Йереми 12:1—17

12  О Йегъовӕ, ды дӕ рӕстаг Хуыцау+. Мӕ хъаст дӕм куы фӕхӕссын ӕмӕ дӕ тӕрхӕтты тыххӕй дӕр куы фӕдзурын, уӕд ды фӕархайыс рӕстӕй. Фыдгӕнджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хорз цӕмӕн цӕуынц?+ Гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон иууылдӕр ӕнӕмӕт цард цӕмӕн кӕнынц?  Ды сӕ ныссагътай ӕмӕ уидӕгтӕ ауагътой. Уыдон рӕзынц ӕмӕ дыргъ дӕр хӕссынц. Дӕ кой се ’взагыл бӕргӕ ис, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕй* дард дӕ+.  Ды мӕ хорз зоныс, Йегъовӕ+. Ды мӕ уыныс, ды мын ныккастӕ мӕ зӕрдӕмӕ, федтай, демӕ ис ӕви нӕ+. Фӕхицӕн сӕ кӕн, фысты ӕргӕвдынмӕ куыд фӕхицӕн кӕнынц, афтӕ+, фӕхибар сӕ кӕн марӕн бонмӕ.  Кӕдмӕ хус кӕндзӕн зӕхх+, кӕдмӕ хус кӕндзысты быдырон зайӕгойтӕ?+ Чи йыл цӕры, уыдоны фыдхъуыддӕгты тыххӕй йыл сырдтӕй ӕмӕ мӕргътӕй иу дӕр нал баззад+. Уыцы адӕм дзурынц: «Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ зоны».  Адӕмимӕ згъоргӕйӕ фӕллайгӕ куы бакодтай, уӕд бӕхтимӕ дугъ кӕнынмӕ куыд хъавыс?+ Кӕд, сабыр кӕм у, уыцы зӕххыл ӕнӕмӕт дӕ+, уӕд, Иорданы былгӕрӕтты цы пыхсджын хъӕд ис, уым та куыд кӕндзынӕ?+  Суанг дыл дӕхи ӕфсымӕртӕ дӕр ӕмӕ дӕ фыды хӕдзаронтӕ дӕр цӕуынц гадзрахатӕй+. Уыдон дӕр дыл фӕстейӕ хъӕр кӕнынц. Ма сыл ӕууӕнд, кӕд дын хорз ныхӕстӕ кӕнынц, уӕддӕр+.  «Ӕз мӕ хӕдзарӕй ацыдтӕн+, мӕ бынтӕ ныууагътон+. Мӕ удӕн зынаргъ чи уыд, уый радтон йе знӕгты къухмӕ+.  Мӕ бынтӕ мын систы, хъӕды домбай куыд уа, афтӕ. Мӕныл дӕр богъ-богъ кӕнынц. Ӕмӕ сӕ ме сӕфт уый тыххӕй федтон+.  Мӕ бынтӕ+ мын сты хъулон-мулон тугдзых маргъы хуызӕн. Тугдзых мӕргътӕ сыл ӕрӕмбырд сты+. Рацӕут, ӕрӕмбырд ут, хъӕддаг сырдтӕ иууылдӕр! Иннӕты дӕр хӕрынмӕ ракӕнут+. 10  Фыййӕуттӕ+, бирӕ фыййӕуттӕ мын мӕ сӕнӕфсирдон фесӕфтой+, мӕ зӕххы хай мын сӕ къӕхты бын ныссӕстой+. Мӕ бӕллиццаг+ зӕххы хай мын фестын кодтой ӕдзӕрӕг быдыр, афтид бӕстӕ. 11  Фестади афтид бӕстӕ+, бынтондӕр бахус, мӕнӕ, афтидӕй лӕууы мӕ разы+. Ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр сафтид, уымӕн ӕмӕ иумӕ дӕр нымады ницы уыд+. 12  Ӕдзӕрӕг быдыры цы къахвӕндӕгтӕ ис, уыдонӕй алкӕцыйыл дӕр ӕрбацыдысты стигъджытӕ. Зӕххӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ адӕм Йегъовӕйы хъамайы амӕттаг кӕнынц+. Иуӕн дӕр сабыр цард нӕй. 13  Байтыдтой мӕнӕу, фӕлӕ ӕркарстой сындзытӕ+. Фыркуыстӕй сӕхи амардтой, фӕлӕ сын дзы ницы разындзӕн+. Уыдон сӕ тыллӕджы тыххӕй фӕхудинаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕм судзы Йегъовӕйы маст». 14  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Ме ’взӕр сыхӕгты се ’ппӕты дӕр+,– мӕ адӕм Израилӕн кӕй радтон, уыцы бынтӕм чи ’вналы, уыдоны+,– сӕ зӕххӕй бындзарӕй стондзынӕн+, Иудӕйы адӕмы та стондзынӕн се ’хсӕнӕй+. 15  Ӕмӕ сӕ бындзарӕй куы стонон, уӕд сӕм уый фӕстӕ ногӕй фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзынӕн+ ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн, алкӕй дӕр йӕ бынтӕм, алкӕй дӕр йӕ зӕхмӕ»+. 16  «Ӕмӕ уыцы адӕмтӕ дӕр мӕ адӕмы фӕндӕгтыл цӕуын куы сахуыр уой, мӕ номӕй куы сомы кӕной+, сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, зӕгъгӕ,– уыдон мын мӕ адӕмы Ваалы номӕй сомы кӕнын куыд сахуыр кодтой, афтӕ+,– уӕд мӕ адӕмы ’хсӕн фӕрнӕй цӕрдзысты+. 17  Фӕлӕ уыцы адӕмтӕй искӕцы адӕм куы нӕ хъусой, уӕд сӕ бындзарӕй стондзынӕн, стондзынӕн сӕ ӕмӕ сӕ фесафдзынӕн»+,– зӕгъы Йегъовӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уыргтӕй», ома сӕ арфӕмбӕхст хъуыдытӕй ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй.