Йереми 13:1—27

13  Йегъовӕ мын загъта: «Ацу, дӕхицӕн кӕттаг рон самал кӕн ӕмӕ йӕ дӕ астӕуыл бабӕтт. Ӕрмӕст ӕй хуылыдз ма ныккӕн».  Ӕз дӕр Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ рон самал кодтон ӕмӕ йӕ мӕ астӕуыл бабастон.  Уӕд та мын Йегъовӕ ногӕй загъта:  «Кӕй самал кодтай, дӕ астӕуыл чи ис, уыцы рон райс, Евфраты+ цурмӕ ацу ӕмӕ йӕ уым къӕдзӕхы скъуыды бамбӕхс».  Ӕз дӕр ацыдтӕн ӕмӕ йӕ Евфраты цур бамбӕхстон, Йегъовӕ мын куыд загъта, афтӕ.  Бирӕ бонтӕ куы рацыд, уӕд та мын Йегъовӕ загъта: «Сыст, ацу Евфраты цурмӕ ӕмӕ дын уым кӕй бамбӕхсын кодтон, уыцы рон райс».  Гъемӕ ӕз дӕр Евфраты цурмӕ ацыдтӕн, рон кӕм бамбӕхстон, уым ракъахтон ӕмӕ йӕ систон. Ӕмӕ кӕсын, ӕмӕ рон бамбыди, ӕппындӕр ницӕмӕнуал бӕззыд.  Уӕд мын Йегъовӕ загъта:  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз афтӕ бамбийын кӕндзынӕн Иудӕйы сӕрбӕрзонддзинад+ ӕмӕ Иерусалимы стыр сӕрбӕрзонддзинад. 10  Ацы фыдадӕм дӕр,– мӕ ныхасмӕ мын чи нӕ хъусы+, йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ сын чи кувы, сӕ разы йӕ зонгуытыл чи ’рхауы, уыдон+,– суыдзысты раст ацы роны хуызӕн, уый куыд ницӕмӕнуал бӕззы, афтӕ“. 11  „Адӕймаджы астӕуыл рон куыд ӕнгом ӕлвӕст вӕййы, афтӕ ӕз дӕр мӕхимӕ ӕрбаввахс кодтон ӕппӕт Израилы адӕмы ӕмӕ ӕппӕт Иудӕйы адӕмы+,– зӕгъы Йегъовӕ,– цӕмӕй суыдаиккой мӕ адӕм+, мӕ намыс*+, мӕ кад ӕмӕ мӕ фидыц. Фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой“+. 12  Зӕгъ сын ацы ныхӕстӕ: „Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Алы стыр дурын дӕр байдзаг кӕнынц сӕнӕй“+. Уыдон та дын зӕгъдзысты: „Ӕмӕ йӕ мах нӕ зонӕм, алы стыр дурын дӕр сӕнӕй кӕй байдзаг кӕнынц, уый?“ 13  Уӕд-иу сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ацы зӕххы цӕрджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр, Давиды паддзахбадӕныл чи бады, уыцы паддзӕхтӕн+, стӕй сауджынтӕн, пехуымпартӕн ӕмӕ Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕн дардзынӕн сӕн, цалынмӕ не срасыг уой, уӕдмӕ+. 14  Ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл фӕхойдзынӕн, фыдӕлты ӕмӕ фыртты иумӕ+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн, нӕ сыл бацауӕрддзынӕн ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдисдзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн удӕгасӕй“+. 15  Байхъусут, уӕ хъус ӕрдарут. Хъал ма ут+, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕ дзуры+. 16  Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы скадджын кӕнут+, цалынмӕ бӕстӕ нӕ баталынг кодта+ ӕмӕ хӕхтыл талынджы уӕ къӕхтӕ къуырын нӕ райдыдтат, уӕдмӕ+. Сымах ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстут рухсмӕ+, уый та скӕндзӕн саудалынг+, бӕстӕ фестын кӕндзӕн, ӕппындӕр кӕм ницы зыны, ахӕм талынг+. 17  Куы нӕ байхъусат+, уӕд та уӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй мӕ уд сусӕг ран кӕудзӕн, йӕ цӕссыг калдзӕн. Мӕ цӕстытӕй мӕ цӕссыг кӕлдзӕн+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы дзуг+ акӕндзысты уацары. 18  Зӕгъ паддзахӕн ӕмӕ паддзахы мадӕн+: „Дӕлдӕр ӕрбадут+, уымӕн ӕмӕ уӕ рӕсугъд кадыхуд уӕ сӕртӕй ист ӕрцӕудзӕн“+. 19  Хуссайраг горӕттӕ сты ӕхгӕд, ӕмӕ сӕ чи бакӕна, уый нӕй. Иудӕйы адӕмы ӕгасӕй дӕр уацары акодтой, о, се ’ппӕты дӕр акодтой уацары+. 20  Дӕ сӕрыл-ма схӕц ӕмӕ акӕс, цӕгатӕй чи ’рбацӕуы, уыдонмӕ+. Кӕм ис, кӕй дын радтой, уыцы дзуг, дӕ диссаджы дзуг?+ 21  Дӕхиуыл кӕй сахуыр кодтай, рагӕй фӕстӕмӕ дӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕ чи уыдысты+, уыдон дӕм се ’ргом куы аздахой+, уӕд цымӕ цы зӕгъдзынӕ? Арӕг сылгоймагау нӕ тухитӕ кӕндзынӕ?+ 22  Ӕмӕ афтӕ куы зӕгъай+, мӕ сӕр адӕттӕ цӕмӕн баййӕфта, зӕгъгӕ+, уӕд ӕй зон, дӕ бирӕ фыдракӕндты тыххӕй дын кӕй схӕцыдысты дӕ фӕдджийыл+. Дӕ зӕвӕттыл дын нӕ бацауӕрстой. 23  Кӕд, Кушӕй*+ чи у, уымӕн йӕ бон у йӕ цармы хуыз фӕивын, науӕд фыранкӕн – йӕ тӕппытӕ+, уӕд сымахӕн дӕр уӕ бон у хорздзинад аразын – сымах ӕвзӕрдзинад аразын ахуыр стут+. 24  Ӕз уӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн+, ӕдзӕрӕг быдырӕй чи дымы, уыцы дымгӕ кӕй ахӕссы, ахӕм хъӕмпау+. 25  Уый у дӕ хай, кӕй дын рахицӕн кодтон, уыцы хай+,– зӕгъы Йегъовӕ,– уымӕн ӕмӕ мӕ ды ферох кодтай+ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дарыс мӕнгдзинадыл+. 26  Ӕз дын дӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитӕ дӕ цӕсгомыл сӕппардзынӕн ӕмӕ дын фендзысты дӕ худинаг+, 27  куыд хӕтыдтӕ+ ӕмӕ бӕхау куыд мыр-мыр кодтай+, уый, фендзысты дын дӕ хӕлд митӕ ӕмӕ дӕ хӕтындзинад. Ӕз федтон, быдыры къуыбыртыл цы ӕлгъаг митӕ кодтай, уый+. Додой дӕ къона, Иерусалим! Кӕдмӕ+ уыдзынӕ афтӕ чъизи?»+

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ном».
Кӕнӕ Ефиопийӕ.