Йереми 14:1—22

14  Мӕнӕ цы загъта Йегъовӕ Йеремийӕн хус рӕстӕджыты тыххӕй+.  Иудӕ хъыг кӕны+, йӕ кулдуӕрттӕ ныппырх сты+. Зӕххыл афӕлдӕхтысты+ ӕмӕ Иерусалимы хъӕр уӕларвмӕ хӕццӕ кӕны+.  Сӕ кадджынтӕ сӕ лӕггадгӕнджыты донмӕ арвыстой+. Уыдон ацыдысты доны дзыхъхъытӕм, фӕлӕ дзы дон не ссардтой+, ӕмӕ фӕстӕмӕ афтид дурынтимӕ ӕрбаздӕхтысты. Уыдон фӕхудинаг сты+, фӕфыдӕнхъӕл сты ӕмӕ сӕ сӕртӕ бамбӕрзтой+.  Къӕвда кӕй нӕ уарыд, уый тыххӕй зӕхх аскъуыдтӕ+, ӕмӕ зӕхкусджытӕ фӕхудинаг сты ӕмӕ сӕ сӕртӕ бамбӕрзтой+.  Саг быдыры ныззад, фӕлӕ йӕ лӕппыны ныууагъта, уымӕн ӕмӕ дзы цъӕх кӕрдӕг нӕ уыд.  Зебрӕтӕ+ лӕууынц лӕгуын къуыбыртыл ӕмӕ хъӕддаг куыйтау дымгӕ зыдулӕфт кӕнынц. Кӕрдӕг дзы кӕй нӕй, уый тыххӕй ма сӕ цӕстытӕй тыххӕй кӕсынц+.  О Йегъовӕ, кӕд нӕ фыдракӕндтӕ нӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууынц, уӕддӕр архай дӕ номы тыххӕй+. Нӕ гадзрахат хъуыддӕгтӕ сбирӕ сты+. Мах дӕ разы ракодтам тӕригъӕд+.  О Израилы ныфс+, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг+ зын сахат+! Цӕмӕн сдӕ ацы зӕххыл ӕрцӕуӕггаджы хуызӕн, бахсӕвиуат кӕнынмӕ чи ’рлӕууыд, ахӕм фӕндаггон лӕджы хуызӕн?+  Адӕймаг арвы цӕфау куыд фӕуа, афтӕ цӕмӕн фӕдӕ, цӕмӕн лӕууыс, йӕ бон фервӕзын кӕнын кӕмӕн нӕу, ахӕм тыхджын лӕгау?+ Фӕлӕ ды уӕддӕр не ’хсӕн дӕ+, о Йегъовӕ, ӕмӕ дын мах хӕссӕм дӕ ном+. Ма нӕ ныууадз. 10  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ ацы адӕмы тыххӕй: «Уыдон уарзынц дзӕгъӕл рацу-бацу кӕнын+, сӕ къӕхтӕ нӕ уромынц+. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ рухс кӕны+. Ныр сын сӕ фыдракӕндтӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕм йе ’ргом аздахдзӕн»+. 11  Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: «Ацы адӕмы тыххӕй ма кув, хорзӕй сын мацы кур+. 12  Ком куы фӕдарынц, уӕд сын ӕз сӕ лӕгъстӕтӕ нӕ фехъусын+. Судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ хоры кувинӕгтӕ куы ’рхӕссынц, уӕд мын ӕхсызгон нӕ вӕййынц+. Ӕз сӕ фесафдзынӕн хъамайӕ, ӕххормагдзинадӕй ӕмӕ фыднизӕй»+. 13  Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Пехуымпартӕ та сын афтӕ дзурынц: „Хъамайы азар уӕ нӕ баййафдзӕн ӕмӕ уыл ӕххормаг заман дӕр не скӕндзӕн. Ӕз* уын ацы бынаты ратдзынӕн ӕцӕг фарн*“»+. 14  Йегъовӕ та мын загъта: «Пехуымпартӕ мӕ номӕй кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ+. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ сын ницы загътон+. Уыдон уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, сӕ кӕлӕнты фӕрцы цы базонынц, уыдӕттӕ, афтид ныхӕстӕ+ ӕмӕ сӕ хинӕйдзаг зӕрдӕйы фӕндтӕ, цыма пехуымпар-ныхӕстӕ сты, афтӕ+. 15  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Мӕ номӕй чи дзуры, фӕлӕ ӕз кӕй нӕ арвыстон, афтӕ чи дзуры, ацы зӕхх хъамайы азар дӕр нӕ баййафдзӕн ӕмӕ йыл ӕххормаг заман дӕр не скӕндзӕн, зӕгъгӕ, уыцы пехуымпартӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты хъамайӕ, амӕлдзысты ӕххормагӕй+. 16  Ӕмӕ, пехуымпариуӕг кӕмӕн кӕнынц, уыцы адӕмы дӕр баййафдзӕн ӕххормагдзинад ӕмӕ хъамайы азар ӕмӕ сӕ мӕрдтӕ ӕппӕрст уыдзысты Иерусалимы уынгты. Ӕмӕ сӕ чи баныгӕна, уый нӕ уыдзӕн – сӕхи дӕр, сӕ устыты дӕр, сӕ фыртты дӕр ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр+. Сӕ бӕллӕхы хай сӕ бакӕндзынӕн“+. 17  Зӕгъ сын мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: „Уадз ӕмӕ мӕ цӕстытӕй цӕссыг фемӕхса, мӕ цӕссыг ӕнӕрлӕугӕйӕ кӕла ӕхсӕвӕй-бонӕй+. Мӕ адӕмы чызгыл стыр бӕллӕх ӕрцыд+, стыр, уӕззау цӕф ыл сӕмбӕлд, бабын и+. 18  Быдырмӕ рацӕуын – ӕмӕ дзы, хъамайӕ чи фӕмард, уыдон!+ Горӕтмӕ бацӕуын – ӕмӕ дзы низтӕ ӕххормагдзинады аххосӕй!+ Пехуымпар дӕр ӕмӕ сауджын дӕр ацыдысты, кӕй нӕ зыдтой, уыцы зӕхмӕ“»+. 19  Ау, Иудӕйыл дӕ къух бынтондӕр систай+, Сион дӕ удӕн бынтондӕр фенад?+ Цӕмӕн нӕ ӕрцавтай, сдзӕбӕхгӕнӕн нын куы нал ис?+ Ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм сабырдзинадмӕ, фӕлӕ – хорзӕй ницы. Ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, кӕд сдзӕбӕх уыдзыстӕм, уыцы рӕстӕгмӕ, фӕлӕ – ӕрмӕст ӕвирхъау хабӕрттӕ!+ 20  О Йегъовӕ, мах сӕттӕм нӕ фыдхъуыддӕгтыл, нӕ фыдӕлты фыдракӕндтыл+, уымӕн ӕмӕ дӕ разы ракодтам тӕригъӕд+. 21  Дӕ номы хатырӕй ныл дӕ къух ма ауигъ+, дӕ кадджын паддзахбадӕныл дӕ къух ма сис+. Ӕрхъуыды-ма кӕн, немӕ цы бадзырд скодтай, уый, ӕмӕ йӕ ма фехал+. 22  Адӕмтӕн сӕ ницӕйаг хуыцӕутты ’хсӕн+ ахӕм ис, къӕвда чи ныууарын кӕна, науӕд арвӕн йӕхи бон у, ӕмӕ тӕрккъӕвда рауадза?+ О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, уыдӕттӕ ды нӕ аразыс?+ Дӕуыл дарӕм нӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ ды аразыс ӕппӕт уыдӕттӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Ома Хуыцау.
Кӕнӕ «сабырдзинад».