Йереми 17:1—27

17  «Иудӕйы тӕригъӕд фыст у ӕфсӕйнаг сартӕй+. Алмаси фыссӕнгарзӕй фыст у сӕ зӕрдӕтыл+ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕнты сыкъатыл+.  Суанг ма сӕ фырттӕн дӕр сӕ хъуыдытӕ сты сӕ нывондхӕссӕнтыл ӕмӕ сӕ кувӕн цӕджындзтыл, пӕлӕхсар бӕлӕсты раз, бӕрзонд къуыбыртыл+  ӕмӕ, быдырты хӕхтыл чи ис, уыдоныл. Дӕ зӕххыл алы ран дӕр тӕригъӕдтӕ кӕй арӕзтай, уый тыххӕй дын дӕ исбон, дӕ хӕзнатӕ иууылдӕр, фӕхӕссын кӕндзынӕн+ – дӕ кувӕн бынӕттӕ дын ныппырх кӕнын кӕндзынӕн+.  Дӕхи бафӕндыд афтӕ, цӕмӕй дӕ бынтӕй, кӕй дын радтон, уыдонӕй, ӕнӕхай фӕуай+. Ӕз дын афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ, кӕй нӕ зоныс, уыцы зӕххыл де знӕгтӕн лӕггад кӕндзынӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах мӕ мастӕй артау ссыгъдыстут+. Ӕмӕ уыцы арт судздзӕн ӕнустӕм».  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Ӕлгъыст у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ зӕххон адӕймагыл чи дары+, йӕ ныфс адӕймаджы цонджы хъару кӕмӕн у+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйӕ кӕмӕн аздӕхт+.  Уый уыдзӕн ӕдзӕрӕг быдыры бӕласау иунӕг ӕмӕ хорзӕй исты куы ’рцӕуа, уӕд ӕй нӕ фендзӕн+. Уый цӕрдзӕн ӕдзӕрӕг быдыры, хурсыгъд бынӕтты, цӕрӕг кӕм нӕй, уыцы цӕхджын зӕххы+.  Арфӕгонд у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, ныфсджын Йегъовӕйӕ чи у+.  Уыцы адӕймаг уыдзӕн доны был сагъд бӕласы хуызӕн, йӕ уидӕгтӕ цӕугӕдонмӕ чи ауагъта, ахӕм бӕласы хуызӕн. Тӕвд ӕм нымады дӕр нӕ уыдзӕн ӕмӕ сыфтӕрӕй нӕ зындзӕн+. Хус аз куы скӕна+, уӕд не стыхсдзӕн ӕмӕ дарддӕр дӕр дыргъ дӕтдзӕн.  Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис+. Чи йын цы базондзӕн? 10  Ӕз, Йегъовӕ, сгарын зӕрдӕ+, кӕсын уыргтӕм*+, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр раттон, йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ+, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын цы ’мбӕлы, уый+. 11  Хуыргарк, кӕй нӕ ӕрӕфтыдта, уыцы ӕйчытыл куыд фӕбады, афтӕ у, йӕхицӕн хӕрамӕй хъӕздыгдзинӕдтӕ чи ’мбырд кӕны, уыцы адӕймаг+. Йӕ царды ӕмбисыл сӕ ныууадздзӕн+ ӕмӕ ӕппынфӕстаг рабӕрӕг уыдзӕн йе ’нӕзонддзинад»+. 12  Кадджын паддзахбадӕн райдианӕй фӕстӕмӕ у бӕрзонд+. Уый у нӕ кувӕндон+. 13  О Йегъовӕ, Израилы ныфс+, дӕуӕй чи ацӕуы, уыдон иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты+. Дӕу* чи ныууадзы+, уыдоны нӕмттӕ фыст ӕрцӕудзысты сыджытыл, уымӕн ӕмӕ уыдон ацыдысты царддӕттӕг доны суадонӕй, Йегъовӕйӕ+. 14  О Йегъовӕ, сдзӕбӕх мӕ кӕн, ӕмӕ сдзӕбӕх уыдзынӕн+. Фервӕзын мӕ кӕн, ӕмӕ фервӕздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз кадджын кӕнын дӕу+. 15  Афтӕтӕ мын дзурынц: «Цӕй, кӕм ис Йегъовӕйы ныхас+, цӕуылнӕ ӕххӕст кӕны?» 16  Фӕлӕ ӕз дӕуӕй нӕ лыгътӕн, уыдтӕн фыййау ӕмӕ цыдтӕн дӕ фӕдыл. Ӕмӕ фыдбонмӕ ӕппындӕр нӕ бӕллыдтӕн. Ды зоныс, ме ’взаг цы дзуры, уый, мӕ ныхӕстӕ дӕ разы дзырдтон. 17  Курын дӕ, тас мӕ ма уадз+. Бӕллӕхы бон ды дӕ ме ’мбӕхсӕн+. 18  Мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕхудинаг уӕнт+, ӕз та уадз ӕмӕ ма фӕхудинаг уон+. Уадз ӕмӕ уыдоны тас бацӕуӕд, мӕн та тас ма бацӕуӕд. Бӕллӕхы бон сыл акӕнын кӕн+ ӕмӕ сӕ дыууӕ хатты ӕрцӕв+. 19  Йегъовӕ мын загъта: «Ацу ӕмӕ слӕуу сӕйраг кулдуары* раз, Иудӕйы паддзӕхтӕ мидӕмӕ кӕуыл бахизынц ӕмӕ ӕддӕмӕ кӕуыл рахизынц, уыцы кулдуары раз, стӕй Иерусалимы ӕппӕт кулдуӕртты раз+. 20  Ӕмӕ сын зӕгъ: „Иудӕйы паддзӕхтӕ, ӕппӕт Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр, ацы кулдуӕрттыл мидӕмӕ чи бахизы, уыдон, байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ+. 21  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Уӕ удтӕ хъахъхъӕнут+ ӕмӕ уӕм, Иерусалимы кулдуӕрттӕй бахӕссын кӕй хъӕуы, ахӕм хӕссинаг куы уа, уӕд ӕй сабатбон ма бахӕссут+. 22  Сабатбон уӕ хӕдзӕрттӕй мацы хӕссинӕгтӕ хӕссут ӕмӕ мацы кусут+. Сабатбон уын уӕд табуйаг, уӕ фыдӕлтӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхстон, афтӕ+. 23  Фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, сӕ хъус дӕр нӕ дардтой+ – схивӕнд сты*+, цӕмӕй ма хъуыстаиккой ӕмӕ сӕм зондамынд ма хъардтаид“+. 24  „Алы хъуыддаджы дӕр мӕм куы хъусат+,– зӕгъы Йегъовӕ,– сабатбон горӕты кулдуӕрттыл мидӕмӕ хӕссинӕгтӕ куы нӕ хӕссат+, сабатбон куы ницы кусат ӕмӕ уын афтӕмӕй табуйаг куы уа+, 25  уӕд ацы горӕты кулдуӕрттӕй мидӕмӕ цӕудзысты кънйӕзтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ+, Давиды паддзахбадӕныл чи бады+, бӕхуӕрдӕттыл ӕмӕ бӕхтыл чи цӕуы, уыдон,– паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ кънйӕзтӕ,– Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ. Ӕмӕ ацы горӕты ӕнустӕм дӕр цӕрдзӕн адӕм. 26  Ӕмӕ Иудӕйы горӕттӕй, Иерусалимы алыварс зӕххытӕй, Вениамины зӕххӕй+, быдырӕй+, хӕхбӕстӕй+ ӕмӕ Негевӕй+ адӕм цӕудзысты ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ+ хӕсдзысты судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ+, хоры кувинӕгтӕ+, буд+ ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ. 27  Фӕлӕ мӕм куы нӕ хъусат ӕмӕ уын сабатбон табуйаг куы нӕ уа ӕмӕ хӕссинӕгтӕ куы хӕссат+, сабатбон Иерусалимы кулдуӕрттыл мидӕмӕ уӕ хӕссинӕгтимӕ куы цӕуат, уӕд ын йӕ кулдуӕртты бандзардзынӕн арт+, ӕмӕ уый аныхъуырдзӕн Иерусалимы цӕрӕн мӕсгуытӕ+. Уыцы арт нӕ ахуысдзӕн“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «арфӕмбӕхст хъуыдытӕм».
Комк. «Мӕн», ӕвӕц., амоны Йегъовӕмӕ.
Комк. «адӕмы фыртты кулдуары».
Комк. «сӕ бӕрзӕй ныхъхъӕбӕр кодтой».