кодтай сӕ хъуыддӕгтӕ+. 19  Ӕз уыдтӕн, ӕргӕвдынмӕ кӕй ӕрбакодтой, ахӕм къухахуыр уӕрыччы хуызӕн+, ӕз ӕй нӕ зыдтон, мӕ ныхмӕ ахӕм фыдвӕндтӕ кӕй кӕнынц+: «Фесафӕм бӕлас йӕ дыргътимӕ, удӕгӕсты зӕххӕй йӕ бындзарӕй стонӕм+, цӕмӕй йын йӕ ном дӕр мачиуал ӕрхъуыды кӕна». 20  Фӕлӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ тӕрхон кӕны рӕстӕй+. Уый кӕсы уыргтӕм* ӕмӕ зӕрдӕмӕ+. Тӕхуды, ӕмӕ куы фенин, мӕ маст сӕ куыд исыс, уый, уымӕн ӕмӕ мӕ хъаст дӕумӕ фӕхӕццӕ кодтон+. 21  Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы Анафофы адӕмы тыххӕй+, марынмӕ дӕ чи хъавы, афтӕ дын чи дзуры, Йегъовӕйы номӕй ма дзур+, кӕннод дӕ ныммардзыстӕм, зӕгъгӕ, уыдоны тыххӕй,– 22  о, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: «Ныр сын ӕз сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзынӕн. Ӕрыгон лӕппутӕ фӕцагъды уыдзысты хъамайӕ+. Сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ ӕххормагӕй сыскъуыйдзысты+. 23  Ӕмӕ сӕ иу дӕр нал баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз Анафофы адӕмыл ӕруадздзынӕн бӕллӕх+, сӕ хъуыддӕгтӕм сын куы ’ркӕсон, уыцы аз»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «арфӕмбӕхст хъуыдытӕм».